Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты Цæгат Ирыстон – Аланийæ минæвæрттæ – Хетæгкаты Къостайы номыл Зонадон национ-культурон центры сæрдар, профессор, Æлборты Иван, Цæгат Ирыстон – Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы минæвар Бигъуылаты Людмилæ, Æхсæнадæмон змæлд «Стыр Ныхас»-ы сырæзты фарстаты фæдыл комитеты сæрдар, Рахизфарс районы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Бургалаты Заремæ, журнал «Мах дуг»-ы Сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ æмæ æндæртæ. Сæ балцы нысан уыд Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 165 азы сæххæсты цытæн иумиаг мадзæлттыл  æруынаффæ кæнын.

Цæгат Ирыстоны минæвæрттимæ иумæ Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы, Президенты Администрацийы, Ахуырад æмæ зонады министрады, æхсæнады минæвæрттæ æмæ  Абайты Васойы хæдзар-музейы кусджытæ номарынæн дидинджытæ сæвæрдтой Хетæгкаты Къоста æмæ Абайты Васойы цыртыты раз.

Уый фæстæ бабæрæг кодтой нæ горæты Национ музей. Музейы экскурсиамонæг Бекъойты Олеся сæ базонгæ кодта музейы уникалон экспонаттæ æмæ цымыдисон нывгæнджыты куыстытимæ.

Æлборты Иван бузныджы ныхæстæ загъта Национ музейы коллективæн, культурæ куыд размæ хæссынц æмæ ирон адæмæн кад чи кæны, уыцы экспонаттæ хъахъхъæд кæй цæуынц æмæ сын экспонаты хуызы балæвар кодта чинаг «Ирон орнамент».

Музейы директоры хæдивæг Санахъоты Лиана бузныг загъта нæ цæггаттаг æфсымæртæ æмæ хотæн, музеймæ афтидармæй кæй нæ фæбалц сты.

Балцы нысан æмæ юбилейон мадзæлттæ

Сæ балцы нысаны, ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ æндæр фарстыты фæдыл нын йæ хъуыдытæ радзырдта Бигъуылаты Людмилæ:

– Рагæй фæстæмæ Хуссар Ирыстонимæ махæн æнгом бастдзинæдтæ ис. Ацы аз Ирыстоны дыууæ хайы Хетæгкаты Къостайы юбилеон аз кæй нысан кæнæм, уый нысанæн Цæгат Ирыстоны уæвынад кæны Къостайы номыл Æхсæнадон организаци, йæ сæргълæууæг у Æлборты Иван. Æхсæнады сконды бирæ адæм ис – ахуыргæндтæ, историктæ, ахуыргæнджытæ, хуымæтæг адæм. Уыдон уæхскуæзæй кусынц æмæ архайынц Къостайы юбилеймæ бацæттæ кæныныл.

Хетæгкаты Къостайы юбилей иу бон нысан нæ цæуы, фæлæ организаци Цæгат Ирыстоны зилы районон центрты, клубты, скъолаты,    хъæутыл – уырдæм æрхонынц ахуыргæнинæгты, студентты, æмбæстæгты æмæ сын дзурынц Къостайы сфæлдыстадыл, патриотикон хъомыладыл, мадæлон æвзаджы ахсджиаг фарстатыл.

Хуссар Ирыстонмæ сæ балцы нысаны тыххæй та загъта, зæгъгæ, æруынаффæ кæндзыстæм, дарддæр ма цы мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты, уыдоныл.

«Ирыстоны Цæгат хайы Къостайы юбилеймæ цахæм мадзæлттæ бацæттæ æрцæудзæн, сывæллæттæн цахæм конкурстæ организаци æрцæудзæн, уым хуссары сывæллæттæ дæр исдзысты хайад. Иу азы размæ цы конкурс уагъд æрцыд, уым 60 сывæллонæй се ‘мбис Хуссарæй уыдысты. Уый æхсызгон хъуыддаг у, уымæн æмæ тынг активонæй равдыстой сæхи сывæллæттæ», – дзырдта уый.

Бигъуылаты Людмилæ Къостайы хъæздыг сфæлдыстадыл дзургæйæ банысан кодта, зæгъгæ, дардмæуынæг уыд Ирыстоны гений – йæ уацмыстæ баст сты абоны цардимæ. «Цæгат Ирыстоны цалдæр юбилейы нысан цæуы ацы аз: 250 азы сæххæст ис, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу ис, ууыл, 240 азы – горæт Дзæуджыхъæуы сырæзтыл,100 азы – бæстæйæн автономийы ном куы радтой, ууыл æмæ 165 азы та сæххæст ис Къостайы райгуырæн боныл.Уыцы мадзæлттæ нысан цæудзысты уæрæхæй.

Уæрæсейы Федерацийы горæт Мæскуыйы уагъд æрцæудзæн тымбыл фынг уæрæ-сейаг Фысджыты цæдисимæ. Уырдæм аласдзыстæм Хетæгкаты Къостайы чингуытæ, уымæй уæлдай ирон диаспорæ æмæ студенттимæ уагъд æрцæудзæн фембæлдтытæ.Театрты æвдыст æрцæудзысты спектакльтæ, нывгæнджытæ сæ куыстытимæ зонгæ кæндзысты сæ уæрæсейаг коллегæты.

