28-æм сентябры Паддзахадон мыхуыры комитеты пресс-центры уазæг уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Остъаты Мадинæ.

Брифингы рæстæджы уый фехъусын кодта, æрæджы кæй уыд кусæгон балцы Италийы Республикæйы.

Министр фехъусын кодта, Италимæ уый кусæгон балцы кæй ацыд, Римы уæвæг Хуссар Ирыстоны минæвар Мауро Мурджайы фæхуындмæ гæсгæ. Йæ балцы рæстæджы уый фембæлд бынæттон журналисттæ, парламентаритæ, не ‘мзæххонтæй Италийы чи цæры æмæ италиаг адæмимæ. Фæлæ йæ ацыды сæйраг аххосаг та уыд: азы кæронмæ дыууæ адæмы ‘хсæн культурон æмгуыстады программæйыл æруынаффæ кæнын.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 2013 азы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæтæ кæй бахатыдысты Итали æмæ Сан-Мариномæ, цæмæй сын банымайа сæ хæдбардзинад. Италийы хицауад ацы фарстмæ официалонæй нæма æркаст æмæ конкретон дзуапп не скодта дыууæ æвзонг республикæйæн. Уый хыгъд ивгъуыд аз РХИ-йы сæйраг горæт Цхинвал æмæ цалдæр италиаг горæты бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырдтæ. Уымæй дарддæр ма италиаг политикон партитимæ дæр фæрæвдз сты æмгуыстады процесстæ. Æрæджы, Мауро Мурджайы æххуысæй нæ республикæмæ æрцыд культурæйы къабазы цалдæр минæвары, кæцытæ ахсджиаг куыст бакодтой æмæ сарæзтой бадзырдтæ. Цыбыр дзырдæй, РХИ-йы минæварад Италийы ссис реалон. Æртæ азы вазыгджын куысты фæстæ, къухдариуæгад сын кодта уæды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид, ныр байгом Римы. Италийы территорийыл уæвæг хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн бахъуыды рæстæджы фадат уыдзæн райсын квалификацион æххуыс. Афтæ италиаг æмбæстæгтæ дæр: куы бафæнда Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, уæд сын фадат уыдзæн республикæйы фæдыл æнæмæнгхъæуæг зонæнтæ, визиттæ райсыны тыххæй информаци райсын æмæ а.д.

«Мæ балцы райдианы æз фембæлдтæн Италийы парламенты депутат Иван Фоскимæ. 20-æм ноябры уыдонмæ уагъд цæудзæн парламентон æвзæрс-тытæ. Ныртæккæ уым цæуы активон куыст уый фæдыл. Иван Фоски цы партийы минæвар у, уый стыр ныфс ис фæуæлахизæй. Фембæлды рæстæджы уый тынг фæлмæн ахаст равдыста нæ бæстæмæ, иттæг хорз зонынц нæ бæстæйы цæуæг политикон цаутæ. Мах æрдзырдтам бирæ ахсджиаг фарстытыл, уыцы нымæцы проект æмæ культурон программæтыл, кæцытæ ацы аз хъуамæ уагъд æрцæуой Сан-Маринойы», – загъта Культурæйы министр.

Министр куыд загъта, афтæмæй балцы рæстæджы уый лæмбынæг æрдзырдта, Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны студенттæ дыууæйæ – Дудайты Къоста æмæ Къæбысты Сæрмæт – сæ иу гуымсæгцæгъдæг, иннæ та – фæндырдзæгъдæг, кæй рацæудзысты стажировкæйы Италийы. Уыдонæй дарддæр ма Италимæ Россинийы номыл музыкалон консерваторимæ ацæудзæн оперон зарæггæнæг Амага Готти. «Мæнмæ афтæ кæсы, кæд хицауадон æмвæзадмæ нæма рахызтыстæм, уæддæр конд цæуы стыр куыст. Мах культурон программæ аразынæй дарддæр æруынаффæ кодтам ноджыдæр Цхинвал æмæ Палермойы университеты æмгуыстады программæйыл дæр. Æввахс рæстæджы дыууæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты æхсæн æрцæудзæн бафыст бадзырд, кæцы ратдзæн фадат студентты баивыны практикæйы райдайынæн», – загъта Остъаты Мадинæ.

Министр ма куыд загъта, афтæмæй Хуссар Италийы минæварады офисы æрвылхатт дæр банысанчындæуы, нæ республикæ цы национ бæрæгбонтæ фæнысан кæны, уыдон се ‘ппæт дæр.

