Президент Гаглойты Алан фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ – фыд æмæ фырт Быценты Багира æмæ Ирбегимæ.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта хъайтартæн сæ зын службæйы тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, стыр тасдзинадмæ нæ кæсгæйæ, фыд æмæ фырт иумæ араст сты сæ хæстон хæс æххæст кæнынмæ.

«Сымах ныридæгæн хъайтартæ стут, равдыстат уæ æнувыддзинад уæ   хæс æххæст кæнын æмæ Райгуырæн бæстæмæ. Сымах хуызæтты руаджы дуне базоны ирон адæмы æхсардзинад æмæ тых. Ныр та сæйраг у, цæмæй тагъддæр уæлахизимæ æнæ фыдбылызæй æрыздæхат фæстæмæ», – загъта Гаглойты Алан.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад равдисыны тыххæй Президент хæстонты схор­зæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдантæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.