РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ бынатæй ссæрибар кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг  Магкоты Уырызмæджы.

Президент Магкоты Уырызмæгимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта районы рæзтмæ йæ хайбавæрд.

«Æз дын дæ куырдиат райстон, цыран ды курыс дæ бынатæй дæ ссæрибар кæнын. Æз стыр æмбарындзинадимæ райстон дæ куырдиат æмæ дын бузныг зæгъын дæ цæсгомджын куысты тыххæй, кæцы ды æххæст кодтай Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы бынаты. Бирæбæрцæй дæ руаджы бантыст Дзауы районы скъола-интернат кæронмæ саразын, сырæзт Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар, афтæ ма дæ фæрцы план цæуы спортзалы арæзтад. Дæ хайбавæрдæн æнæсаргъгæнгæ нæй», – загъта уый.

Йæ рады, Магкоты Уырызмæг бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, Хуссар Ирыстоны уæлдæр къухдариуæгад ыл се ‘ууæнк, кæй бафтыдтой, уый тыххæй, æмæ ныфс бавæрдта, дарддæр дæр кæй кусдзæн республикæйы хæрзиуæгæн.

Цæсгомджын паддзахадон службæйы тыххæй Бибылты Анатоли Дзауы районы администрацийы раздæры сæргълæууæджы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй.

Президент йæ къух æрфыста Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ Джиоты Андрейы снысан кæныны тыххæй Барамындыл.

Йемæ фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли загъта ахæм ныфс, йæ фæлтæрддзинад æмæ бæрндзинад ын кæй баххуыс кæндзысты йæ разылæууæг хæстыл фæтых уæвын.

«Мæн фæнды, цæмæй ацы бынат ахса бæрнон адæймаг, кæцы зоны районы проблемæтæ. Ды, Дзауы районы Паддзахадон æдасдзинады Комитеты хайады хистæр уæвгæйæ, зоныс æппæт проблемæтæ, дæ зонындзинæдтæ æмæ райсгæ фæлтæрддзинад та дын æххуыс кæндзысты дарддæр», – загъта уый.

Президент бацамыдта, цæмæй горæт Къуайсамæ здæхт цæуа сæрмагонд хъусдард, цыран арæзт цæуынц Инвестицион программæйы ахсджиаг объекттæ, афтæ ма, районы цы экономикон проекттæ æххæст цæуынц, уыдонмæ.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй проблемæтæ скъуыддзаг æрцæуой.

Джиоты Андрей Валентины фырт райгуырд 1979 азы Дзауы поселочы. Каст фæцис ХИПУ-йы юридикон факультет. 1997 азæй 2005 азмæ куыста РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады. 2005 азæй 2019 азмæ у РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусæг. Ис ын цардæмбал, хъомыл кæны æртæ сывæллоны.

 

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады

 пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.