Журналисттæ фембæлдысты горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромеоимæ. Фембæлды инициатор уыд мэр йæхæдæг. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг рæстæджы социалон хызæгты фæзынд дезинформаци, цæрæнуатон къамис фатертæ кæмæн рахицæн кодта, уыдоны номхыгъды тыххæй.

Къамисы куыст:

«Цæрæнуатон фонды дæлбар ис 225 фатеры. Абоны онг цæрæнуатон къамис æркаст 95 куырдиатмæ æмæ сын радих кодта фатертæ. Ныртæккæ бирæтæ æрцардысты сæ фатерты æмæ архайынц сæ гæххæттытæ бабæстон кæныныл. Цы куырдиæттæ ма дзы баззад, уыдон се ‘ппæт дæр бæрæг цæуынц реестрмæ гæсгæ. Бæлвырд кæнæм, исчи сæ бамбæхста æви нæ цавæрдæр æнæзмæлгæ исад ис Хуссар Ирыстоны кæнæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл. Бæрæг куыст бакæныны фæстиуæгæн цæрæнуатæй хъуагыл цы бинонты нæ банымайынц, уыдон рацух кæнынц номхыгъдæй. Ныртæккæ цы цæрæнуатон къамис кусы, уыдон къуыри æртæ хатты æрæмбырд вæййынц æмæ æркæсынц, номхыгъды дарддæр нысан чи цæуы, уыдоны гæххæттытæм. Бынаты сын бабæрæг кæнынц сæ цæрæнуатон уавæртæ. Уымæн æмæ гæххæттытæм гæсгæ радылæууæг æппæты тыхстдæрæй расты æмæ къамис фыццаграды уыдон хъуыддаг хъуамæ аскъуыддзаг кæна. Фæлæ хатгай ахæмтæн сæ цæрæн хæдзæрттæ сæхиуыл фыст нæ вæййынц, кæмæн та республикæйæн æддейæ рабæрæг вæййы фатер. Æппæт ацы информаци æрæмбырд кæныныл ацæуы бирæ рæстæг.

Куыд зонæм, афтæмæй къамис иртасы 2010-2011 азты номхыгъдтæ. Уæд куырдиæттæ чи балæвæрдта, уыдоны ‘хсæн ис ахæмтæ, уал азы дæргъы чи бафæлладис æнхъæлмæ кæсынæй æмæ йæхи тыхтæй цæрæнуат чи ссардта. Уым диссагæй ницы ис, уымæн æмæ цард размæ цæуы. Фæлæ ис хæдзæрттæй сæ уæддæр нæ фæфæнды сæхи номхыгъдæй сисын. Къамисы куыст тынг къуылымпы кæнынц ахæмтæ дæр сæ быцæутæй», – радзырдта Хуыгаты Ромео.

Уый ма дзырдта, лæмбынæг йæ хъус кæй дары къамисы куыстмæ æмæ æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй цæрæнуат райсой, æцæгдæр кæмæ æмбæлы, уыцы æмбæстæгты бинонтæ. Уыдоны ‘хсæнæй рахицæн хъæуы фыццаг æмæ дыккаг къорды инвалидты, афтæ ма гуырцæй рынчынты дæр. бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ сывæллæтты паддзахадон уагдæтты уæвæг сидзæртæ. 1989 азæй 2008 азмæ гуырдзыйы агрессийы рæстæджы йæ бæстæ бахъахъхъæныны фæдыл хæстон архайдтыты чи фæмард, кæнæ æбæрæг сæфт чи фæцис, уыдоны бинонтæ. Афтæ ма, хæстон архайдтыты хайад исгæйæ чи фæцæф, хæстон травмæ райсыны фæстиуæгæн инвалид чи сси, ахæм адæймæгты дæр.

 

Ног хæдзæрттæ Ирæтты уынджы

Рады номхыгъд

Номхыгъдтæ ныммыхуыр кæнын махæн зын нæу, фæлæ номхыгъдмæ хаст нæ нысан кæны, радылæуджытæ цæрæнуат æнæмæнг райсдзысты. Уый арæзт цæуы æрмæстдæр цæмæй иууылдæр феной, фатертæ дих кæныны хъуыддаг æргомæй кæй цæуы.

Æрæджы фатертæ радих кодтам, фæлæ та ам дæр фæзынд ног цæлхдуртæ. Чидæртæ разы не сты сæ уæладзыгæй, кæйдæр зæрдæмæ та нæ фæцыд, йæ рудзгуытæ цæгатфарс кæй сты. Ис ахæм адæймаг, кæцыйы зæрдæмæ нæ фæцыд, фатер ын Хъайтарты уынгыл цы хæдзæрттæ ис, уым кæй радтам. Уыдонæй ныл бирæтæ хъаст лæвæрдтой тæрхондонмæ. Æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм тæрхонмæ. Уый фæстæ æнæмæнг ныммыхуыр кæндзыстæм нымхыгъдтæ. Ам кæмæдæрты æнæмæнг фæзындзæн фарста, зæгъгæ, хæлттæ цæуылнæ сæппæрстат. Уымæн æмæ фатертæ кæмæн радих кодтам, уыдон  ‘хсæн бирæ ис ацæргæ æмæ инвалид адæм. Халæппæрсты уыдонмæ 5-æм уæладзыг куы æрхаудаид, уæд кæй зæрдæмæ фæцыдаид нæ куыст? Мах бацархайдтам, уæлдæр уæладзгуыты æвзонгдæр цы бинонтæ сты, уыдонæн радтыныл.