15 октябры, ирон адæмы гений Хæтæгкаты Къостайы райгуырæн бон, уагъд æрцæудзæн цытджын мадзал. Уæрæсейы цы мадзæлттæ уагъд цæудзысты, уым хайад райдзысты Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон къордтæ дæр.

19 октябры Ирон театры раз уагъд æрцæудзæн стыр бæрæгбон Къостайы райгуырæн боны цытæн. Хайад дзы райсдзысты республикæйы æппæт районтæ дæр», – загъта Людмилæ.

Уый æрсидт алы ирон адæймагмæ дæр, зæгъгæ, махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй зона Къостайы æнæмæлгæ сфæлдыстад.

Къостайы ирон æвзагыл уæлæхох макуы кæнæм

«Цæгат Ирыстоны территорийыл 72 адæмы хатты цæры, уыдонимæ нæ иу кæны уы-рыссаг æвзаг. Фæлæ нæхæдæг нæхи æвзагыл цæмæннæ дзурæм, уый тынг диссаг у. Тыхамæлттæй дзурынц уырыссаг æвзагыл, чи зоны, чи нæ зоны, уыдон дæр. Цæмæн уæлæхох кæнæм нæ мадæлон æвзагыл, кæд æмæ цæрæнбонты фæсарæнты чи фæцард, уыдон,  æмæ бирæ зындгонд ахуыргæндтæ дæр ирон хъæздыг æвзагæй пайда кæнынц. Уыцы æвзаг абоны онг цы тыхджын æмæ фæндвидар адæм рахастой, уыдонæй мах сæрыстыр хъуамæ уæм æмæ йæ дарддæр хæссæм, цæсты гагуыйау æй хъахъхъæнæм.

Мадæлон æвзаджы фарстатыл канд сывæллæттимæ нæ хъæуы дзурын, фæлæ ныййарджытимæ, хисдæр фæлтæримæ, ахуыргæнджытимæ.

Æз сидын алы адæймагмæ, алы ирон æмбæстагмæ, æрмæст ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй дæр егъау хъусдард цæмæй здæхт цæуа нæ мадæлон æвзагмæ.

Хатт, бирæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ сæрыстырæй нысан кæнынц, æндæр адæмы хатты минæвæртты, зæгъгæ, иронау хорз сдзурын кодтам. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыцы æндæр адæмы хатты минæвæрттæ ирæттæ никуы суыдзысты. Нæхи сывæллæтты хъуамæ сдзурын кæнæм иронау – уый у нæ æвæджиаг хæс.

Цард размæ цæуы æмæ нæ хæссы стыр æхсæнадмæ – уыцы æхсæнад уырыссаг æвзагимæ баст у. Фæлæ уæддæр нæ хъуыдыйы ныббиноныг кæнæм уый, æмæ махæн нæ мадæлон æвзагæн сафæн кæй нæй, ахсджиаг бынат ын кæй хъуамæ уа царды.

Иры «Стыр Ныхас»-ы радон съезды рæстæджы сæрмагондæй ацы фарстыл хъæуы æруынаффæ кæнын, уый мæнмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æгадау кæсы, фæлæ дзы æндæр гæнæн нæй», – банысан кодта Бигъуылаты чызг.

 

* * *

Уый фæстæ зынгӕ ирон ахуыргонд Абайты Васойы хӕдзар-музейы уагъд ӕрцыд тымбыл фынг ахӕм темӕйыл: «Хетæгкаты Къоста. Гоймаджы арæнтæ æмæ йе сфæлдыстады æнæсæфгæ актуалондзинад».

Цӕмӕй ирон дзырд хъуыса алы ирон хӕдзарӕй дӕр, уый тыххæй мадӕлон ӕвзаджы егъау нысаниуӕджы фӕдыл дзырдтой йæ хайадисджытӕ.  Ацы аз Ирыстоны Къостайы азӕй расидт кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы минӕвӕртты хайадистӕй организацигонд цӕудзысты алыгъуызон зонадон-культурон мадзæлттæ. Тымбыл фынжы хайадисджытӕ банысан кодтой, ахӕм мидисджын ӕмӕ цымыдисон фембӕлдтытӕ кӕй хъӕуы арӕхдӕр уадзын.

Мадзал байгом кодта фыссæг æмæ зонадон архайæг Хъазиты Мелитон. Уый куыд банысан кодта, афтӕмӕй Къоста ӕрмӕст ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы, ирон нывкӕнынады бындурӕвӕрӕг нӕу, фӕлӕ ма у ирон адӕймагдзинады бындурӕвӕрӕг дӕр.  Уымæ гæсгæ Къостайы хуызӕн адӕймӕгтӕн хъуамӕ уа фылдӕр кад. «Мах, ирон адӕм, хӕсджын стæм, цӕмӕй нӕ кады лӕгты ном бӕрзонд исӕм. Уый тынг хорз у, абон Абайты Васойы хӕдзары кӕй ӕртымбыл стӕм, фӕлӕ хорз хъуыддаг уаид Хуссар Ирыстоны дӕр Къостайы номыл музей арӕзт куы ӕрцӕуид, уӕд», – загъта Хъазиты Мелитон.

