Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста, 1992 азы Зары хъæуы сæрмæ фæндагыл гуырдзиаг тугмондаг лæгсырдты къухæй сырдон æгъдауæй мард чи фесты, уыдоны хиуæтты. Президент банысан кодта, ацы трагеди æрмæст уыдоны трагеди кæй нæу, фæлæ æгас Ирыстоны трагеди. Уый, зæгъгæ, у адæймагады ныхмæ стыр фыдракæнд.

«Ацы трагедимæ Хуссар Ирыстоны адæмæн ис сæрмагонд ахаст, уымæ гæсгæ йæ мах хъуыды кæнæм æмæ кæндзыстæм æмæ дунейæн ноджыдæр æвдисдзыстæм, нæ хъысмæт куыд трагикон уыд, гуырдзиаг фарс этникон миниуæгмæ гæсгæ куыд куынæг кодта Ирыстоны хуссар хайы цæрджыты. Куынæг та сæ кодта, сæ зæххыл цæрын сæ кæй фæндыд, уымæ гæсгæ. Нæ рыст дывæр кæны уымæй, æмæ уыцы трагедийы кæй бабын сты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ», – банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы стыр фыдракæнды фæдыл абоны онг дæр иунæг гуырдзиаг политик хатыр нæ ракуырдта, цы сырдон митæ сарæзтой Хуссар Ирыстонæн, уыдоны фæдыл.

Бибылты Анатоли дарддæр цымыдис кодта фембæлды алы хайадисæджы хисæрмагонд проблемæмæ дæр. Уыдон уыдысты алыгъуызон – фатер кæнæ хисæрмагонд цæрæн хæдзæрттæ цалцæг кæнын, ногæй хæдзæрттæ аразыны фарст, хæдзæртты æмбæрзтытæ раивын, се ‘нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыдоны фарс балæууын æмæ æндæртæ.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны зæххыл цалдæр трагедийы æрцыд, фæлæ цæрæнуат дих кæныны фæдыл закъонмæ гæсгæ ахæм категорийы цæрджытæн нæй хатыртæ. Фæлæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ горæты администрацийы цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй рады чи лæууы, уыдон се ‘ппæт дæр суыдзысты фатерты хицæуттæ.

Президенты бахæсмæ гæсгæ фембæлды алы хайадисæджы сæрмагонд проблемæйы фæдыл æмæ сæвзæргæ фарстытæ бынаты аскъуыддзаг кæныны тыххæй фембæлдмæ хуынд цыдысты æмбæлон органты кусджытæ. Афтæмæй биноныг цыдысты сæ цардуагон проблемæтæ.

Фембæлды хайадисджытæй сæ иу – Бесаты Аринæ бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн, уымæй размæ йын цы фæрæзтæй æххуыс æрцыд, уыдонæй æндидзыд кæй æрцыд сæ цæрæн хæдзар æмæ уыимæ иумæ ма сæ сывæллонæн йе ‘нæниздзинад фæхуыздæр кæныны тыххæй дæр кæй æрцыд æмбæлон æххуыс. Уый сæрмагондæй фæхуыдта Президенты, цæмæй цæрæн хæдзар сæндидзын кæныны фæдыл фæрæзтæ цы нысанæн хардз æрцыдысты, уый йæхи цæстæй фена.

Бибылты Анатоли ма сæрмагонд хæстæ бакодта Президенты Администрацийы Контролон управленийы сæргълæууæг Къодоты Таймуразæн фембæлды хайадисджыты проблемæтимæ зонгæ кæныны рæстæджы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.