Октябры мæйы æмбисы ирон адæм фæнысан кæнынц нæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды бон. Уый нæ литературæ æмæ историйы стыр бынтæ кæй ныууагъта, уымæ гæсгæ йын алы ирон адæймаг дæр кæны æмбæлон аргъ. Алчидæр йæ хæсыл нымайы гениалон фыссæджы ном канд йæ райгуырæн боны нæ, фæлæ йын афæдзы æрвылбон дæр йæ ном ара.

Куыд иннæ азты, афтæ ацы аз дæр Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 157 азы сæххæсты бонмæ бирæ уагдæттæ бацæттæ кодтой алыгъуызон цымыдисон мадзæлттæ, уыдон уагъд цæудзысты æнæхъæн мæйы дæргъы. Мадзæлттæ уадзджытæй алчидæр архайы, цæмæй хуыздæр сбуц кæной нæ уарзон фыссæджы, поэты, прозаикы, нывгæнæджы, æхсæнадон архайæджы ном.

Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы номыл нæ горæты централон библиотекæйы дæр 14-æм октябры бацæттæ кодтой рæсугъд мадзал «Къоста æмæ сабитæ». Йæ архайджытæ уыдысты нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы 3-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Мулдарты Аллæимæ, æххуыс ма сын кодтой Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицей æмæ гимназ «Альбион»-ы ахуыргæнинæтæ дæр. Мадзалы иууыл кæстæр хайадисæг та уыд скъолайы агъоммæ уагдоны хъомылгæнинаг Гаглойты Арсæмæг. Мысæн изæрмæ ма фæхуыдтой горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы æххуысгæнæг культурæйы фарстыты фæдыл Хуыбецты Зæлинæ  æмæ горæты администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы хистæры хæдивæг Цхуырбаты Полинæ.

Мадзалы хайадисджытæ кастысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ, йæ уацмысты бындурыл ын сарæзтой инсценировкæтæ, бакастысты ма Къостайæн йæхиуыл фыст æмдзæвгæтæ дæр, сæххæст ма кодтой зарджытæ æмæ ирон адæмон кæфтытæ дæр. Мадзаламонджытæ Багаты Алан æмæ Бекъойты Аннæ æрдзырдтой сабиты тыххæй ма генийы цы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Мæ хæрзæггурæккаг Иры сывæллæттæн» хъавыд рауадзынмæ, уый тыххæй.  Банысан ма кодтой, зæгъгæ,  уый банымайæн ис сывæллæтты фыццаг ирон фыссæгыл. Æрдзырдтой лæмбынæг Къостайы «Ирон фæндыр»-ы тыххæй дæр.

Хетæгкаты Къоста абон нæ адæмы царды цавæр бынат æрцахста, куыд ын аргъ кæнынц уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта нæ горæты централон библиотекæйы директор Ирина Прокопенко. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Къоста у стыр кады аккаг, уымæн нæ адæмы историйы ис йæхи бынат æмæ дзы адæм сты сæрыстыр. Уый нæ фысджыты кæцыфæнды фæлтæрæн дæр у куырыхон ахуыргæнæг. Цард цæуы æмæ дуг дæр ивы, фæлæ Къостайы поэзи пиллон артау судзы æмæ алы фæлтæры дæр ахуыр кæны адæймаджы хуыздæр миниуджытыл. Уый та нысан кæны, алы дуджы дæр йæ поэзи кæй у актуалон , – загъта Ирина Прокопенко.

Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл æрæмбырдуæвджытæн æрдзырдта хистæр библиотекарь Хъотайты Маринæ. Ацы библиотекæйы кусæг Коцты Людæ дæр мадзалы хайадисæг чысыл хуртæн бакаст Къостайы фыст уацмыстæй цалдæр.

Куыд æй зонæм, уымæ гæсгæ Къоста æрмæст фыссæг нæ уыд, фæлæ ма уыд диссаджы нывгæнæг дæр. Йæ конд нывтæй сæ иу «Дурсæттæг сабитæ»-йы мидисы тыххæй та скъоладзаутæн радзырдта горæты централон библиотекæйы методист Гуыззыдтаты Этери. Уый ма ноджы кæстæртæн æрдзырдта Къостайы студентон царды хабæрттыл.

Мадзалы скъоладзау фæсивæд базыдтой бирæ цымыдисон хабæрттæ Къостайы цардæй. Уымæ гæсгæ ма уыдон дæр сæ раныхасы банысан кодтой, зæгъгæ, Къоста ирон адæмæн уыд сæ карздæр сомыгæнæн, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр, афтæмæй баззад нæ абоны фæлтæрæн æмæ афтæмæй баззайдзæн фидæны фæлтæртæн дæр.

Мысæн изæрмæ æрбацæуæг уазджытæ Цхуырбаты Полинæ æмæ Хуыбецты Зæлинæ дæр загътой сæ хъуыдытæ Къостайы æмæ мадзал «Къоста æмæ сабитæ»-йы тыххæй. Уыдон банысан кодтой, кæй баззадысты райгондæй æмæ бузныджы ныхæстæ загътой йæ бацæттæгæнджытæн.

Кæронбæттæны мадзалы хайадисæг сабитæн библиотекæйы коллектив бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

 

Туаты Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.