Сæрды мæйты доны цухдзинад канд горæты нæ, фæлæ ма æййафынц хъæуты дæр. Азы райдианы районты къухдариуæггæнджытæ нывæзт куы саразынц, уæд уырдæм бахæссынц, кæцы хъæумæ рауадзын хъæуы дон, æмæ уыцы куыстытæ, суанг фæззæгмæ техникæ куыд феххæссы, афтæ бакæнынц.

Ленингоры районы пресс-службæ нын куыд хъусын кæны, афтæмæй районы къухдариуæггæнæг, куы йæ снысан кодтой, уæдæй нырмæ архайы хъæутæм фæндæгтæ банывыл æмæ сæ донæй сифтонг кæныныл. Ахмадзы хъæуы цæрджытæ æнæ донæй рагæй тыхстысты, хъæумæ цы дон цыд, уый нæ фаг кодта цæрджытæн. Цалдæр азы размæ сæм рауагътой суадоны дон, кæцыйы дæргъ уыд цыппар километры бæрц. Июны мæйы цы стыр къæвдатæ æруарыд, уый аххосæй  донæн йæ дренажон системæ бæласы сыфтæртæй байдзаг. Хъæуы ма цы иунæг нуазыны доны крант  уыд, уый ма чысылгай лæдæрсыд. Къуырийы райдианы Гæджиты Иларион уырдæм акодта цæрæнуатон-коммуналон кусджыты æмæ бавнæлдтой, хъæуы сæр суадон кæцæй цыд, уыцы цъай сыгъдæг кæ-нынмæ. Ныппæрстой дзы ног уæлæмхас доны хæтæлтæ æмæ хъæуы цæрджытæ сулæфыдысты. Ныр уырдæм æнæкъуылымпыйæ цæуы дон.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй коммуналон хæдзарады кусджытæ ныр та бавнæлдтой дон уадзынмæ Цъир æмæ Болы хъæутæм. Уыдоны дæр кæд бæрæг куыстытæ баконд æрцыдысты аивгъуыйгæ азты, уæддæр сæ суæртты басур баст у, хæхтыл фаг мит кæй нал уары, уыимæ.

Куыддæр куыстытæ ацы дыууæ хъæуы фæуой, афтæ та коммуналон службæйы кусджытæ ахиздзысты поселокæн йæхи мидæг æнгæс куыстытæ бакæнынмæ. Ленингоры поселокæн йе скæсæн фарс цы адæм цæры, уыдон дæр рагæй æвзарынц доны хъуагдзинад. Цæмæй поселок æмткæй донæй ифтонг æрцæуа, уый тыххæй агурынц æндæр фадæттæ. Куы бахъæуа, уæд районы ныббур кæндзысты цъай.  Бынаты монтаж æрцæудзæн донцъирæн æмæ уый руаджы цæудзæн резервуартæм.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.