РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг  Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд ацы азы фыццаг рабадт Паддзахадон унитарон куыстуæтты архайдыл контроль кæныны фæдыл Æхсæнведомствæйон къамисæн, куыстуæтты, цæрæнуатон-коммуналон дæлхæйтты къухдариуæггæнджыты æмæ горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджыты хайадистæй.

Рабадты уынаффæ кодтой 2019 азы Паддзахадон унитарон куыстуæтты плæнттыл æмæ 2018 азы фыццаг æмбисы хыгъдтыл, уыцы нымæцы, куыстуат «Энергоресурс –  Хуссар Ирыстон», Хуссар Ирыстоны автомобилон транспорты  æмæ Цхинвалы районы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управлениты.

Республикæйы 33 архайæг паддзахадон унитарон куыстуæттæй хыгъдтæ æмæ плæнттæ æрбавдыстой 28 куыстуаты.

Банысанчындæуыд, зæгъгæ, плæнттæ æххæст кæнынæй кæд чысыл фæстæзаддзинад уыдис, уæддæр бюджетмæ фиддонты фактон рæзт 2018 азы фыццаг æмбисы фæхуыздæр ис 10-15 %  онг, 2017 азы уыцы рæстæгмæ абаргæйæ.

Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй æнæмæнгхъæуæг у æмгъуыдмæ бавдисын хыгъдтæ æмæ бахаста ахæм фæндон, цæмæй бухгалтерон хыгъдты гъæд фæхуыздæр уа, уый тыххæй æрвылаз дæр уадзын хъæуы финансон-хæдзарадон архайды аудиторон басгæрст.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хæдзарадон субъекты хыгъддæттынады гъæд фæбæрзонддæр уыдзæн æмæ плæнттæ æххæст кæныны эффективондзинадыл бандавдзæн», – загъта Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.