РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй ацыд Хицауады радон рабадт, цыран уынаффæ цыд ахуыры азмæ цæттæгæнæн фарстытыл, ахуырад æмæ зонады, стæй мидхъуыддæгты министрад цы закъоны проекттæ бавдыстой, уыдоныл, организацион фарстытыл.

Æппæты стырдæр цымыдис равзæрын кодта æмæ дæргъвæтин рæстæджы уынаффæ цыд  «Фидгæ ахуырадон лæггæдтæ кæныны фæткойтæ сфидар кæныны тыххæй» Хицауады Уынаффæйы проектыл. Уый бавдыста Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Министр йæ доклады куыд банысан кодта, афтæмæй фæткойтыл куыст æрцыд РХИ-йы «Ахуырады тыххæй» Закъонмæ гæсгæ æмæ бæстон кæнынц фæлхасгæнæг æмæ æххæстгæнæджы æхсæн ахастытæ скъолайы агъоммæ æмæ иумæйаг ахуырады фадыджы фидгæ лæггæдтæ æххæст кæныны рæстæджы.

«Фидгæ ахуырадон лæггæдтæ æххæст кæныны æнæмæнг-хъæуындзинад сæвзæрд рæстджы æцæгдзинады, сæрмагондæй, цæрджытæм цы домæнтæ ис, афтæ ма ахуырадон уагдæтты архайды ахадындзинад æмæ гъæд фæхуыздæр кæныны домæн бæрзонддæр кæй кæны, уый фæстиуæгæн. Фæткойтæн сæ нысан у ахуырдзауты рæзынадæн хорз уавæртæ саразын, сабитимæ кусынмæ уæлæмхас специалисттæ æрбахонын, ныййарджытæн, кæм цæрынц, уым сæ социалон закъаз сæххæст кæнын», – бамбарын кодта йæ хъуыды Гасситы чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон ахуырадон уагдæттæ кæй æххæст кæнынц, уыцы фидгæ ахуырадон лæггæдтæм хауынц: уæлæмхас ахуырадон программæтæм гæсгæ ахуыр кæнын, сæрмагонд курсытæ æмæ дисциплинæты циклтæ рацæуын, репетиторад, предметтæ арфдæр ахуыр кæнын, паддзахады финаскæнынадæй фылдæр ахуыртæ æмæ æндæр лæггæдтæ.

Гасситы Натали дзуаппытæ радта ацы темæмæ хауæг фарстытæн. Æргъты политикæйыл дзырд куы цыд, уæд уый банысан кодта, зæгъгæ, фидгæ ахуыртæн аргъгонд цæудзæн, Министрады ныртæккæ цы нормативтæ ис, уыдонмæ гæсгæ.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, фидгæ ахуыртæ кæм ис, уым æнæмæнг хъæуы æмбæлон стуктурæты лæмбынæг хъусдард.

«Не ‘мбæстæгтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуаг кæнынц ахуырады уæлæмхас фадæттæй. Фæлæ махæн тынг ахсджиаг у ацы хъуыддаджы коррупцийы фарст, уымæн  æмæ коррупцийæн æнæуæвгæ нæй, цыфæнды коммерцион æмахастытæ куы фæзынынц, уæд, уæлдайдæр та паддзахадон уагдæттимæ», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Уынаффæ лыстæггай æруынаффæ кæныны фæстæ, райстæуыд хъæлæсты фылдæр хайæ.

Рабадты ма дзырд цыд  мидхъуыддæгты иумæйаг инофрмацион-координацион центры архайд сорганизаци кæныны фарстыл. Уый хъуамæ арæзт æрцæуа Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн 2016 азы 14 июлы райсгæ Сразыдзинады фæлгæтты.

Рабадты сæйрагдæр дзуринæгтæй ма иу уыд  1-æм сентябры Зонындзинæдты бон нысан кæныны фарст.

Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, сывæллæтты æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы ауадзæн нæй иунæг лыстæг фарст дæр, æмæ уымæ гæсгæ ноджыдæр æркæсын хъæуы цæттæгæнæн нывæзтмæ, цæмæй фидарæй зонæм, æппæт мадзæлттæ дæр ист кæй æрцыдысты.

 

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.