РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Цхинвалы сабиты дыккаг цæхæрадон «Золотой ключик». Бæстæйы сæргълæууæгимæ ма уыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан.

Президент йæ балцы рæстæджы лæмбынæг базонгæ скъолайы агъоммæйы уагдоны проблемæтимæ, агъуысты мидæггаг хай, афтæ ма йын йæ алфæмблайы территоримæ лæмбынæг æркæсгæйæ.

Сабиты цæхæрадоны сæргълæууæг Битеты Фатимæ банысан кодта, уагдоны коллектив цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдон. Сæйраджыдæр та сын æмбырдгæнæн зал кæй нæй алыгъуызон мадзæлттæ уадзынæн, уый.

«Мах фæндон хæссæм, цæмæй арæзт æрцæуа уæлæмхас агъуыст æмбырдгæнæн залæн. Мах ын нæхæдæг сарæзтам хуызæнон проект, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уымæ хъуамæ æркæсой æмæ йыл бæстон бакусой специалисттæ», – загъта Битеты Фатимæ.

Бибылты Анатоли базонгæ æрбавдыст проектимæ æмæ бахæс кодта горæты архитектор Тадтаты Мерабæн, цæмæй йыл бæстон бакуыстæуа æмæ йын банымадæуа йæ сметæйон аргъ.

«Рæхджы фæуазал уыдзæн æмæ арæзтадæн ацы аз райдайæн нал уыдзæн, фæлæ уыдзæн, уæлæмхас арæзтады проекттæм æркæсæн, йæ аргъ ын банымайæн. Махæн ис паддзахадон-хисæрмагонд партнерады вариантмæ дæр æркæсыны фадат», – загъта уый.

Дарддæр ма дзырд цыд электроифтонгады фарсты фæдыл дæр. Сабиты цæхæрадоны сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, скъолайы агъоммæйы уагдоны территорийыл нæй рухсы цырæгътæ, бæстыхайæн йæхимидæг та электроны тых иугъæдон кæй нæу, уый аххосæй басудзынц электроприбортæ – фыдгæрдæнтæ, дзулфыцæн пецтæ.

Президент бахæс кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланæн, цæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл бакуыстæуа.

Сабиты цæхæрадоны кусджыты раз лæууæг иннæ риссаг проблемæ та, Битеты чызджы ныхæстæм гæсгæ у, æгæр бирæ сывæллæттæ дзы кæй ис, уый. Уый фехъусын кодта, ивгъуыд аз «Золотой ключик»-æй кæй рацыд 44 сывæллоны, æмæ уый та бæлвырд фылдæр у нормæйæ.

Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали банысан кодта, зæгъгæ, хорз зонгæ у ацы проблемæимæ, æмæ уый фæдыл министрады уагъд æрцыд æмбæлон æмбырдтæ.

«Анатоли Ильяйы фырт, сабиты цæхæрадон, æцæгæйдæр, у йемыдзаг сабитæй, фæлæ ис ацы хъуыддаджы йæхи нормæтæ, æмæ сæ мах хъуамæ ма халæм. Къорды 27 сывæллонæй фылдæр нæй гæнæн. Мах æркæсдзыстæм ацы уавæрмæ, сабиты кæндзыстæм, хъуагдзинад кæм ис, ахæм  æндæр цæхæрадæттæм, цæмæй алыран дæр куыд æмбæлы, уыйбæрц сабитæ уа», – загъта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг ма æркаст хæлцæфснайæн æфтауцдæттæм. Битеты чызг банысан кодта, раздæр уым кæй уыд гæрзтæхсæн, æмæ дзы фæстæдæр сарæзтой æфтауцдон, фæлæ уый хæлц æфснайынæн нæ бæззы. Уый сæраппонд уынаффæ цыд ныккæнд саразыны фарстыл дæр, цæмæй уыцы ран арæзт æрцæуа æфтауцдон.

* * *

РХИ-йы Президент Би-былты Анатоли бабæрæг кодта нæ горæты фыццæгæм сывæллæтты цæхæрадон «Хуры тын» Мæскуыйаг микрорайоны. Йемæ уыд Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Сæ бацыды аххосаг уыд, сабидоны байгомыл фондз азы кæй сæххæст, стæй Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бæрæгбон.

Мадзалы кастысты æмдзæвгæтæ, зарыдысты æмæ æххæст кодтой адæмон кафтытæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы къухдариуæгадæн йæ сæйраг хæс у, цæмæй рæзгæ фæлтæр макуы бавзарой, сæ ныййарджытæ кæй бавзæрстой, царды æмæ хæсты уыцы зынтæ. Уый ма бузынг загъта хъомылгæнджытæ æмæ кусджытæн, сабиты хъомылады тыххæй сæ тых æмæ хъарутæ кæй хардз кæнынц, уый тыххæй.

«Сымах æрвылбон хардз кæнут уæ тых æмæ хъарутæ уый тыххæй, цæмæй сабитæ исты базоной, цæуылдæр сахуыр уой. Сымах архайут ууыл, цæмæй  уыдонæй Райгуырæн бæстæйы патриоттæ рауайа. Æз сæрыстыр дæн, ахæм сабитæ нын кæй ис», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Гасситы Натали дæр ныхасы рацыд æмæ арфæйы ныхæстæ загъта сабитæ æмæ сæ ныййарджытæн.

«Райсом ацы сывæллæттæ ацæудзысты скъоламæ, æмæ мæ ныфс ис, уыцы ран уæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ кæй рухс кæндзыстут уæ хорз нысæнттæ æмæ æнтыстытæй», – загъта уый.

РХИ-йы Президент

æмæ Хицауады

 пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.