(Мидхъуыдытæ)

ÆМБОНД  –  ХЪАХЪХЪÆНÆГ

 Адæймаджы царды æмбонд кæд фæзынд, уый иртасæг не стæм, фæлæ тынг раджы уыдаид, йæ сæйраг нысан та уæд дæр æмæ ныр дæр у хуымы, цæхæрадоны байтыдтыты æмæ æндæр ахæмты знаггадæй бахизын. Уæдæ хæдзары раз кæртмæ  дæр дзæгъæл фос, стæй дзæгъæл адæм дæр не ‘фтыдысты æмæ йæ хицауы цы фæндыд, уый дзы арæзта. Цы ис уымæй хуыздæр – дæ хуымзæххы æрæмбонд кодтай, дæ кæрты каудуар дæ фæстæ рахгæдтай, кæд гуыдырæй нæ, уæддæр æй æвдузæнæй æрыхгæдтай æмæ цу, кæдæм дæ фæнды, уырдæм, дæ зæрдæ фæстæмæ не ‘хсайдзæн.

ХОРЗ ХЪАХЪХЪÆНÆГ У ÆМБОНД!

Фæлæ уæддæр Хъарсы фидар, мыййаг, куынæ у. Бато-нæн, стæй куы бахъæуа, уæд йæ сæрты багæппгæнæн дæр вæййы. Уый хорз зонынц хъæууон лæппутæ, уæлдайдæр та раджы чи райгуырдысты æмæ ныр дадатæ чи систы. Зæгъгæ, искæйы цæхæрадоны балтæ, члауитæ, фæткъуытæ, æндæр дыргътæ зайы æмæ рæгъæд кæнынмæ фесты, уæд ма-иу сæ æмбонд урæдта! Амбырд-иу сты, æмбонды сæрты багæпп кæнын сæ бон кæмæн нæ уыд, ахæмты -иу хъахъхъæнæг баурæдтой, сæ хай сын кæй рахæсдзысты, ахæм дзырдæй. Сæхæдæг–иу, чи æнцонтæй, чи зынтæй, багæппытæ ластой æмæ-иу сæхи сæфсæстой, се тæртты ма -иу дзы хæсгæ дæр ракодтой сæ хъахъхъæнджытæн.

Æмбонд батонын тынг зын нæ уыд хуытæн дæр. Уыдон йæ сæрты нæ гæпп кодтой, фæлæ йын йæ лæмæгъ бынæттæ агуырдтой бынæй. Раздæр хуытæ бирæ дардтой адæм æмæ-иу, зæгъгæ, æвæгæсæгæй аззадысты кæцыдæр хæдзарæн, уæд-иу сабыргай, никуыдæм тагъд кæнгæйæ, араст сты хуымты ‘рдæм. Кæрæдзийы фæстæ, разæй дзæргъ, афтæмæй. Кæд-иу дзæргъæн хъыбылтæ уыдис, уæд цыдысты йæ фæстæ, стæй та – куыдстырдæрæй. Цыдысты æнæсымæй. Сæ цыдæн уаг уыдис! Цæугæ та кодтой картофы хуымты ‘рдæм. Бирæ уарзы хуы картоф!

Æмбонды райдианмæ, зæгъгæ, бахæццæ сты, уæд дзæргъ лæмбынæг кæсы алы михмæ дæр. Уый хорз зоны, фидар дзы кæцы у æмæ дзы йæ бырынкъæн чи нæ фæлæудзæн. Фидæртты иувæрсты ахизы æмæ йæ зæрдæ лæмæгъæй кæмæ фехсайы, уый раз æрлæууы, йæ бырынкъ фæцæвы дыууæ михы ‘хсæн æмæ сфæлвары йе сцъæл кæныныл. Кæд дзы ницы рауайы, уæд дарддæр ацæуы. Уыдис-иу афтæ æмæ ахæм мих куынæ ссардта, фæлæ -иу, зæгъгæ, ссардта, асаста йæ, уæд ма йæ цы урæдта! Сæр-иу дзы фæцавта æмæ иу дарддæр та сæ куыст къæхтæ кодтой – анцадысты иу гуырыл размæ æмæ ма иу æндæр михы дæр сцъæл кодтой. Уый фæстæ-иу цы ‘рцыд, уый æмбæрстгонд у – сфæйлыдтой иу картофы хуымы, уый фæстæ та – хуыты æмæ картофы хуымы хицæутты загъд-замана…

Уæдæ æмбонд фидар кæм фæлæууыдаид стурæн дæр æрæгвæззæджы. Æдтейæ бахæринаг уадиссаг ницыуал ис, æмбонды мидæгæй та- цъеритæ. Æмæ æмбонд лæмæгъдæр кæм разыны, уым æй йæ риуæй ахæссы, батоны йæ æмæ йæхи цъæх хосæй хорз фены.

Раст зæгъгæйæ, ахæм хабæртты æмбонд нæ, фæлæ адæймаг йæхæдæг вæййы аххосджын. Фидар æмбонд сараз, дæ хъус æм дар, рæстæгыл æй цалцæг кæн æмæ фæци. Фæлæ алы хатт афтæ нæ рауайы.

