7-æм декабры информацион агентад Sputnik-ы пресс-центры презентаци уыд ног проект – Хъотайты Марияимæ æрвылкъуырион брифингтæн.

Уыцы бон ацы агентады пресс-центры фыццаг брифинг уыд РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Марияйæн.   Брифинг бацæуæн ныхасæй байгом кодта «Спутник- Хуссар Ирыстон»-ы сæргълæууæг Виталий Раднаев. Уый Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн радзырдта, зæгъгæ, уыдон райдыдтой ног проект «Брифинг Хъотайты Марияимæ» уадзын, цыран уынаффæ кæндзысты Хуссар Ирыстоны æнæхъæн къуырийы дæргъы æрцæугæ цаутæй иууыл актуалондæртыл. «Абон ацы фæзуаты эксперты хуызы ралæудзæн РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты Сæрдар Хъотайты Мария», – загъта уый.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты Сæрдар раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта «Спутник – Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæгадæн эксперты хуызы йæ брифингмæ кæй фæхуыдтой, уый тыххæй. Уый радзырдта нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты уавæры тыххæй æмæ æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта бæстæйы ацы фадыджы дарддæры рæзты плæнтты тыххæй. Загъта, зæгъгæ, журналисты професси у йæ уарзон куыст. Æнæмæнгæй, зæгъ, æргом æмæ уæндонæй дзурын хъæуы, нæ республикæйы цы цæуы хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, уыцы хабæрттыл. «Эксперттæм æз дарын кады ахаст, уый у стыр бæрндзинад. Æрмæстдæр диалогы руаджы бауыдзæн махæн нæ бон нæ бæстæйы цæуæг цаутæ объективонæй æвдисын. Абоны брифингы темæ у Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты уавæр. Адæм хъуамæ æууæндой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттыл. Журналисттæ хъуамæ уæндондæрæй æвдисой республикæйы цæуæг цаутæ. Журналист куы бацæуа чиновникмæ æмæ йын интервью кæнæ информаци куынæ радта, куынæ йын сдзуапп кæна йæ фарстытæн, уæд уый тыххæй хъæуы фыссын, критикæ кæнын. Нæ журналистикæ хъуамæ суа уæндондæр æмæ фæндвидардæр, цæмæй нæ адæм хоной «цыппæрм хицауад». Мыхуыры фæрæзты минæвæрттæ сæ раст архайдæй хъуамæ аразой æхсæнады хъуыды», – загъта уый.

Хъотайты Мария бафиппайдта, зæгъгæ, арæх журналисттæм контактмæ нæ фæцæуынц иуæй-иу чиновниктæ, кæцытæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ комментаритæ нæ фæдæттынц «Журналисты цæстæнгас æмæ политикы цæстæнгас алыгъуызон вæййынц. Журналисты фæфæнды темæ равдисын æмæ иуæй-иу чиновник та фæтырны уымæ, цæмæй æвдыст ма æрцæуа. Номхуындæй, мæ уый тыххæй фæнды, цæмæй нæ бæстæйы дзыллон информацийы фæрæзтæ суой уæндондæр æмæ ма тæрсой цауты куыд уынынц афтæмæй æвдисынæй. Уыимæ нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли журналисттæн æппæт фадæттæ дæр аразы сæрибарæй сæ хъуыдытæ æвдисыны тыххæй. Чиновник уын комментаритæ куынæ радта, уæд æй хъæуы ныффыссын, цæмæй иннæ хатт афтæ мауал бакæна, раст критикæйæ алчидæр тæрсы», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Мадзалы кæрон паддзахадон комитеты сæрдар дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн. Карсанты Гурам: «Ды дзырдтай ныхасы сæрибардзинады тыххæй. Махмæ нæ бæстæйы ныхасы сæрибардзинад цас размæдзыд у?» Ацы фарстæн Хъотайты Мария сдзуапп кодта: «Ацы фарсты бæстæйы Президенты ‘рдыгæй æз æнкъарын стыр фарсхæцынад. Президенты цæстæнгасмæ гæсгæ нæй ахæм темæ, кæцыйыл фыссæн нæй, нæй ахæм фарстытæ, кæцытæн нæй дзуапп радтæн. Президент у тынг æргом адæймаг. уый бар дæтты, алцы дæр куыд у, афтæ æвдисынæн», – загъта комитеты сæрдар.

Журналисттæ йæм радтой ахæм фарст дæр, зæгъгæ, республикæйы дзыллон информацийы фæрæзтæй иууыл хуыздæрыл кæй нымайыс. Ацы фарстæн афтæ сдзуапп кодта: «Нæ республикæйы иууыл сæйрагдæр газет у нæ мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг иунæг газет «Хурзæрин». Æнæмæнгæй йын хъæуы йæ рейтинг фæбæрзонддæр кæнын, уыимæ мæ банысан кæнын фæнды ацы газеты ныммыхуыргонд æрмæджытæ кæй вæййынц хъæуæг æмæ мидисджын. Æз фембæлдтæн Цæгат Ирыстон-Аланийы уагъдцæуæг ирон газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæимæ æмæ бадзырдтам 2018 азы дыууæ ирон газеты кусджытæн иумæ тымбыл фынгтæ ауадзыны тыххæй. Алцы дæр саразын хъæуы, цæмæй ацы дыууæ газеты кусджытæ æмгуыстад кæной æнгомдæрæй. Мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг дзыллон информацийы фæрæзтæ хъуамæ, æнæмæнгдæр, суой уæлдай популярондæр. Афтæмæй мах бахъахъ-хъæндзыстæм нæ мадæлон æвзаг.

1 декабры Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт телеэфиры рацыд «Осетия-Ирыстон», зæгъгæ. Уый у тынг хорз цау. Абон ацы компаниимæ махæн нæ бон нæу æмгуыстад кæнын техникон аххосæгтæм гæсгæ, фæлæ куыддæр фадат фæзына, афтæ араздзыстæм иумиаг алæ-вæрдтæ», – радзырдта Хъотайты Мария.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар ноджы-дæр æрдзырдта, Цæгат Кавказы дзыллон информацийы фæрæзтæн Мæхъæлы цы 5-æм форум «Россия-2018» уагъд æрцыд, уый фæдыл. Загъта, зæгъгæ, уый æрæджы æрыздæхт ацы форумæй æмæ банысан кодта, Цæгат Кавказы регионалон дзыллон информацийы фæрæзтимæ абаргæйæ нæ журналистикæйы æмвæзад кæй у бæр-зонддæр куыд стилистикæйæ, афтæ æргомдзинадæй дæр.

«Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Виталий Раднаев куыд банысан кодта, афтæмæй проекты архайдзысты  бæрзонд бынæтты кусæг чиновниктæ. «Мах бирæ рæстæджы дæргъы агуырдтам эксперты, фæлæ чиновниктæй алкæцы цæттæ нæу комментаритæ радтынмæ.  Мария Феликсы чызг фыццаг къахдзæф кæй сарæзта, уый цæвиттоны хуызæн суæд министртæн æмæ сæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд хъуамæ радтой адæмы раз», – загъта уый.

Хъотайты Мария æмæ æндæр разамонджытимæ ахæм брифингтæ уагъд цæудзысты æрвылкъуыри дæр.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.