Номхыгъдтæ ныммыхуыр кæнын  хъæуы, цæмæй иууылдæр феной, фатертæ дих кæныны хъуыддаг æргомæй арæзт кæй цæуы. Абоны онг горæты цæрæнуатон къамис æркаст 225 куырдиатмæ. Уыдонæй ра-хицæн кодтам 25 бинонты. Се ‘ппæт дæр бæрæг цыдысты, исчи сæ бамбæхста æви нæ цавæрдæр æнæзмæлгæ исад ын кæй ис Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны, уый. Æнæзмæлгæ исады тыххæй зонæнтæ чи бамбæхста, цæрæнуат райсынмæ ахæм кандидатты номхыгъды реестрæй, ахахх кодтам.

Мæ мад цы аххосджын у?

Фатертæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдоны ‘хсæн ис мæ мад дæр Дудайты Света. Ацы цауæй æхсæнады чидæртæ сарæзтой æппæрццаг резонансон хъуыддаг. Социалон хызæгтæ мæн аххосджын кæнынц, зæгъгæ, горæты сæргълæууæг спайда кодта йæ бартæй.

1979 азы æз гуырд нæма уыдтæн, афтæмæй мæ мад рады слæууыд кооперативон фатер райсынмæ, бахаста фыццаг фиддон. Уалынмæ райдыдта рацарæзты дуг æмæ кооперативон хæдзары арæзтадыл ничиуал батыхст. Дуг куы фæбырдæр, уæд ацы категорийы адæм домын райдыдтой, цæмæй сæ рады сæвæрой. Уыцы хъуыддаг сæ къухы бафтыд раззаг администрацийы рæстæджы. Уыдонæн дæр иннæ адæмау сæ рад æрхæццæ ис, æмæ сын къамис рахицæн кодта фатертæ.

Мæ мад цы аххосджын у, йæ фырт администрацийы сæргълæууæгæй нысан кæй æрцыд? Закъон кæм фехæлдта? Кæд искæй æцæгдæр цымыдис кæны, мæ мад цы уавæрты цард, уæд зын базонæн нæу. Бирæ азты цардис, кæд ын дзы хорз уавæртæ уыд, уæддæр гаражы. Уымæн æмæ мæ кæстæр æфсымæр йæ бинойнаг æмæ æртæ хъæбулимæ цард дыууæхатæнон фатеры æмæ сын бынат нæ фаг кодта. Уыцы факттæ сбæрæг кæнынæн бирæ нæ хъæуы. Уый æнæмæнг зонынц оппозицион интернет-каналтæ дæр, фæлæ сæм цъыфкалд æхсызгонау кæсы. Стæй уыцы номхыгъдæй сæрмагондæй мæ мадæн нæ рахицæн кодтой фатер, иннæ æмбæстæгтæ  дæр райстой фатертæ. Ныр кæм ис ам закъоны ныхмæ фыдракæнд, кæд ис, уæд цæттæ дæн дзуапп радтынмæ.

 

Микрорайонтæ «Мæскуыйаг» æмæ «Хурзæрин»-ы цæрджыты  фарстатæ

Нæ куысты риссаг фарстатæй ма иу у, Мæскуыйаг микрорайоны территорийыл чи цæрынц, уыдонæн се ‘мбисы статус абон дæр скъуыддзаг кæй нæма у. Нæй сын документтæ, цæрæнуат сын цы фæткмæ гæсгæ дих æрцыд, уый абон дæр æмбæрст нæу. Сæ хæдзæртты къорд азты цæрынц, уымæ гæсгæ паддзахад нæ фæнд кæны уыдоны сæ хæдзæрттæй арвитын. Фарст æрмæстдæр ис уый мидæг, цæмæй æрбацæуой æмæ сæ хæдзæрттæ сæхиуыл сфидар кæной. Фæлæ цæрджытæ нæ тагъд кæнынц, рæстæг ивазынц. Уымæн ис æрмæстдæр афтæ бамбарæн – нæ сæ фæнды азгæйттæ æнæфыст коммуналон фиддонтæ бафидын.

Проблемон у «Хурзæрин»-ы цæрджыты фарст дæр. Ацы микрорайон нымад цæуы паддзахады маневрæйон фондыл. Ома, ам чи цæры, уыдон сты рæстæгмæйы бындурыл. Нæй сын документтæ, афтæ ма сын нæй цæрæнуат дих кæнынмæ гæсгæ æндæр бынатмæ цæрынмæ арвитыны гарантитæ дæр. Сæ фылдæр сты, 2009 азы бигæдзаумæтты фабрикæ æмæ агуыриаразæн заводы районы æмдзæрæнты чи цард, ахæм адæм. Уæды разамынад сын ныфс бавæрдта, рæстæгмæ сæ кæй æрвитдзæн «Хурзæрин»-мæ æмæ афæдзы æмгъуыдмæ та кæй райсдзысты фатертæ ног цæрæн хæдзæртты. Рæстæгмæ кæй цардысты ацы бынаты, уый тыххæй сæм ницы документтæ ис æмæ фыст дæр никуы сты. Ныртæккæ махæн нæ бон уыдонæн ныфс бавæрын нæу, ома, сæрмагондæй сын сараздзыстæм хæдзар, зæгъгæ. Уый тыххæй горæты администрацийы кусджытæн бахæс кодтам, цæмæй азилой, феной, æцæгæйдæр чи цæры ацы районы, æмæ уыдоныл сæ фатертæ закъонмæ гæсгæ фидаргонд æрцæуой.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.