Газеты кусæгæн чингуытæ кæсыны рæстæг арæх нæ вæййы. Бæргæ мæ фæндыд, Джусойты Нафийы номыл национ литературон премийы лауреат Наниты Асиат мын цалдæр мæйы размæ цы чиныг балæвар кодта, уый бакæсын æмæ мæ хъуыдытæ æргомæй зæгъын, фæлæ мын ныронг фадат нæ фæци.

Ныхас Асиатæн йæхи фыст чиныгыл цæуы, йæ роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст»-ыл. Чиныг уагъд æрцыд 2017 азы Цхинвалы Мыхуыры хæдзары. Рагацау æй зæгъын: фæстаг азты цы чингуытæ бакастæн, уыдонæй мæ зæрдæйыл роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст»-æй тынгдæр никæцы сæмбæлд. Уый тыххæй йæ авторæн арфæ кæнын зæрдæбынæй. Ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ бафтæд йæ къухы.

Чиныджы сæйраг архайæг у, чи сгорæттаг æмæ «кардзыд цæсгом» кæмæн ис, ахæм ацæргæ лæг, ирон уæздан лæг Дриаты Адам. Уый кæд горæты рагæй цæры, уæддæр йæ зæрдæ æдзухдæр ис, кæм райгуырд æмæ бахъомыл, уыцы хъæуы. Уым ис йæ фыдæлты артдзæст. Йæ фынтæ дæр уыимæ сты баст, йæ хъуыдытæ дæр афтæ.

Дæргъвæтин ирон-гуырдзиаг хæсты аххосæй чиныджы сæйраг архайæг Адамæн йæ фыдæлты артдзæстмæ цæуын æдас нæ уыд. Уымæ гæсгæ, кæм райгуырд, уыцы хъæуы дæс азы бæрц нал уыд. Ныр Уæрæсейы фæрцы Хуссар Ирыстоны «дæрддагдæр районмæ сырæзт армытъæпæны хуызæн лæгъз фæндаг æмæ йыл машинæтæ дыууæрдæм сыффыттытæ кæнынц… Кæд æй бафæнды, уæд та ныууайы». Уый Адамæй зæгъы автор. Фæстаг хатт йæ райгуырæн къуымы куы уыд, уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæ уæлдай тынгдæр райдыдта дзурын йемæ: «Фыдæлты артдзæст хъармдæр у… Цыма уыцы пецы цы сугтæ сыгъд, уыдон æндæрхуызон æндæвтой, афтæ мæм каст. Ме уæнгтæ, цыма, цалдæр азы салд уыдысты æмæ ныр уыцы хъарммæ стæфстысты, афтæ банкъардтон мæхи. Раст куы зæгъон, уæд мæ мæ къах уырдыгæй нал хаста… Нæ хæдзары ма куы уыдаин, фæлæ уынджы, уынджы… Уынг, уынг, нæ хæдзары раз цы уынг уыд, уый… Цыдæр тых мæ баста уынгимæ æмæ мæ уынгæй нал хаста, уынгæй, мæ къах мæ рухс æмæ хъарм фатермæ горæты…»

Æрмæст ацы хъуыдытæй дæр бæрæг у, романы сæйраг архайæг Дриаты Адам йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ Фыдыбæстæйы патриот кæй у, уый. Чиныгкæсæджы зæрдыл ам, æнæмæнг, æрбалæудзысты, уырыссаг æвзаджы базырджын чи сси, зындгонд поэты уыцы ныхæстæ: «И дым Отечества нам сладок и приятен».

Роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст»-ы æвдыст цæуынц гуырдзиаг æмæ хуссарирыстойнаг ирæтты ахастытæ 1989 азæй 2016 азмæ. Уыцы азты тыххæй мæнæ цы зæгъы романы сæйраг архайæг: «Еныр фæстаг 25 азы нæ цард у куыдзы цард. Маст æмæ дзы тыхстдзинад йедтæмæ ницы æрымысдзынæ. Кæм ма ис еныр кусæг лæг? Цы фестæм, кæм стæм  фæрсæг нæ нæй, афтæмæй та паддзахады астæумагъз кусæг æмæ зæхкусæг кълас уыдысты». Ацы ныхæстæ Адам романы кæронмæ æввахс загъта, фæлæ суанг йæ райдайæнæй дæр советон дуджы цард мысын ирдæй зыны Дриайы-фырты раст хъуыдытæй. Зæгъæм, чиныджы 8-æм фарсыл кæсæм: «…Телевизормæ дæр цас фæкæсдзынæ, стæй дзы цæмæ бакæсай, уый дзы нæдæр ис. Телеуынынад кæд уыд, уæд уыд! Советон дуджы!..»

Чиныг каст куы фæдæн, уæд ахъуыды кодтон æмæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: Наниты Асиаты роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст» у хуссарирыстойнаг лæппуты Лæгдзинад æмæ Хъæбатырдзинадыл дзурæг. Уыдон цы æхсар æмæ фæразондзинад равдыстой, уый диссагæн дзуринаг у, æмæ йæ романы сæйраг архайæг Адам сабыр æмæ уæзданæй дзургæ дæр ракодта йæ мысинæгты. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ 1989 азы кæронæй суанг 1992 азы æмбисмæ «ахстой ирæтты æмæ сын алы фыдмитæ кодтой… надтой сæ, их-доны сæ дардтой, мардтой сæ, физонæг сæ кодтой»…

Наниты Асиаты роман «Фыдæлты артдзæсты» тыххæй дзурæн ис бирæ, фæлæ газетон фæлгæтты уымæн фадат кæй нæй, уымæ гæсгæ мæ хъуыды зæгъын цыбырæй: ацы чиныг у Республикæ Хуссар Ирыстоны цардыл дзурæг 1989 азæй 2017 азы райдайæнмæ. Чиныджы фембæлæн ис æнæхъæн абзацтæ æмæ суанг фæрстæ дæр уырыссаг æвзагыл фыстæй. Кæйдæрты зæрдæмæ уый нæ цæуы, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, автор раст бакодта.

Хуссар Ирыстоны, ирон адæмы хъысмæтыл хъуыды кæнгæйæ, романы сæйраг архайæг Дриаты Адам чиныджы фæстаг фæрстæй иуыл афтæ зæгъы: «Мах хъæуы дыууæ Ирыстоны баиу кæнын æмæ Ирыстон иууонæй уыдзæни Уæрæсейы сконды».

– Æмæ æцæг сулæфиккам, кæннод нæ хæдбардзинад нæ фарсыл нæ хæцы, æххæст нæу нæ ныфс æмæ зæрдæхсайгæйæ цæрын зын у… – зæгъы Адам æмæ ма йæ хæлар поэты даргъ æмдзæвгæйæ дыууæ куплеты дæр æрхаста:

Иу хабар нæ зæрдыл дарæм:

Хъуамæ суой Цæгат ‘мæ Хуссар иу.

Уæд нæ удтæ фервæздзысты тарæй,

Цины рухсæй байдзаг уыдзæн риу.

 

Æмæ сидын æз дæумæ, мæ лымæн,

Цардивæныл нæй æууæнк, уый зон.

«Абон лæг цы нæ сараза, уымæн

Ахæм рæстæг нал уыдзæни сом».

Диссаджы раст ныхæстæ зæгъынц Адам дæр æмæ йæ хæлар поэт дæр. Уый у нæ адæмы бæллиц.

Хицæн ныхасы аккаг сты чиныджы аиппытæ. Уыдон канд автормæ нæ хауынц, фæлæ сæ дзæвгар хай  редактормæ æмæ корректормæ. Æрмæст иу фиппаинагæн æнæзæгъгæ нæй æргомæй. Уый хауы чиныджы тиражмæ. 300 экземпляры цы сты Ирыстоны дыууæ хайæн?

«Фыдæлты артдзæст» ныффыссæгæн мæ цæст уарзы ног сфæлдыстадон бæрзæндтæм схизын.

БАГАТЫ Аврам,

Джусойты Нафийы номыл национ

литературон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.