26-æм февралы Хуссар Ирыстоны киноконцертон зал «Чермен»-ы уыд ног политикон парти «Рæстдзинады сæрыл»-æн съезд, цыран хайад райстой сæдæйæ фылдæр делегаты. Сæйрагдæр фарст уыд партийæн сæрдар равзарын.

Æвзæрст æрцыдысты президиум, нымæрдар, мандатон æмæ нымайæн къамисты уæнгтæ. Делегатты иумæйаг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн та æвзæрст æрцыд партийы сæрдар, æвзонг политик, 2022 азы президенты бынатмæ кандидат, РХИ-йы парламенты депутат Мулдарты Гарри.

Мулдарты Гарри бузныджы ныхӕстӕ загъта съезды делегаттӕн, се ‘ууӕнк ыл кӕй бафтыдтой, уый тыххӕй ӕмӕ ныфс бавӕрдта, ӕппӕт тыхтӕ дӕр кӕй аздахдзӕн уыцы ӕууӕнк бафидар кӕнынмӕ. Уый  йæ раныхасы банысан кодта, ног сырæзгæ партийæн йæ сæйраг хæс кæй у фидар æмæ æдас паддзахад саразын, цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Закъонад, фæтк æмæ рæстдзинад сты партийы сæйраг приоритеттæ.

«Рæстдзинады сæрыл хъæуы тох кæнын. Æмæ ацы тохы мæн ныфс ис сымахæй. Мах нæ хъавæм дих кæнын адæмы «махуæттыл» æмæ «сымахуæттыл», мах иууылдæр стæм иу адæм.

Вазыгджын æмæ хæстарыд историон фæндæгтыл рацыд Ирыстон. Нæ адæмæй рох не сты сæрибардзинады сæрыл тохтæ. Фæлæ ныл нæдæр цыфыддæр знаг, нæдæр æрдзы фыдмитæ нæ фæтых сты. Нæ ныл фæтых сты æрмæстдæр уымæн, æмæ Стыр Хуыцау æмæ Сыгъзæрин Уастырджимæ кувгæйæ сæ ныхмæ фæлæууыдыстæм æфсымæртау иумæ, æнгомæй, нæ кадджын фыдæлтæ нын куыд амыдтой, афтæ. Нæ иудзинады æмæ нæ рæстдзинады кæй ис нæ тых, уый хъуамæ алкæцы ирон адæймаг йæхицæн царды фыццаг бынаты сæвæра.

Æмбæлон хъусдард хъуамæ аздахæм нæ фæсивæды ‘хсæн хъомыладон куыстмæ дæр. Нырыккон ногдзинæдтæ хъуамæ биноныг цæуой не ‘взонг фæлтæры минæвæртты ‘хсæн ирон фыдæлтыккон æгъдæутты æмрæнхъ. Уæд мах схъомыл кæндзыстæм æцæг размæдзыд патриотты, кæцытæн бантысдзæн Ирыстоны ног бæрзæндты фæндæгтæм срæвдз кæнын. Фæсивæдæй аразгæ сты Ирыстоны ног æнтыстытæ æмæ йæ бæркадджын сомбон. Уымæн æмæ нæ республикæйы царды фæсивæдæн ис ахсджиаг бынат. Бирæ паддзахадон уагдæттæн къухдариуæг кæнынц æвзонг специалисттæ, кæцытæ сæхи равдыстой фæлтæрдджын, сæ хъуыддаджы дæсны кæстæртæй. Абон ахсджиаг у, цæмæй æрыгон адæймæгтæ цæттæ уой сæхи æмæ сæ республикæйы хъысмæты тыххæй бæрндзинад райсынмæ, хъæппæрис æвдисой æмæ бæрнджын фарстатæ скъуыддзаг кæной. Раст ахæм ныфсхаст æмæ ахуыр адæймæгтæ сты нæ Ирыстоны дарддæры райрæзты ныфс.

Парти «Рæстдзинады сæрыл» равзæрста сæрдар

Абон нæ тохыл дзургæйæ, не стыр уæлахизы кой куы фæкæнæм, уæд махæй рох ма хъуамæ уа, нæ ирвæзынгæнæг Стыр Уæрæсе кæй уыд. Тæссаг фыны дæр мæ нæ фæнды фенын, цы бон акодтаид Хуссар Ирыстоныл дыууæ мин æстæм азы, ома, августы мæйы гуырдзиаг агрессийы ныхмæ тохы нæ фарсмæ Уæрæсейы гарзджын тыхтæ куыннæ æрбалæууыдаиккой. Бауырнæт алкæйдæр, ныртæккæ ам кæй нæ уаиккам мах. Æмæ ныр та æгæрон æх-хуыс кæны Уæрæсе махæн экономикон æмæ социалон фадыджы объектты сæндидзыны хъуыддаджы. Сæркъулæй бузныг зæгъын Уæрæсейы Федерацийы адæмæн, йæ гарзджын тыхтæн, æмæ сæрмагондæй та йæ политикон къухдариуæггæнджытæн В. Путины сæргълæудæй», – раныхас кодта Мулдарты Гарри.

Съезды рæстæджы делегаттæ сфидар кодтой партийы устав æмæ программæ. Сæвзæрстой къухдариуæгад æмæ контролон-ревизион къамис.

Парти «Рæстдзинады сæрыл»-ы уæнгтæ æмбæлон документтæ хъуамæ бахæссой юстицийы ми-нистрадмæ æмæ кæд алцы нывыл уа,  уæд регистраци æрцæудзæнис.

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.