«Комавтодор»-ы сæргълæууæг Гæбæраты Алан куыд хъусын кæны, афтæмæй ивгъуыд къуыри æрæвнæлдтой ахæм уынгты капиталон арæзтадмæ куыд – Ленингоры, Сагкаты Валерийы, Хъорнисы, Дзадтийы фырт, Сиукъаты Таймуразы уынгтæм, афтæ ма 8-æм Июны фæндзæм æмæ æхсæзæм фæзилæнтæм.

Уыдон арæзт цæуынц 2024 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ныртæккæ уыцы уынгтыл кусынц «Водоканал»-ы кусджытæ. Ацы уынгты зæххыбын коммуникацион хæххытæ ивд никуы уыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ. Раивдзысты дзы дон æмæ канализацион хæххытæ, алы хæдзармæ дæр бауадздзысты дон, ранæй-рæтты бакæнын хъæуы газуадзæн куыстытæ дæр, уыцы куыстытæ куы фæуой, уæд та тратуартæ æмæ асфальтгæнæн куыстытæм æрæвналдзысты. Уынгтæй кæцыдæртæ къаннæгдæр-тæ сты, уымæ гæсгæ сыл кусдзæн фæйнæ бригадæйы. Стырдæр уынгтыл та архайдзысты дыгай бригадæтæ – иутæ иу кæронæй райдайдзысты, иннæтæ та иннæ кæронæй. Æппæт куыстытæн дæр ис проекттæ арæзт æмæ кусджытæ кусынц графикмæ гæсгæ. Кæд æнæнхъæлæджы ницы къуылымпыдзинæдтæ фæзына, уæд тагъд рæстæджы ацы уынгтæ дæр сæ аивдзинадæй рафидаудзысты.

«Ацы аз сæххæст уыдзæн нæ уынджы цæрджыты стырдæр бæл-лиц. Тынг тыхстыстæм, нæ уынг хæрзарæзт кæй нæ уыд, уымæй. Къæвда бонты азмæлæн нæ уыд нæ уынджы, хæдзæрттæ бацæуæнтæм иу донæй байдзаг сты. Цæрджытæ-иу рахызтысты æмæ-иу фæндаджы дзыхъхъыты сæхи тыхтæй барастытæ кодтой, æркалдтой-иу дзы хуыр, фæлæ уый бирæйы фаг нæ уыд. Къæвда рæстæджы та-иу фехæлд æмæ дзы фистæгæйцæуджытæн нæ, фæлæ машинæтæн дæр зын ахизæн уыд», – зæгъы Ленингоры уынджы цæрæг.

Хъорнисы уынджы цæрæг сылгоймаг та афтæ зæгъы: «Æппынфæстагмæ махæн дæр нæ уынг рафидаудзæн. Хурбон рыгæй тыхстыстæм, къæвдаты та – цъыфæй. Ныр нæ цинæн кæрон нал ис. Æцæг, чидæртæ тыхсынц уынджы цы бæлæстæ ис, уыдон, дам, акалдзысты, фæлæ æндæр гæнæн куы нæ уа, уæд цы саразой кусджытæ дæр. Зæххы цъар сисын хъæуы æмæ сæ бæлæстæ хъыгдарынц. Бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ уый фæстæ дæр ныссадздзыстæм».

«Комавтодор»-ы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй архайдзысты, цæмæй уынгты арæзтад ма ныддаргъ уа. Уый тыххæй ифтонг сты техникæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй дæр.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.