Абайты Васойы хӕдзар-музейы директор Остъаты Мадинӕйы ныхæстæм гæсгæ проблемӕтӕ дзӕвгар ис, куыд ирон ӕвзаджы, афтӕ ӕгъдæуттæ хъахъхъæныны дӕр. «Абайты Васо йӕ рӕстӕджы дзырдта, зӕгъгӕ, дам, алкӕцы ирон хӕдзарыл дӕр хъуамӕ уа фыст «ам дзурынц иронау», зæгъгæ. Ирон ӕвзаджы проблемӕты фæдыл куыст цӕуы куыд Хуссары, афтӕ Цӕгат Иры дӕр ӕмӕ мӕ ныфс ис, нӕ иумӕйаг куыстӕн хорз фӕстиуджытӕ кӕй уыдзӕн, уымӕй», – загъта Мадинæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы кусæг Бигъуылаты Людмилӕйы ныхæстæм гæсгæ Къостайы кой ӕрмӕст йӕ юбилейон азы рæстæджы нӕ хъӕуы, фӕлӕ æрвылаз дæр, алы бон дӕр. «Фембӕлдтытӕ нын куы вӕййы республикæйы скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттимӕ, уӕд нӕ фӕфӕнды хистӕртӕ дӕр-иу дзы хайад куы райсиккой. Уый стыр æххуыс фæуыдзæн кӕстӕрты патриотизмыл ахуыр кæныны хъуыддагæн. Мах кӕстӕртимӕ ныридӕгӕн куыннӕ райдайӕм кусын, уӕд сӕфты къахыл лæуд стӕм. Дунейы ахуыргӕндтӕ цы ӕвзагыл цин кӕнынц ӕмӕ дис кӕнынц, уыцы ӕвзаг мах абон сафӕм. Уе ‘ппӕтмӕ дӕр сидын, цӕмӕй арӕхдӕр ӕмбӕлӕм ӕмӕ цы кусӕм, уый кӕрӕдзийӕн арӕхдӕр дзурӕм, иумӕ бакусӕм Къостайы сфӕлдыстадыл дӕр ӕмӕ мадӕлон ӕвзаджы размӕцыдыл дӕр. Уый у не ‘ппӕты сӕйрагдӕр хӕс», – банысан кодта Бигъуылаты чызг.

Профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл зонадон-культурон центры сæрдар, «Стыр ныхас»-ы координацион советы уæнг Ӕлборты Иван куыд загъта, афтæмæй Къоста йӕ рӕстӕджы цы фыста, уыдон, абоны бон дӕр сты актуалон ӕмӕ сӕ афтæмæй нӕ кӕстӕртæм хӕццӕ кӕнӕм. «Уый фӕдыл не ‘хсӕнад стыр куыст кӕны ныр цыппӕрӕм аз. Ӕрвылаз дӕр Къостайы тыххӕй кӕстӕрты ӕхсӕн расидӕм конкурстӕ цалдӕр номинацийӕ. Ӕхсызгон хабар у Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕй дзы бирӕтӕ кӕй райсынц хайад, цыран свӕййынц уӕлахиздзаутӕ дӕр», – загъта Æлборты Иван.

Ахуырады фадыджы ‘рдыгӕй ирон ӕвзаджы размӕцыды фӕдыл цы куыст цӕуы, уый тыххӕй радзырдта Хуссар Ирыстоны Культурӕйы министрады национ хайады кусӕг Гаглойты Беллæ. «Ацы аз фӕнд кӕнӕм цалдӕр мадзалы Къостайы сфæлдыстадмæ гæсгæ ауадзын.

Дарддæр фӕнд кӕнӕм викторинӕ саразын. Ныридӕгӕн бацӕттӕ кодтам фарстытӕ, кӕцыты арвитдзыстӕм скъолаты директортӕм. Уагъд ӕрцӕудзысты алкӕцы скъолайы дӕр.

Кӕронбӕттӕн этап та нын уыдзӕнис нывты конкурс ауадзын», – банысан кодта Гаглойты Беллæ.

Газет «Южная Осетия»-йы сӕйраг редактор Цхуырбаты Залинæ фӕндон бахаста, цӕмӕй мобилон телефонты ирон ӕвзагыл фылдӕр арӕзт цӕуой алыгъуызон программӕтӕ, уымӕн ӕмӕ ныры фӕсивӕд сӕ боны фылдӕр хай ӕрвитынц телефонты. «Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕн цымыдисон уаид ӕмӕ сын æппæт ацы информаци нымӕцон хуызы дӕр куы равӕриккам сӕ разы. Зӕгъӕм, цымыдисон уаид Нарты эпосимӕ баст ирон хъазт саразын. Нæ кæстæрты сомбон абон махæй аразгæ дæр у  æмæ иумæ бацархайæм рæсугъд фидæн саразыныл», – загъта Цхуырбаты Залинæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

КОКАЙТЫ Заринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.