Абоны бон, Хуссар Ирыстонæн нысан æрцыд, зынгæ æмæ цытджын зæрдылдарæн бонæй – æртын цыппар азы æххæст кæны Республикæ расидыны боныл. 1990 азы 20-æм сентябры арæзт æрцыд историон къахдзæф, кæцы бындур æрæвæрдта Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинадæн. Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты сесси уæд цы Уынаффæтæ райста, уыдонмæ гæсгæ расидт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон саразын æмæ райст æрцыд Хуссар Ирыстоны суверенитеты Деклараци. Суверенон паддзахад нæ адæм кæй сарæзтой, уый уыд иунæг гæнæуæвæн фæрæз, цæмæй йæхи бахъахъхъæдтаид, Гуырдзыстоны æрдыгæй цы тыхбахаст тынгæй-тынгдæр кодта, уымæй, кæцы хъуыддаг кодта къахдзæфгай Хуссар Ирыстоны автономи ликвидаци кæнынмæ. 1980-æм азты кæрон Гуырдзыстоны хицауиуæгад чи байстой, уыцы радикалон националисттæн Хуссар Ирыстон уыд ныхдур сæ сепаратистон плæнттæ æххæст кæнынæн. Æмæ райтынг кодтой антиирон компани, кæцы рахызт этникон сыгъдæгкæнынадмæ æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ гарзджын агрессимæ.
Æрмæстдæр хи паддзахаддзинад саразыны руаджы æмæ хæдхъахъхъæнынады æмбæлон структурæтæ сорганизаци æмæ райтынг кæныны фæдыл афоныл райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн Хуссар Ирыстонæн йæ бон бацис знаджы тыхты уромын, цалынмæ нæм фæстагмæ Уæрæсе æххуысмæ не ‘рцыд, уæдмæ. Раздæр Уæрæсейы руаджы Гуырдзыстоны 1992 азы июны бахъуыд Сразыдзинадыл йæ къух æрфыссын, æхстытæ æруромын æмæ конфликт æрбæстон кæныны фæдыл мадзæлттыл.
Фæлæ Хуссар Ирыстон хæсты хъæдгæмттæ дæр нæма бадзæбæх кодта, цы ныппырхчындæуыд, уыдон нæма сæндидзын кодта, афтæмæй ног фæзынгæ гуырдзиаг фæтæг Саакашвили, Тбилисы паддзахадон фæфæлдæхт саразгæйæ, йæ æрдонгты ных сарæзта нæ бæстæмæ. Гуырдзыстоны алы ног режим дæр йе ‘фсæдты æрвыста, цæмæй нын нæ бæстæйы бацахстаиккой æмæ уымæй фылдæр кодтой сæ националистон амбициты амæттæгты, сæ фæстæ ног æмæ ног пырхæнтæ уадзгæйæ. Фæлæ-иу алы хатт дæр тбилисаг фæтæгты тынгдæр бауырныдта нæ адæмы удварны тых æмæ æнæфæтасгæ фæндвидардзинад. Мах та тынгæй-тынгдæр уырныдта, цы равзæрст сарæзтам, уый растдзинад, кæцы нæ бахызта физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæй æмæ сæ фыдæлты зæххæй Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты фæсурынæй.
Цытджын хæлæрттæ!
Æппæт уыцы азты къахдзæф-къахдзæфы фæстæ аразгæйæ, Хуссар Ирыстон фидар кодта йæ паддзахаддзинад, кæцы арæзт æрцыд адæмы фæндонæй æмæ адæмæн. Уыцы паддзахаддзинад, кæцыйы нысан у нæ бæстæйы алы æмбæстагæн дæр æдас, сæрибар æмæ аккаг цард сифтонг кæнынæн уавæртæ саразын. Уымæй нæ адæм сбæрæг кодтой хæдуагæвæрды тыххæй сæ бар, æндæр адæмты ‘хсæн сæ æмбар бынат, сæ паддзахадон суверенитет æмæ йæ банымады бар.
Хуссар Ирыстоны бахъуыд знаджы ныхмæ уæззау тохы хæдуагæвæрды æнæбайсгæ бар бахъахъхъæнын, кæцы фæлвæрдта йæ паддзахиуæгад тыхæй хъарын æмæ нæ адæмы нæ фыдæлты зæххæй фæсурын. Хуссар Ирыстоны абон дæр бахъæуы æддагон тыхты ныхмæ фæлæууын, кæцытæ мæнгардæй æмæ мæнг ныхæстæй фæлварынц нæ уæлахизы нысаниуæг æрныллæг кæныныл.
Нæ республикæйы рацæугæ фæндаджы тыххæй нæ историон мысынадмæ не ‘ргом здахгæйæ, мах иумæ сæрыстырæй æнкъарæм уæззау зиæнтты рыст дæр, кæцытæ æрцыдысты нæ адæмыл уыцы азты. Ацы цытджын историон боны мах иууылдæр нæ æвæджиаг хæсыл нымайæм, абоны цины бон немæ барджынæй чи хъуамæ дих кодтаиккой, фæлæ не ‘хсæн чи нал сты, уыдоны рухс нæмттæ мысын.

