Августы хæсты фæстæ нæ адæм ногæй æрæвнæлдтой сæ цард æндидзын кæнынмæ. Ацы хъуыддаджы та сæ иууыл æввахсдæр æмæ иузæрдиондæр æххуысгæнæг Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг адæмæн сси Стыр Уæрæсе. Растæндæр уый æгæрон æххуысы фæрцы банцад хæст нæ зæххыл, уый æнувыд æмæ зæрдиаг æфсымæрон æххуысы руаджы Къостайыхъæуы дæр ногæй æндидзын райдыдта цард. Дзæвгар уыдысты пырх æмæ сыгъд хæдзæрттæ ацы хъæуы, адæймаджы цæст сæм бакæсын дæр нæ уарзта, уымæй дарддæр хъæуы астæуккаг скъолайы бæстыхайы уындæй зæрдæ уынгæг кодта. Фæлæ кæрон æрцыд уыцы æвирхъау æмæ тухиаджы рæстæгæн. Фæсхæст аразджытæ æрулæфт дæр нæ зыдтой, куыстой счъилдысæй æмæ цыбыр рæстæгмæ ног арæзт цæрæн бæстыхæйттæ рафидауын кодтой хъæуы хуыз. Уымæй дарддæр хъæуы сырæзт, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахуыр-хъомыладон куыстæн æппæт уавæртæ дæр кæм ис, ахæм дыууæуæладзыгон скъолайы бæстыхай.

Уæрæсе 26 августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд ма адæмы цинæн кæрон дæр кæм уыд, цины хъæртæ æмæ хъæлдзæг хъæлæба хъуыст алы ранæй дæр, адæм фырцинæй зæххыл дæр нал лæууыдысты. О, цин кодтой, нырæй фæстæмæ сабыр арвы бын кæй æрвитдзысты сæ цард, уый тыххæй, кæй суæгъд сты фыдгулы дзæмбытæй, ныр сын кæй уыдзæн фадат царды хæрзиуджытæ парахат кæнын, уыдон фæллойы фæрцы ссарын. Уыцы хъуыдыйыл хæст сты Къостайыхъæуы куыстуарзаг æмбæстæгтæ дæр æмæ Стыр Уæрæсе æмæ нæ республикæйы æххуысы руаджы хъæу ивы хуыздæрæрдæм, цæрджытæн азæй аз хуыздæр кæнынц сæ цардуагон, культурон домæнтæ. Цæвиттон, хъæуы уынгтæ дæргъвæтин рæстæджы уыдысты мæгуырау уавæры. Фæлæ сæм фæстаг рæстæджы æмбæлон органты æрдыгæй ис хъусдард æмæ ныртæккæ сты бирæ хуыздæр уавæры. Зæгъæн ис æмæ дарддæр дæр уынгты хæрзарæзтадмæ ноджыдæр кæй уыдзæн фаг хъусдард. Дзæвгар куыст æрцыд хъæуы цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæныныл дæр. Рухсы телхъæдтæ дæр ивд æрцыдысты æфсæнбетонон цæджындзтæй, уымæй дарддæр æхсæвыгон рухс фæсудзы уынгты дæр. Фæсивæдæн сæ бон пайда кæнын у стадион æмæ спортзалы хæрзиуджытæй. Фылдæр кæнынц, фосдарды æмæ зæххы куыстмæ чи тырны, уыцы хицæн зæхкусджытæ æмæ арендаторты нымæц дæр. Уый та  фадат дæтты куыд хисæрмагонд хæдзарады экономикæ сырæзын кæнынæн, афтæ ма фæлхасгæнджыты домæнтæ æххæст кæнынæн дæр.

Бузныг зæгъæм Стыр Уæрæсейæн, нæ Хæдбардзинад нын чи банымадта æмæ Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ, уыцы нымæцы Къостайыхъæуы цæрджытæ дæр сабыр арвы бын сæ цард кæй æрвитынц.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.