 

ÆМБОНД   –   ИУГÆНÆГ

Æрвылбон дæр кæй уынæм, уыцы æмбонд вæййы сыхагæй сыхаджы ‘хсæн. Дих сын кæны сæ цæхæрадæтты, сæ кæртыты. Фæлæ цы давы уыцы дихдзинад, кæрæдзийы уынгæйæ, цыдæртæ кусгæйæ кæрæдзиимæ зæрдæбын ныхæстæ куы фæкæнынц, гъе та аулæфыны охыл æмбондмæ æввахс куы балæууынц, йæ михты къуымых цъуппытыл сæ цæнгты æрæвæргæйæ, кæнæ дзы иуыл хæцгæйæ, сæ хъуыддæгтыл куы фæдзурынц. Кæд ахæм уавæры кæрты æмбонды сæрты фæныхас кæнынц, уæд уый бирæ нæ аххæссы, æвдæлон куы вæййынц, уæд. Æнæмæнг сæ иу, зæгъдзæн, æмбонды сæрты цы дзурæм, рахиз мидæмæ æмæ фæйнæ баназæм, зæгъгæ. Æмæ адджынæн абадынц, сæ нуæзт дæр бæрцыл рауайы.

Уый – нæлгоймæгтæ. Сылгоймæгтæн сæ ныхас даргъдæр æмæ дардылдæр вæййы. Стæй сæ куы æвдæла, уæд уыдоны ныхас дæр æмбонды сæрты бирæ нæ вæййы – æмбонд уыдонæн дæр сæ ныхасæн бындур æрæвæры, стæй сын хуыздæр кæм вæййы, уым æрбадынц æмæ сæ ныхас адарддæр кæнынц, хатт сæ мийæгты дæр айрох кæнынц, афтæмæй. Кæд ма сæм сыхæгты устытæй исчи кæнæ исчитæ æрбаиу вæййынц, уæд ноджы хуыздæр, цымыдисондæр вæййы.

 

ÆМБОНД   –   ИРГЪÆВÆГ

Иргъæвæг дæр куыннæ у æмбонд. Уæдæ дыууæ лæбурæджы ‘хсæн куы слæууы, кæрæдзимæ сæ куынæ уадзы, уæд уæдæ уый цы у? Æввахс сыхæгтæй дæр куыннæ разыны, ахæмтæ, сæ кæрæдзимæ чи бавзидынц. Ацы хъуыддаджы нæлгоймæгтæ уæзбындæр сты, фæлæ сылгоймæгтæ, сылгоймæгтæ! Ахæмтæ дзы разыны æмæ сæ иргъæвæг дæр нал фæуромы, æмбонд йедтæмæ. Йæ сæрты кæрæдзийæн цы фидистæ, цы æлгъыстытæ нæ акалынц! Æмæ цæй тыххæй, бафæрсдзыстут? Дæ карк мæ кæртмæ цæмæн æрбатахт, цыма тæхын кæй зоны, æмбонды сæрмæ кæй стæхы æмæ æнцад-æнцойæ сыхаджы кæрты кæй æрбады, уый йæ аххос у. Уæдæ дзы иуы хæдзарæй чысыл исты æрбайсæфт – сыхаг сывæллоныл къæрныхы ном авæры… Афтæ чысыл цыдæрты аххосæй загъд райдайы, сцырен вæййы æмæ йæ кæронмæ кæс ды!

Сыхаг устытæ куынæ хыл кæной, уæддæр дзы кæддæр кæмæдæр лæбурæг фæзыны, дæ лæппу мын мæ сывæллоны фæнадта, мæ кæркдонæй мын æйчытæ адавта æмæ æндæр цæйдæрты тыххæй. Хатт хыл афтæ скарз вæййы æмæ, зæгъгæ æмбонд се ‘хсæн нæй, уæд кæрæдзийы дзыккутæм дæр бавналиккой, æниу ма дзыкку дæр чи дары. Æмæ æмбонды сæрты дæр бавналиккой кæрæдзимæ, фæлæ хылгæнджытæй сæ иу кæддæриддæр æдыхдæр вæййы æмæ йæм уый æввахс нæ цæуы. Фидистæ, æлгъыстытыл куы дзурæм, уæд уыдон æруромын та æмбондæн йæ бон нæу. Фæлæ диссг уый у æмæ рацæуы цъус рæстæг, фæкæс æмæ æрæджыйы хылгæнджытæ кæрæдзийæн адджын ныхæстæ фæкæнынц. Æвæццæгæн сæ æмбонд хылы рæстæджы кæрæдзимæ кæй нæ бауадзы, уымæн тагъд афидауынц.

