РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр, милицийы инæлар-майор Наниты Игорь йæхимæ райста æрцæугæ делегацийы уæнгты, кæцыйы сконды уыдысты Уæрæсейы Федераци æмæ Абхазы республикæйы барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ. Кусæгон фембæлды æрдзырдтой фыдгæнджытимæ иумæйагæй тох кæныны æмæ ведомствоты æмахастыты фарстытыл.

«Фæнды мæ зæрдæбынæй уын раарфæ кæнын уæ бакæнгæ куысты тыххæй. Кæрæдзимæ фæлтæрддзинад æмæ информаци дæттыны фæстиуæгæн нæ куыст ссис уæлдай эффективондæр криминалон элементты ныхмæ. Ныфс мæ ис æмæ дарддæр дæр нæ ахастытæ æнгомдæр кæй кæндзысты» – банысан кодта Наниты Игорь.

Кусæгон фембæлды фæстæ Наниты Игорь йæ коллегæты схорзæхджын кодта ведомствойон хорзæхтæй.

Джиоты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.