Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты банысан кодтой Поэзийы æппæтдунеон бон дыууæ гениалон поэты юбилейты цытæн.  Ацы аз Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 160 азы, Александр Сергейы фырт Пушкины райгуырдыл та – 220 азы.

Мадзалмæ фæуазæг сты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько, «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, нæ горæты скъолаты ахуыргæнджытæ.

Мадзаламонджытæ, фыццаджыдæр, æрдзырдтой дыууæ поэты цард æмæ сфæлдыстадыл. Абарс-тытæ арæзтой дыууæ стыр генийы цардвæндаг æмæ сфæлдыстадæн. Банысан кодтой æмæ æрдзырдтой, поэзийæн дунейы цы ахадындзинад ис, æппæт уыдæттыл. Къоста æмæ Пушкины райгуырæн бонты ‘хсæн кæд æмæ æхсай азы ис, уæддæр сæ царды тынг бирæ ис æмхуызондзинæдтæ. Зæ-гъæм, сæ дыууæ дæр фыстой гениалон æмдзæвгæтæ, кæцытæ зындгонд сты алы адæймагæн дæр, уарзтой сæ Райгуырæн бæстæ æмæ сæ радтæг адæмы. Æндæр æмæ æндæр факультетты студенттæ кастысты зынгæ поэтты фыст æмдзæвгæтæ куыд ирон, уырыссаг, афтæ фæсарæйнаг æвзæгтыл дæр. Зынгæ поэтты æмдзæвгæтæй бакастысты ахæм æмдзæвгæтæ, куыд зæгъæм, «Тæхуды», «Чи дæ?», «Музе», «Поэт», «Завещание» æмæ æндæртæ. Студентон музыкалон къорд «А вдруг»-ы хайадисджытæ Хъодалаты Мария æмæ Кокойты Аннæ сæххæст кодтой Александр Пушкины æмдзæвгæйыл фыст зарæг «Узник» æмæ «Не спрашивай, зачем унылой думой» ирон æвзагыл, кæцы ратæлмац кодта фæсарæйнаг æвзæгты факультеты 4-æм курсы студенткæ Гасситы Аннæ. Харебаты Мартæ та сæххæст кодта Александр Пушкины æмдзæвгæйыл фыст зарæг «Няня».

Йæ раныхасы мадзалы организатор, уырыссаг филологи, журналистикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан Биазырты Аллæ стыр бузныг загъта мадзал сорганизаци кæныны хъуыддаджы хайад чи райстой, æппæт уыдонæн, сæйраджыдæр та студенттæн. «Уыдон фæрцы абон мах ноджыдæр бауырныдта, нæ фæсивæд куыд курдиатджын сты, уый. ХИПУ-йы студенттæ æрмæст аив нæ кæсынц æмдзæвгæтæ, фæлæ сæхæдæг сфæлдисынц уацмыстæ дæр. Æмæ сæ уый тыххæй дæн сæрыстыр», – банысан кодта мадзалы организатор.   Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æмбараг, уарзæгой, поэзи æнкъараг адæймаджы схонæн ис – æнахуыр адæймаг. «Поэзи мах ахуыр кæны кæрæдзийы уарзыныл, аргъ кæныныл, уымæн æмæ æрмæстдæр уæд дуне свæййы хæларзæрдæдæр æмæ ирддæр æмæ махæн та ахæм дунейы æнцон вæййы цæрын»,- банысан кодта Биазырты Аллæ. Уый фæстæ Хетæгкаты Къостайы ном арынæн бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ.

Йæ рады ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим дæр стыр бузныг загъта мадзал бацæттæгæнджытæн, ахæм бæрзонд æмвæзадыл ауагъд кæй æрцыд, уый фæдыл. «Ацы аз Хетæгкаты Къоста æмæ Александр Пушкины номыл махæн планы ис цалдæр мадзалы ауадзын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ сымах стыр райзæрдæйæ æрбацæудзыстут алкæцы мадзалмæ дæр. Ацы дыууæ генийы махæн сæ фæстæ цы хъæздыг бынтæ ныууагътой, уыдон уый аккаг сты, цæмæй сæ мысæм æрмæст сæ юбилейон азты нæ, фæлæ æндæр рæстæджыты дæр», – загъта Тедеты Вадим.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады уы-наффæгæнæг Сергей Манько, фыццаджыдæр, стыр бузныг загъта студенттæн поэзийы изæ-ры активонæй хайд кæй райстой, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Александр Пушкин æмæ Хетæгкаты Къоста сты стыр уы-рыссаг æмæ ирон поэттæ. «Уæ равдыст уыйбæрц аив уыд æмæ мæ нæ фæндыд, цæмæй фæуыдаит. Стыр бузныг сценари аразджытæн. Мадзалы ирдæй æвдыст æрцыд стыр ирон поэт Хетæгкаты Къоста кæй уыд уырыссаг поэт дæр, уымæн æмæ Къоста дæр æмæ Александр Пушкин дæр, сæ поэзи фæлдыстой стыр Уæрæсейы территорийыл, уыдис сын иу хъысмæт, æнгæс цардвæндаг»,- банысан кодта Сергей Манько.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.