Горæты цы уынгтæ арæзт цæуы, уыдон æмрæнхъ хæрзарæзт цæуынц бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты кæрæтты дæр. Ивгъуыд азы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ схæрзарæзт кодтой Гафез, Островски, Нæузæххонты, Фидауынгæнæг тыхты уынгты. Ацы аз куыст цыд Мамсырайы фырт, Сталины, Тæболты Сергейы уынгты. Куыстытæ æххæст кæнынц Цхинвалы администрацийы арæзтадон цалцæггæнæн хайад. Уыдон цалынмæ асфальтгæнæн куыстытæм не ’рывналынц, уæдмæ бакæнынц егъау куыст. Раууатмæ цы кæртытæ æрцыдысты, цæрджытæ мæнгагъуыстытæ кæм фæцарæзтой алыгъуызон фæйнæджы гæбазтæй, уыдон тынг фыдуынд кодтой хæдзæртты рæзтæ. Цæрджытæй бирæты нæ фæфæнды, цæмæй йын йæ мæнгагъуыстмæ бавналой æмæ загъд самайынц. Цалынмæ горæты администраци уыцы фарстатæ аскъуыддзаг кæны, уæдмæ рæстæг ацæуы. Стæй æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй «Водоканал»-ы кусджытæ дæр æрбæстон кæной канализацион хæтæлтæ. Уый фæстæ та куыстытæм бавналынц «Энергосеть»-ы инженертæ. Куыддæр электроэнергийы хызæгтæ æрбæстон вæййынц, афтæ коммуналон кусджытæ кæрты фæзуат сæмраст кæнынц, æркалынц ыл хуыр, бацархайынц бордюртæ сæвæрыныл æмæ æрмæстдæр уый фæстæ сæвæрынц асфальты фыццаг уæлцъар.

Ныртæккæ нырма кусынæн бæзгæ боныгъæдтæ кæй ис, уымæ гæсгæ ахæм æнгæс куыстытæ райдайдзысты Сталины уынджы 96, 98 æмæ 100-йæм бирæуæладзыгон хæдзæртты рæзты. Дон æмæ канализацийы хызæгтæ ам ивд æрцыдысты цалдæр азы размæ, æмæ ма ам куыст æрцæудзæн къæвдадæттæ цæуæн канализацитыл. Афтæ ма куыст цæуы бордюртæ сæвæрыныл дæр, æмæ стæй, уæззау техникæйы фæрцы æвæрд æрцæудзæн асфальт. Ам, уалдзæджы сфæлындзысты цъæхдарæнтæй дæр.

Горæты администрацийы арæзтадон-цалцæггæнæн хайады куыд зæгъынц, афтæмæй ацы кæртытæ æххæстæй æндидзыд куы æрцæуой, уæд ацы аз æндæр куыстытæм нал бавналдзысты. 2023 азæн сын ис сфидаргонд график æмæ кусынæн бæзгæ боныгъæдты бавналдзысты горæты ма аразинаг цы кæртытæ баззад, уыдонмæ дæр. Хæдзæртты рæзты сывæллæтты фæзуатты хъазæнтæ кæм ны-цъæл сты, уымыты дæр ивд æрцæудзысты ногæй.

Уазæгты Марфæ