«Балцы рæстæджы æз фембæлдтæн æмæ пресс-конференци радтон бынæттон газеттæй дыууæйы журналисттæн, кæцы уагъд æрцыд горæт Пезаройы. Æз сæрыстыр дæн, уыдон сæ газеты информаци дæтгæйæ, мæн Хуссар Ирыстоны Республикæйы Культурæйы министр кæй схуыдтой, уымæй. Мæнмæ афтæ кæсы, уый стыр куыст кæй у. Пресс-конференцийы ма хайад истой Мауро Мурджа, нæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар æмæ Россинийы номыл консерваторийы профессор Франческа Матточена», – зæгъы Культурæйы министр.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй тагъд Тыбылты Александры номыл Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим ацæудзæн Италимæ, Палермойы унивесритетмæ æмгуыстадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй. Кармелла де Пиццаимæ фембæлды рæстæджы Остъаты Мадинæ æрдзырдта Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæн-доны классикон музыкæйы концерт ауадзыны механизмыл. «Уырдыгæй махмæ йæ концертон номыртимæ æрцæудзæн зынгæ италиаг пианисткæ Алиса де Пицца, кæцы схъомыл уырыссаг композитор София Губайдуллинайы сфæлдыстадыл», – зæгъы министр.

Остъаты Мадина ма йæ балцы рæстæджы официалонæй фембæлд Уæрæсейы Федерацийы минæвар Италийы Сергей Розовимæ. «Фембæлд ацыд хъарм æмвæзадыл, мах алыварсонæй дæр æмбæрстам кæрæдзи, нæ разы лæууæг фарстатæ аскъуыддзаг кодтам æнцонтæй, æнæкъуылымпыйæ».

Сергей Розов ма куыд загъта, афтæмæй: Хуссар Ирыстоны минæварады офисы конд ахъаз у æвзонг республикæйы адæмæн сæ фæндаг равзарынæн æмæ æхсæнадæмон нымад паддзахад суæвынæн. Ныр, дам, уæ æрцыдæй æмæ культурон программæ саразынæй, сымах стыр куыст бакодтат. Дарддæр, дам, ахæм уæндон къахдзæфтæ куы кæнат, уæд æндæр паддзахадты дæр бафæнддзæн сымахимæ æхсæнадæмон ахастытæ саразын», – зæгъы Культурæйы министр.

Министр ма фехъусын кодта Италийы кусæгон балцы рæстæджы, уый кæй сарæзта туристон экскурситæ цалдæр горæтмæ. «Æз федтон Италийы бирæ горæттæ, фæлæ иууыл тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыд италиаг чысыл горæт Пезаро, ис Адриатикон денджызы был. Ме ‘мбæлццæттæн загътон, мæ райгуырæн Цхинвалы фæстæ æрмæстдæр ацы алæмæтон бынаты кæй æрцæрин, уыцы рæсугъд бæллиц. Ацы чысыл горæты уынгты боныгон нæ фендзынæ иу адæймаджы дæр æнæ хъуыддагæй. Нæ цæуынц адæм, махмæ куыд у, афтæ машинæтыл, æрмæстдæр стырæй-чысылæй пайда кæнынц велосипедтæй. Адæм сты хæлар æмæ зæрдæргъæвд. Куыстæй сæрибар рæстæг æрвитынц кафеты. Уыдтæн ма ахæм горæтты, куыд Урбино, Ватикан, Рим, Венеция. Фæнды ма мæ фехъусын уын кæнон иу цымыдис цауы тыххæй: Итали у ахæм бæстæ, кæцы стыр цымыдис кæны йæ историон культурæмæ. Иууыл гыццыл дур дæр, кæцыйæн ис историон нысаниуæг, æвæрд у музейы æмæ йæм кæсынц хæзнайы цæстæй».

Иууыл стыр æнкъарæнтимæ министр фехъусын кодта журналисттæн, Сан-Маринойы центры кæй ис номарæн дур, ирон адæмы зæрдæтæ иууыл тынгдæр цы Беслæны трагеди нынкъуысын кодта, уыцы ‘намонд сывæллæттæн. «Цыртдзæвæн йæ уындæй æлвасы йæхимæ, адæймаджы. Италиаг адæм стыр бузныджытæ кодтой Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмæн, æрæджы сæм цы зæххæнкъуыст уыд, уымæ уазалцæстæй кæй нæ акастысты, се ‘мбæстагон позици кæй равдыстой. Цæгат Ирыстон-Аланийы Национ музейы кусджытæ сæ иубонон мызд ахынцыдтой, Пезаройы горæтмæ æввахс цы зæххæнкъуыст уыд æмæ дзы фыдбылызы чи бахауд, уыцы адæмы хыгъдмæ».

Брифингы кæрон Культурæйы министр загъта, йæ балцæй райгонд кæй у, цы культурон программæйыл бакуыстой, уый та реализаци кæй æрцæудзæн азы кæронмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.