«Дæ бон хорз, Пушкин»

 

Славяйнаг фыссынады боны цытæн нæ горæты 1-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд мадзал «Дæ бон хорз, Пушкин», зæгъгæ, ахæм номимæ. Мадзалмæ æрбацы-дысты нæ республикæйы «Россотрудничество»-йы  къухдариуæггæнæг Михаил Степанов, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько, нæ республикæйы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты Ассоциацийы президент, дунеон æмгуыстады фæдыл Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты проректор Тедеты Залинæ, горæты скъолаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгты ныййарджытæ.

Мадзалы райдианы Цхинвалы 1-æм скъолайы директор Гобозты Русудан стыр бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, уазджытæн, мадзалмæ кæй  æрбацыдысты, уый тыххæй. Уый, æрдзырдта стыр уырыссаг поэт Александр Пушкины поэзийы нысаниуæгыл.

«Абон мах ноджыдæр æрымысдзыстæм Александр Сергейы фырт Пушкины æмдзæвгæты диссаджы рæнхъытæ. Йæ рæстæджы уый ныффыста, зæгъгæ, «не зарастет к нему народная тропа», æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ дæр рауад. Абон та йæ радон хатт бамбардзыстæм, поэт куыд гениалон уыд, уый», – загъта Гобозты Русудан.

Скъоладзаутæ бакастысты поэты ахæм æмдзæвгæтæ, куыд, «Я памятник себе воздвиг нерукотворный», «Я помню чудное мгновение», «Талисман», «Мадонна», «Поэту», «Я вас любил» æмæ бирæ æндæртæ. Гениалон уырыссаг поэты уацмыстæ хъуыстысты ирон, англисаг, немыцаг æмæ французаг æвæгтыл. Уымæй дарддæр ма скъоладзаутæ равдыстой Пушкины фыст зындгонд аргъæуттæм гæсгæ чысыл инсценировкæтæ «О царе Салтане», «О рыбаке и рыбке». Джусойты Нафийы тæлмацæй «Евгений  Онегин» та бацæттæ кодтой ирон æвзагыл, кæцы уазджытæм сæвзæрын кодта æнахуыр  тæлмæнтæ.

Михаил Степанов стыр аргъ скодта скъолайы къухдариуæгад, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзауты  бацæттæгонд программæйæн.

«Адæймаджы нæ фæнды Пушкины рæстæджы атмосферæйæ рахизын, кæцы сарæзтат сымах. Стыр райзæрдæйæ мæ банысан кæнын фæнды, сывæллæттæ тынг курдиатджын кæй сты, уый. Зæгъын мæ фæнды уый дæр, æмæ стыр хъусдард здæхт кæй цæуы уырыссаг культурæмæ, уæлдайдæр славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бонты, кæцы Хуссар Ирыстоны фæнысан кæнынц уæрæхæй», – банысан кодта Михаил Степанов.

Уый ма загъта, зæгъгæ, уырыссаг æвзаг у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæ-мы хъæздыгад.

«Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæн ис иу иумæйаг хъæздыгад  уырыссаг æвзаг, кæцы мах хъахъхъæнæм æмæ немæ уыдзæн æнустæм»,- загъта Михаил Степанов.

Сергей Манько дæр стыр бузныг загъта ацы скъолайы ахуыргæнджытæн, стыр поэт Александр Пушкины сфæлдыстад сывæллæттæн кæй уарзын кæнынц, уый тыххæй.

«Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды сывæллæттæн дæр, æз абон ам федтон Хуссар Ирыс-тоны æвзонг интеллигенцийы минæвæртты. Пушкинмæ уæ ахæм ахастæй сымах уæ царды уарздзыстут уырыссаг æвзаг æмæ бæрзонд æмвæзады дунеон культурæ»,- загъта Сергей Манько.

Уый ма банысан кодта, йæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыд, Пушкины уацмыс «Евгений Онегин» ирон æвзагыл кæй айхъуыст, уый.

«Тынг æхсызгон мын уыд Пушкины ирон æвзагыл фехъусын, тынг рæсугъд хъуысы».

Тедеты Залинæ дæр бузныджы ныхæстæ загъта скъолайы ахуыргæнджытæн се ‘ппæтæн дæр мадзал афтæ бæрзонд æмвæзадыл уагъд кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Абон сымах сарæзтат зæрдæмæхъаргæ бæрæгбон, кæцы уагъд æрцыд уырыссаг поэзийы, Александр Пушкины æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уырыссаг æвзаджы боны цытæн. Стыр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой уæ ралæудтытæ, ирдæй равдыстат Пушкины цард-вæндаг æмæ сфæлдыстад. Йæ царды алкæцы уысм, алкæцы ныффысгæ рæнхъ дæр махæн фадат дæтты уый базонын, æмæ æрмæстдæр генийæн кæй уыд йæ бон ахæм диссаджы уацмыстæ сфæлдисын», – банысан кодта Тедеты Залинæ.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы аз Хуссар Ирыстоны славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бон уæлдай уæрæхдæрæй кæй нысан кæнынц.

«Ног университеты комплексмæ рахизыны размæ мах лæварæн райстам 300 чиныджы уырыссаг чингуытæ кæцытæ систы 21 æнусы чингуытæ,  уыдон сты нырыккон æмæ цы-мыдисон рауагъдтæ. Сæ фылдæр сты уырыссаг поэтты æмæ фысджыты чингуытæ, уырыссаг æвзаджы чингуытæ, методикон æрмæг»,- йæ ныхасы кæрон банысан кодта Тедеты Залинæ.

Кокайты З.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.