 

ÆМБОНД   –  ЗÆРДÆТЫ   ДИХГÆНÆГ

Цард размæ куыд цæуы, афтæ ивæнтæ дæр кæны. Ивынц æмбонды хуызтæ дæр. Дуртæ бирæ кæм уыд, уым сæ кæрæдзийыл амадтой. Æмбондтæ арæзтой каумихтæй, хъуаритæй, фæйнæджытæй, телхызæй, æфсæн-бетонæй, панелтæй, декоративон æмбондтæ. Фæлæ сыхагæй сыхаджы ‘хсæн фæстаг рæстæджыты цы æмбонд фæзынд, ахæм дзы никуыма уыд. Ныр сыхаг сыхагæй йæхи хицæн кæны адæймагæн йæхицæй бæрзонддæр æмбондæй. Бынты цæуы бетоны нарæг уаццаг, сагъд дзы сты æфсæн сæджындзтæ, сæджынгæй сæджындзмæ – æфсæн рейкæтæ, рейкæтæм фидар – уæрæх, ахуырст зестытæ, профнастил кæй хонынц, уый. Ацу æмæ дзы ныр хуыйы бабырын кæн, карчы йын йæ сæрмæ стæхын кæн, гъе та йæ сæрты сывæллон багæпп кæнæд! Сæйраджы сæйраг та – ацу æмæ ныр дæ сыхагыл дæ цæст схæцæд йæ цæхæрадоны кæнæ йæ кæрты. Æгæрыстæмæй, хъæууынгмæ дæр акæсæн нал ис йæ сæрты.

Ахæм æмбондыл ма хуымæтæджы каудуар кæм фидауы æмæ йæ бæсты кæртмæ бахизæны схъил кæнынц къулыйас æфсæн, уæззау, уæрæх дуар, хонгæ дæр æй къулдуар кæнынц. Фæйнæрдæм гом кæны. Цæмæй машинæ кæртмæ бацæуа. Адæймагæн та дзы йæ иу æмбисы чысыл калиткæ ацарæзтой, йæ уæлæ гуыдыр, афтæмæй. Æмæ, хæдзары уæвгæйæ, адæймаг никæйыуал уыны. Кæй нæ уынай, уый та, дам, зæрдæйæ дæр рох кæны, дарддæр кæны.

Нæ дуджы хъæздыджытæ бирæ фæзынд. Хъæуты дæр ныззилынц æддæгуæлæ хæдзæрттæ æмæ сæ сæ зæххы фадгуытимæ æрæмбæрзынц, æмбонды бæрзæнд схизын кæнынц æртæ метрмæ! Бирæтæм зестæйæмбæрзт æмбонд лæмæгъ фæкæсы æмæ саразынц агуырийæ амад къулæмбондтæ, афтæ хъуыды кæнгæйæ, зæгъгæ, фидары мад нæ куыдта.

 

ÆНДÆР ÆМБОНДТÆ

Æмбонд æрмæст адæймаг нæ аразы йæхицæн. Аразынц сæ куыстуæттæ, уагдæттæ æмæ æндæр ахæм организацитæ дæр. Цæмæй сæм фæрсаг адæймæгтæ ма цæуой, мачи сæ мацы адава, сæ территорийыл сæ цы фæнды, уый аразой. Уæдæ ахæстоны дæр куыннæ хъæуы йæ алыварс бæрзонд æмбонд. Нæ дзы уыдзæн æмæ ахæсттæ сæрибар дунемæ алырдæмыты ныййарц уыдзысты.

Æмбондтæ аразынц паддзахадтæ дæр сæ арæнтыл. Згъæрсындзджын æмбондтæ. Нæ йæ сæмбонд кæндзынæ æмæ бæстæмæ шпионтæ, диверсанттæ æмæ æндæр ахæмтæ хъуысдзысты æмæ йын знагиуæг кæндзысты. Хицæн бæстæтæ, æгæрыстæмæй, æмбонд-къултæ дæр аразынц, кæнæ аразынмæ хъавынц. Ахæм къул уыдис, куыд зонæм, афтæмæй Берлины дæр, кæцы йæ дих кодта социалистон æмæ капиталистоныл.

Æмбонды тыххæй дзургæйæ, æнæзæгъгæ нæй Китайы Стыр Къулы тыххæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн æмбонд схонæн нæй, фæлæ уый дæр арæзт æрцыдис, æм-бонд цæй тыххæй аразынц, уыцы нысанæн – кæй алыварс æхгæд цыдис, уый хъахъхъæнынæн. Китай дæр ацы къул аразын куы райдыдта, уæд æй йæ сæр хъуыдис, цæмæй йæм арæх чи бырстой, уыдонæй йæхи бахызтаид. Аразын та йæ райдыдтой нæ дуджы агъоммæ æртыккæгæм æнусы. Абон ацы уникалон арæзтадæн йæ дæргъ у 9 мин километры бæрц, йæ бæрзæнд 6-8 метры, бирæ рæтты хæццæ кæны 16 метрмæ, йæ фæтæн та астæуккаг нымадæй у 5-6 метры. Нымад цæуы дунейы иууыл зындгонддæр архитектурон арæзтæдтæй сæ иуыл æмæ дисы æфтауы, цы милуангай туристтæ йæм цæуынц, уынынмæ, уыдоны.

 

***

Рагзамантæй фæстæмæ æмбонд адæймагæн йе ‘мбæл-цон, йæ царды æнæфæхицæнгæнгæ хай у æмæ, куыд ма загътам, афтæмæй цардимæ ивы уый дæр. Цымыдисон у, цахæм уыдзæн фидæны æмбонд та?

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.