Ацы аз 3 марты криминалон милицийы тагъд фердæхты къордыл (ОМСН) сæххæст 20 азы. Спецкъорды рæнхъон сконды цытджын ралæудмæ фæуазæг сты Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Гæззаты Валерийы сæргълæудæй, хицауады уæнгтæ, республикæйы тыхон структурæты минæвæрттæ милицийы ветерантæ.

Ведомствойы сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ загъта спецкъорды кусджытæн йæхи æмæ бæстæйы президент Гаглойты Аланы номæй. Банысан кодта, зæгъгæ ацы дæлхайæн ис егъау ахадындзинад фыдгæнджыты ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы.

Раарфæ сын кодтой

«Мидхъуыддæгты министрады стыр аргъ кæнынц ацы спецкъорды архайдæн, зындгонд нын у уе нтыстджын куыст дæр. Нæ нæ сты рох уæ хъæбатырдзинæдтæ æддагон знæгтимæ тохы рæстæджы, куыд 2004 азы, афтæ ма 2008 азы дæр. Кæд чысылнымæц къорд стут, уæддæр уе хсæн ис æртæ хъайтары, кæцытæ хорзæхджын сты «Уацамонгæ»-йы орденæй. Мах æппынæдзух нæ хъус дарæм спецкъорды проблемæтæм, иуварс сæ кæнæм, æмæ фидæны, нæ тыхтæ баиукæнгæйæ, ноджы нæ къухты фылдæр æнтыстытæ бафтдзæнис», – загъта Гæззаты Валери.

Ӕрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Юбилейы боны цытæн ма сын зæрдиаг арфæ ракодта сæ раздæры командир Тедеты Сослан.

«Уæ куысты спецификæимæ бæстон зонгæ кæй дæн, уый тыххæй уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй кæддæриддæр уæ куыстмæ æмæ уæ бинонтæм здæхат æнæнизæй æмæ æнæмастæй. Ӕмæ уе хсæн цы æфсымæрдзинад ис, уый та азæй-азмæ тыхджындæр кæнæд», – загъта йæ арфæйы ныхæсты Тедеты Сослан.

Сæ службæйон хæстæ иттæг хорз кæй æххæст кæнынц æмæ ма спецкъорды сырæзтæй 20 азы кæй рацыд, уый тыххæй цалдæр кусæджы хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.

Кæронбæттæны ОМСН-ы кусджытæ инсценировкæйы хуызы равдыстой эпизодтæ – æхсæнгарзимæ цырд архайынæй, гæрзифтонг фыдгæнджыты æрцахсыны операци æмæ ма æндæртæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.