Æнусон мысынад Ирыстоны хъæбатыр хæс­тонтæн, кæцытæ сæ цард радтой сæ бæстæйы хъахъхъæнгæйæ.
Æнусон мысынад уæрæсейаг салдаттæ æмæ афицертæн, кæцытæ фæмард сты Хуссар Ирыс­тоны се ‘мбæстæгты ирвæзын кæнгæйæ. Æну­сон мысынад Хуссар Ирыстоны сабыр цæр­джытæн, æппæт уыдонæн, кæцытæн сæ цард фескъуыдтой знаджы бомбæтæ æмæ снаряд­тæ.
Æнусон мысынад æппæт уыдонæн, кæцытæ сæ бавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны саразыны хъуыддагмæ нæ адæмы интерестæ чи хъахъ­хъæдтой, республикæйы хæрзиуæгæн чи фæл­лой кодтой, фæлæ абоны бонмæ чи нæ фæцар­дысты.
Иу минут æмыр алæугæйæ сын ссарæм сæ ру­хс нæмттæ.

***

Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Сæрибардзинады сæрыл тохы æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад фидар кæныны хъайтарон азты дæргъы нæ адæм равдыстой иттæг стыр æхсардзинад, удвидардзинад, æнæ­фæтасгæ фæндвидардзинад æмæ, хи цардыл нæ ауæрдгæйæ, сбæлвырдгонд нысанмæ цæ­уын­мæ цæттæдзинад.
Сæрибардзинады æмæ республикæйы хæр­зи­уæгæн чи тох кодта, чи фæллой кодта, гъе та уы­цы азты Хуссар Ирыстоны чи цард, æппæт тас­дзинæдтæ, зындзинæдтæ, хъизæмæрттæ чи æв­зæрста, уыдон иууылдæр аккаг сты, цæмæй республикæйы раз сæ лæггæдтæ нымад цæуой. Сымахæн уæ бон у сæрыстыр уат стыр æмæ историон хъуыддæгты хайадисæг кæй уыдыстут, уымæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны чи арæзта, чи йæ фидар кодта æмæ йæ хъахъ­хъæд­та, уыдон иууылдæр бацыдысты нæ адæ­мы историмæ, куыд легендарон æмæ хъайтарон фæл­тæр, афтæ.
Уыимæ зонæм, махæн тынг зын кæй уыдаид æнæ хæлæртты æххуысæй. Фыццаджыдæр уый банкъардтам Уæрæсейы Федерацийæ, кæцы бирæ азты дæргъы хæцы не ‘вварс æмæ нын кæны, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм æххуыс. Уый нæм æххуысмæ æрцыд, мæлæт­дзаг тасдзинады рæстæджы, Хуссар Ирыстонæн цард æмæ мæлæты фарст скъуыддзаг куы цыдис, уæд. Æмæ хæсты фæстæ дæр бæс­тæ сæндидзын кæнынæн æнæ Уæрæсейы мас­ш­табон æххуысæй бахъуыдаиккой бирæ дæс­гай азтæ. Мах ног æмæ ногæй дзурæм «Бузныг, Уæрæсе» æмæ фидарæй æнкъарæм, Уæрæсе кæй никуы æрфæсмон кæндзæнис, Хуссар Ирыстонæн æххуысмæ кæй æрцыдис, уымæй.
Зынаргъ хæлæрттæ!
Мах нæ разы уынæм масштабон хæстæ. Махæн нæ фæнд у республикæйы экономикон уавæр серьезонæй фæхуыздæр кæнын, къорд проекты среализаци кæнын, кæцытæ здæхт уыдзысты экономикæйы реалон секторы рæзт­мæ, цæмæй фылдæр кæной куысты бынæттæ, цæмæй хи фæрæзтæй паддзахадон бюджетмæ æфтиæгтæ фылдæр кæной æмæ æмбæстæгты фæрныгад бæрзонддæр кæна. Республикæ дарддæр дæр тырндзæн дунеон ахастыты йæ по­зи­цитæ фидардæр кæнынмæ, Хуссар Ирыстоны чи банымадта, уыдонмæ ахастытæ рæзын кæн­гæ­йæ æмæ ног хæлæрттæ ссаргæйæ. Дарддæр агур­дзыстæм нæ паддзахаддзинад хуыздæр кæ­ныны фæндæгтæ, цæмæй, куыд гæнæн ис, аф­тæ хуыздæр хынцæм республикæйы æппæт æм­бæстæгты интерестæ.
Бирæ хъæуы кусын, фæлæ сæ мах бæсты ничи бакусдзæн. Мах зындзинæдтæй нæ тæр­сæм. Хуссар Ирыстон цытæ бавзæрста, йæ адæм цы зындзинæдты сæрты ахызтысты æмæ сæ къухты цы бафтыд, уыдоны фæстæ махæн нæй, кæй нæ аиуварс кæнæм, ахæм ныхдуртæ.
Мах хорз æмбарæм нæ бæстæйы перспективæтæ, мах зонæм, цахæм сты нæ нысæнттæ æмæ хæстæ, зонæм, цы æмæ куыд аразын хъæ­уы. Мах иууылдæр хъуыды кæнæм нæ рагон лозунг «Дидин æфтау, мæ Ирыстон», зæгъгæ. Ацы лозунгы махæн нæ бон бауыдзæн царды сæххæст кæнын.
Цытджын æмбæстæгтæ! Республикæйы цыт­джын уазджытæ!
Кад Хуссар Ирыстоны æхсарджын адæ­мæн!
Уадз, фидардæр кæнæд нæ цæдис Стыр Уæрæсеимæ!
Æгас цæуæд Республикæ Хуссар Ирыстон!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.