РХИ-йы Парламенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володин æмæ УФ Федералон Æмбырды Федерацийы Советы сæрдар Валентина Матвиенкойы номæй Хуссар Ирыстоны VIII сæвзæрст Парламенты  Сæрдар Мæргъиты Аланмæ арфæйы фыстæджытæ радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Вячеслав Володин  йæ фыстæджы банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæ дарддæр кæндзысты  конструктивон æмархайд хуссарирыстойнаг коллегæтимæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидар кæныны нысанæн.

Валентина Матвиенко та йæ арфæйы фыстæджы банысан кодта, зæгъгæ,  Уæрæсейы Федерацийы сенатортæ стыр нысаниуæг дæттынц æхсæнпарламентон æмархайды конструктивон рæзтæн. Уымæн æмæ уый у дыууæварсон æмкуысткæнынады сæйраг бындур.

«Ныфс мæ ис дæ сæвзæрстæй закъондæтджыты диалог дарддæр дæр динамиконæй уæрæх кæндзæн  кæрæдзийыл æууæндын æмæ аргъ кæныныл æнцой кæнгæйæ», – дзырдæуы  арфæйы фыстæджы.

Мæргъиты Алан бузныг загъта  Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы æмæ Федерацийы Советы къухдариуæггæнджытæн æмæ банысан кодта  Уæрæсейы Федерациимæ стратегион партнердзинады æнæфæивгæ курс, куыд Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы бындурæвæрæг концепци, афтæ, уыцы нымæцы парламенты хаххыл дæр.

«Бузныг стæм уæрæсейаг парламентаритæй, Валентина Матвиенкойæ, Вячеслав Володинæй, нæ республикæмæ сæ æдзухон хъусдарды, парламентаризмы рæзты фарс хæцыны  тыххæй. Ныфс мæ ис, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советимæ къухтæ цы документтыл æрфыстæуыд, уыдон фæлгæтты хæларадон бастдзинæдтæ æмæ конструктивон æмкуысткæнынад рауæрæх кæнынæй», – загъта Мæргъиты Алан.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.