РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Дзауы районы цæр-джыты базонгæ кодта районы администрацийы ног сæргълæууæг Магкоты Уырызмæ-гимæ.

Пухаты Эрик арфæйы ныхæстæ загъта районы ног сæргълæууæгæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, адæймаг цыфæнды бæрнон бынаты дæр ма куса, уæддæр алыхатт дæр хъуамæ цæсгомджынæй æххæст кæна йæ хæстæ.

«Арфæ дын кæнын, Уырызмæг Яковы фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы æнтыстытæ дæ ног бынаты», – загъта Пухаты Эрик.

Магкоты Уырызмæг дæр равдыста йæ бузныгдзинад республикæйы Президент æмæ Хицауадæн, се ‘ууæнк ыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй æмæ ныфс бавæрдта йæ дæлбар районы фæрныгадæн кæй кусдзæн, уымæй.

«Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Дзауы районы æмæ хорз зонгæ дæн йæ проб-лемæтимæ. Архайдзынæн, цæмæй уыцы проблемæтæ скъуыддзаг æрцæуой», – банысан кодта Магкоты Уырызмæг.

Хицауады Сæрдар æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Президенты Барамындимæ æмæ Магкоты Уырызмæгмæ радта районы цæрджыты фæндæттæ, кæцытæ æвзæрстыты агъоммæйы компанийы рæс-тæджы адресгонд уыдысты Бибылты Анатолимæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.