Горæт Сочийы 23 апрелæй 29 апрелмæ уагъд цыдысты Æвзонг æмфыдыбæстæйонты дыккаг дунеон хъæзтытæ. Хайад дзы истой 46 бæстæйы минæвæрттæ, уыдоны нымæцы — Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ дæр. Хъæзтыты организатортæ уыдысты парти «Иугонд Уæрæсе», Россотрудничество, Спорты министрад, Ахуырад æмæ зонады министрад, Уæрæсейы культурæйы министрад æмæ Спорты æппæтуæрæсейаг скъолайон федераци.

Æвзонг æмфыдыбæстæйонты дунеон хъæзтытæ сты фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты сывæллæтты æхсæн дунеон спортивон ерыстæ. Уыдон уагъд цæуынц дунеон спортивон æмæ гуманитарон бастдзинæдтæ сфидар кæныны, алы бæстæты сывæллæтты ’хсæн хæлардзинады æмæ рæзгæ фæлтæры хъусдард физикон культурæ æмæ спортмæ аздахыны тыххæй. Профессионалон спортсментæ ацы хъæзтыты хайад нæ исынц. Ацы аз хъæзтытæ уагъд æрцыдысты Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады сырæзты 25 азы юбилейы цытæн.

Программæмæ хаст æрцыдысты ерыстæ баскетболæй, волейболæй, мини-футболæй, стъолы теннисæй, ленк кæнынæй, шахмæттæй. Сорганизаци ма кодтой уæлæмхас конкурстæ «Визитон карточкæ», «Диалогтæ уырыссаг æвзагыл».

Спортивон хайæ дарддæр ма æвзонг æмфыдыбæстæйонтæ хайад райстой уæрæх культурон программæйы, куыд экскурситы, афтæ зындгонд спортсментæ æмæ Фыды-бæстæйон хæсты ветерантимæ фембæлдтыты, изæрыгон-иу абадтысты «Хæларады арт»-ы алыварс, бабæрæг-иу кодтой олимпион объекты.

Æвзонг æмфыдыбæстæйонты дыккаг дунеон хъæзтыты сæхгæныны æмæ фæуæлахизуæвджыты схорзæх кæныны церемони уагъд æрцыд Сочийы 28 апрелы. Хуссар Ирыстоны командæ бацахста фыццаг бынат конкурсæй «Диалогтæ уырыссаг æвзагыл». Конкурсы хайадисджытæ райстой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ А. С. Пушкины номыл уырыссаг æвзаджы паддзахадон институтæй. Хорзæхтæ радтыны церемонийы хайад истой боксæй дунейы чемпион Николай Валуев, æртæ хатты олимпион чемпионкæ къахдзоныгътыл фигурон бырынæй, легендарон Ирина Роднина æмæ æртæ хатты Олимпион, фараст хатты дунеон чемпион грекъаг-римаг хъæбысхæстæй Александр Карелин. Уыдон ныхас кодтой мадзалы хайадисджытимæ, сдзуапп сын кодтой сæ фарстатæн æмæ сын сæ зæрдæ загъта æнтыстытæ спорты фæндагыл.

Сочийæ, хъæзтыты хайадисджыты æрыздæхыны фæстæ, 6 майы, Зонад æмæ культурæйы уæрæсейаг центры сывæллæттæ фембæлдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Россотрудничествойы минæварады къухдариуæггæнæг Михаил Степанов, Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонты организацийы уæнгтæ æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджытимæ. Фембæлды рæстæджы сывæллæттæ радзырдтой балцы тыххæй сæ тæлмæнтæ. Къорды къухдариуæггæнæг — 2-аг астæуккаг скъолайы директоры хæдивæг Ольга Михайлиди та банысан кодта, зæгъгæ, сывæллæттæ æрмæст спортивон æмæ интеллектуалон ерысты нæ равдыстой сæхи, фæлæ ма хайад райстой визитон карточкæты конкурсы. Уый равдыста ерысты æмæ экскурситы рæстæджы ист къамтæ æмæ видеороликтæ, бузныг загъта командæйы уæнгтæн, сæ зонындзинæдты æмæ интеллектуалон хъазт «Диалогтæ уырыссаг æвзагыл» 1-аг бынат кæй бацахстой, уый тыххæй. Бузныг ма загъта Зонад æмæ культурæйы уæрæсейаг центры уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Диана Свитковайæн, сывæллæтты хорз кæй бацæттæ кодта ацы конкурсмæ, уый тыххæй. Æвзонг хайадисджытимæ ма се ’нтыстытыл цин кодтой фембæлдмæ æрбацæуæг ныййарджытæ дæр. Уыдон бузныджы ныхæстæ дзырдтой организатортæн, тренертæн сæ сывæллæтты æнтыстыты тыххæй.

Йæ раныхасы Ольга Михайлиди стыр бузныг загъта Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады къухдариуæггæнæг Михаил Степановæн, ацы балц кæй сорганизаци кодта æмæ сывæллæттæн фадат кæй фæци дунеон хъæзтыты дыккаг хатт хайад райсынæн, уый тыххæй. Хъарм ныхæстæ ма загъдæуыд сывæллæтты номæй Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрикæн. Хицауады Сæрдары хæдивæг раарфæ кодта сывæллæттæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта дарддæры æнтыстытæ.

2017 азы та Сочийы уагъд цæудзысты Æвзонг æмфыдыбæстæйонты æртыккаг дунеон хъæзтытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хайад та дзы райсдзæн Хуссар Ирыстоны командæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.