2016 азы, Хуссар Ирыстоны Æрдзон ресурсты комитеты сæргълæууæг Бестауты Балайы хъæппæрисæй Хъелы цадмæ хæстæг, цырын денджызы æмвæзадæй у 3 мин метры бæрзæндæн, Æнæном цадæн лæвæрд æрцыд  «Мады цæссыгтæ». Ацы ном сæвæрыны хъуыды Бестауты Баламæ æрцыд Беслæны æвирхъау трагедийы амæттæгтæн ныффæлдисыны  сæраппонд.

Уыцы аз Хицауады уынаффæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ фæхуыдтой ассоциаци «Беслæны мадæлтæ» -йы минæвæртты. Ассоциацийы сконды сты, сæ хъæбултæ Беслæны трагедийы кæмæн фæмард сты, кæнæ æвирхъау трагедийæ сæрæгасæй чи раирвæзтис, ахæмтæ.

Бестауты Бала куыд радзырдта, афтæмæй йæм   2005 азы фæзынд цадæн ном радтыны хъуыды: «Трагедийæ афæдз куы рацыд, уæд сырæзт «Беслæны мадæлты»-йы ассоциаци. Сылгоймæгты иу къорд æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, сæ цæссыгтæй сæхи æхсадтой, æппынæдзух сæ уадултыл сæ цæссыг мызтис. Уæд мæм фæзынд цадæн ном радтыны хъуыды. Арвы комы Æнæном цадмæ Хъелы цадæй цæуын хъæуы иу сахат æмæ æрдæджы бæрц. Ацы донлæууæн у цæссыгау сыгъдæг. Бадзырдтон Хъахъæнынады министрады хæххон къордимæ, цæмæй йæм уыдон айгæрдой фæндаг. Мах бахатыдыстæм сылгоймæгтæм, зæгъгæ рацæут æмæ фенут Ирыстоны диссаджы рæсугъд бынæттæ. Рагацау сын ницы загътам, тарстыстæм, куы нæ бафæразой зын цæуæн фæндагыл. Фæлæ алцыдæр ацыд нывыл. Уæдæ куыд? Иууыл зындæр цы ис царды, уыцы трагедийæн чи сфæрæзта, уый зынвадат фæндагæй нал фæтæрсдзæн… Нæ зæрдæтæ скъуыдтæ кодтой, мадæлтæ цад куы федтой, уæд та сæ цæсты сыгтæ куыд фемæхстысты, уымæ кæсгæйæ. Сылгоймæгтæ дзырдтой, зæгъгæ, ацы цад ахæм бæрзæндыл ис æмæ арвмæ у иууыл æввахсдæр. Нæ хъæбултæ дам, донмондагæй мардысты æмæ уыдон дæр арвыл сты, нуазыны бар дам сын дзы уæд. Уыцы æхсæв цадмæ хæстæг æрæхсæвиуат кодтой зæрдæрыст сылгоймæгтæ. Сæ иу, Сидахъаты Ритæ-Беслæны трагедийы бабын ис йæ иунæг чызг – æхсæвы фын федта, цыма йæм æнахуыр хъæлæсæй чидæр æрбадзырдта, дæ риуыл дам цы дзуар ис, уый цады ныууадз, зæгъгæ. Ритæ, йæ чызджы риуыл цы дзуар уыд, уый дардта йæхимæ æмæ æппынæдзух уыдис йæ уæлæ. Йæ диссаджы фын радзырдта иннæ сылгоймæгтæн дæр æмæ се ‘ппæт дæр сфæнд кодтой сæ дзуæрттæ рафтауын æмæ сæ цады баппæрстой. Уыйадыл æз сфæнд кодтон цадæн «Мады цæссыгтæ» ном радтын. Уадз æмæ нæ зынгхуыст хъæбултæн Хуссар Иры дæр уа сæхи къуым»,- радзырдта нын Бестауты Бала.

Номæвæрæн хъуыддаг бафæстиат ис, фæлæ 2016 азы уæддæр æнæном цадæн радтой ном «Мады цæссыгтæ». Уыцы аз дæр та æрцыдысты «Беслæны мадæлтæ»-йы асссоциацийы минæвæрттæ цадмæ балцы, семæ æрхастой, Беслæны скъолайы кæрты сæ номыл цы суадон арæзт æрцыд, уырдыгæй сыгъдæг дон æмæ йæ бакалдтой цады, ахæм ныхæстимæ: «Ацы цады уыдзысты нæ хъизæмæрттæ æмæ нæ цæссыгтæ. Цад та æвдисæн уыдзæн дыууæ Ирыстоны иудзинадæн».

Ныр Хуссар Иры ног картæйыл ис Беслæны трагедийы амæттæгты номыл цад. Туристон фадыджы «Мады цæссыгтæ»-мæ маршрут æрфидар æмæ йæм туристтæ балцы цæуынц. Беслæны трагеди та æнустæм зæрдæты баззайдзæн…

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.