Бæрæг куыд у, афтæмæй 2016 азы 4-5 октябры ауагъдæуыд Женевæйы дискусситы радон раунд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл. Ацы дискусситы куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Уæрæсейы Федераци, Гуырдзыстон, АИШ, афтæ ма Евроцæдис, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ.  Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат.

Дискусситы куысты тыххæй журналисттæн радзырдта Женевæйаг дискусситы хайадисæг,  Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты архайæг, РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Санахъоты Давид, Sputnik-ы пресс-центры цы пресс-конференци ауагъта, уым.

Женевæйаг дискусситы ацы раунд уыд Гуырдзыстоны парламентон ‘взæрстыты хæдразмæ. Уый фæстиуæгæн, Санахъоты Давид куыд загъта, афтæмæй гуырдзиаг фарсæрдыгæй æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд æвæрццаг фæстиуджытæм.

Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй раразмæгонд æрцыдысты къорд фарстытæ, уыцы нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны документыл бакусын.

Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты политикон парти «Гуырдзиаг бæллиц» кæй фæуæ-лахиз, уый фæстиуæгæн гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг ахастыты цы фæивдзæн, уый тыххæй дæр Санахъойы фырт загъта йæ хъуыдытæ.

Уый куыд хъуыды кæны, афтæмæй Гуырдзыстоны политикон партитæй иуы дæр нæ фæнды Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл къухтæ æрфыссын.

«Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фæуæлахизуæвæг политикон партийы минæвæрттæ фæстаг рæстæджы дæргъы хайад исынц Женевæйаг дискусситы. Уыдонæн ныры онг дæр фадат уыд уыцы документыл къухтæ æрфыссынмæ сæ хайбавæрд бæхæссынæн. Фæлæ уыцы фарстмæ конструктивон ахаст мах нæ уынæм уыдон ‘рдыгæй. Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ нæ бандавдзысты ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл. Фæлæ уыцы иурæстæджы абоны бон Женевæйаг дискусситæ сты иунæг фæзуат, цыран бынат ис диалогæн,  уыцы фæзуатыл аскъуыд-дзаггæнæн ис проблемон фарстатæн.

Санахъоты Давид куыд радзырдта, афтæмæй æрæджы уыд Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты радон фембæлд. Ацы фембæлдты уынаффæ фæцæуы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæныл цы проблемæ сæвзæры, уыдоныл, афтæ ма арæнгæрон территоритыл цæрæг адæмы проблемæты фæдыл.

Санахъойы фырт лæмбынæг радзырдта  Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты архайды тыххæй. Уымæн æмæ, йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй арæнгæрон территорийыл чи цæры, уыдон арæх фембæлынц уыцы куысты фæстиуджытимæ.

«Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты куысты мах раразмæ кæнæм æрмæст паддзахадон арæныл æнæзакъонæй ахизыны фарстытæ нæ, фæлæ ма дзырд фæцæуы куыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты мулк, афтæ гуырдзиæгты мулчы тыххæй дæр.  Сæ фос иуæй-иу хатт рахизы арæныл æмæ йæ бахъæуы фæстæмæ сæ хицæуттæм аздахын. Афтæ ма арæх тыд æрцæуынц сыхаг паддзахады территорийы зæххытæ дæр.

«Паддзахадон арæн дырыс нысан цы территоритыл нæу, уыцы бынæтты арæнгæрон хъæуты цæрджытæ байтауынц æмæ йын йæ тыллæг æрæмбырд кæнынц, уымæй уыдон халынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон.  Уыцы цæрджытæ ацы цау æмбарын кæнынц, зæгъгæ, нæ зонынц, арæны хахх кæуылты цæуы, уый. Мах бахатыдыстæм гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн дырыс нысан цы бынæтты нæу, уыцы бынæтты сæвæрой информацион нысæнттæ, хъæууонхæдзарадон куыстыты ног сезон цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ», – загъта Санахъоты Давид.

Уый ма радзырдта паддзахадон арæн сæрмагонд зæххы фадгуытыл æмæ хæдзæрттыл кæй цæуы, уый тыххæй дæр, ома, ис ахæм цаутæ, æмæ хæдзар иу республикæйы территорийыл ис, йæ зæххы фадыг та – иннæ республикæйы территорийыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ,  ахæмтæ сты дæсгæйттæ. Сæ фылдæр ис Зардиаты хъæуы. Уыцы хъæуты тыххæй бакуыст æрцыд сæрмагонд график, кæцымæ гæсгæ арæны сæрты хизæн ис æрмæстдæр боныгон. Уыимæ иумæ ма хæдзары хицаумæ хъуамæ уа паспорт.

Ацы фарст дæр раразмæгонд æрцыд фæстаг фембæлды рæстæджы», – бамбарын кодта Санахъоты Давид.

Президенты уынаффæгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз бæрæг фæфылдæр сты паддзахадон арæныл хизыны фæтк халыны цаутæ гуырдзиаг тыхон структурæты минæвæртты ‘рдыгæй. «Уыцы цаутæ январæй абоны онг сты авд. Уыдоны тыххæй дæр фарст æрæвæрдтам Женевæйаг дискусситы», – загъта Санахъойы фырт.

«Женевæйаг дискусситы фарст æвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн Паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы тыххæй дæр, уымæн æмæ ацы фарст у сæйрагдæр фарстатæй иу. Уыцы фарст аскъуыддзаг кæнгæйæ, скъуыддзаг æрцæудзысты абоны бирæнымæц проблемæтæ. Абоны бон уыцы фарстыл куыст цæуы иувæрсыгонæй. Фæлæ ис ахæм проблемæтæ, кæцытыл хъуамæ кусит иумæйаг къамис. Фæлæ, хъыгагæн, абоны бон ууыл Гуырдзыстон нырма нæ разы кæны. Фæлæ мах дарддæр дæр кусдзыстæм, чизоны гуырдзиæгтæ  бамбарой ацы проекты реализацийы æнæ-мæнгхъæуынад», – банысан кодта Санахъоты Давид.

Механизмты куысты рæстæджы дзырд фæцæуы ууыл дæр æмæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны территоримæ æнæзакъонæй чи æрбахизы, уыдон Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ куы æрцахсынц, уæд сæ æркæнынц административон бæрндзинадмæ, бафидын сын кæнынц ивар. Уыцы цауты Гуырдзыстоны информацион фæрæзтæ равдисынц, куыд адæймаджы аскъæфын, адæймаджы бартæ халын.

«Механизмты куысты рæстæджы сын мах бамбарын кæнæм, уыцы хъуыддаг закъон æххæст кæнын кæй у. Уыцы закъон кусы æрмæст Хуссар Ирыстоны территорийыл нæ, фæлæ паддзахадон арæн цы бæстæты ‘хсæн ис, уыцы бæстæты территоритыл дæр», – бахахх кодта Президенты уынаф-фæгæнæг.

Пресс-конференцийы дзырд цыд æндæр фарстытыл дæр.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.