Уæрæсейы Федерацийы стыр хъусдард здæхт цæуы фæсивæды ахуыр-хъомыладон фарстытæм, æппæт дæр арæзт цæуы, цæмæй кæстæртæ рæзой культурон æгъдауæй. Уымæ гæсгæ æмбæлон министрадты хъæппæрисæй арæх цæуынц алыгъуызон ахуырадон æмæ культурон программæтæ. Ныртæккæйы дуджы алкæцы ахуыргæнинаджы дæр — скъоладзау уа, гъе та студент, бахъæуы чингуытæ балхæныны сæр. Чингуытæ кæм балхæной, уый ис, æгæрыстæмæй, интернеты дæр сты парахатæй. Фæлæ би-рæтæ фæзивæг кæнынц, кæй та йæ къух нæ амоны. Æххуысагæн Уæрæсейы æрымысыдысты зындгонд уырыссаг фыссæг Гоголы номыл картæ, кæцыйы руаджы ахуыр чи кæнынц, уыцы фæсивæдæн сæ бон уыдзæн электронон чингуытæ æлхæнын паддзахады хардзæй. Ацы хъуыддаг цæмæй скуса, уымæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц чингуытæ æдзух кæй фæхъæуы, уыдон. Уæрæсейы «Гоголы картæ»-йы проект у æртыккаг æмæ та уый дæр хъуамæ куса банчы æххуысæй.

Зæгъæм, 2021 азы Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины инициативæмæ гæсгæ Уæрæсейы Культурæйы министрады бацæттæ кодтой «Почта-Банк»-имæ иумæ æппæтуæрæсейаг националон проект «Пушкины картæ», кæцыйæн ис хъомыладон нысаниуæг. Сæрæй эксперттæ загътой, зæгъгæ, программæйæн уыдзæнис хорз фæстиуджытæ, ома, фæсивæд цымыдис кæндзæн культурæмæ æмæ уыдон дæр архайдзысты националон традицитæ дарддæр кæныны хъуыддагыл. 14-22 азы кæуыл цæуы, уыцы фæсивæд ныридæгæн паддзахады хардзæй хуыздæр зонгæ кæнынц Уæрæсейы культурæимæ. Фæсивæдæн ацы картæйы руаджы сæ бон у бацæуын музейтæм, театртæм, фестивальтæм, равдыстытæм æмæ æндæр ахæм уагдæтты мадзæлттæм. «Пушкины картæ»-мæ паддзахад ахынцы æхцайы фæрæзтæ 5 мин сомы бæрц æмæ сæ хъуамæ спайда кæной афæдзы дæргъы, науæд сæ сфыссынц. Проекты нысан у, цæмæй популяризацигонд цæуой, фыццаджыдæр, уырыссаг аивад æмæ культурæ. Ныр фæсивæд активонæй пайда кæнынц сæ картæтæй.

Уæрæсейы ацы проект популярон æмæ æнтыстджын кæй рауад, уымæ гæсгæ Ставрополы та æрымысыдысты ног программæ фæсивæдæн, кæцыйы рахуыдтой «Лермонтовы картæ». Ацы картæйы руаджы та Уæрæсейы ахуырдзау фæсивæдæн кæддæриддæр фадат уыдзæн ацы регионы улæфæн æмæ фенддаг бынæттимæ базонгæ кæнын, афтæ ма стыр ахъаз у, цæмæй регионы туризм ноджы хуыздæр райтынг уа.

Æрæджы Хуссар Ирыстоны банысан кодтам гениалон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг æмæ нывгæнæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл 163 азы сæххæсты бон. Æмæ зæрдыл æрлæууыдысты уæлдæрбанысангонд цымыдисон программæтæ. Хорз уаид æмæ ахæм æнгæс проектыл куы бакусиккой нæ республикæйы хицауад дæр, цæмæй нæ фæсивæдæн уа цæмæ тырной, уый. Цæмæннæ ис гæнæн æмæ Хуссары æмæ Цæгаты дæр иумæ бацархайой уæлдæр банысангонд программæтæ кæм разыной, ахæм ног программæ саразыныл, кæцыйы æххуысæй æрыгон фæсивæд (УФ-йы туристтæ дæр) зонгæ кæниккой ирон культурæ, традицитæ æмæ нæ классикты сфæлдыстадимæ. Уый тыххæй нæм дыууæ Ирыстоны разындзæнис фаг культурон уагдæттæ æмæ фенддаг бынæттæ, цæмæйдæриддæр ноджы хуыздæр базоной нæ рагфыдæлтæ нын цы культурон бынтæ ныууагътой, уыдон æмæ афтæмæй парахат кæна ирон культурæ дæр.

Хетæгкаты Къостайы ном дардыл у хъуыстгонд, стыр кад æмæ йын аргъ кæнынц куыд нæхимæ, афтæ фæсарæнты дæр. Ныридæгæн йе сфæлдыстад тæлмацгонд æрцыдис 108 æвзагмæ. Хорз хъуыддаг уаид, æмæ мах та нæ бакуыстгонд националон программæ куы схониккам «Къостайы картæ» æмæ йын йæ фæрстыл куы ныффыссикам поэты зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæй рæнхъытæ. Картæйыл слоганты хуызы ис ныффыссæн: «Цæйут, æфсымæртау радтæм нæ къухтæ кæнæ «Весь мир — мой храм…» æмæ æндæр рæнхъытæ. Зæгъгæ, «Къостайы картæ» сырæзт æмæ программæ скуыста, уæд уый ахъаз фæуаид Ирыстонмæ туристтæ æрбахоныны хъуыддагæн.

Фæсивæд генийы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ спектакль кæнæ кинонывмæ куы бакæсой, уæд хуыздæр базониккой поэмæйы дзырд цæуыл цæуы, уый. Хетæджы фырты цард æмæ сфæлдыстадмæ бацымыдис кæнынæн та стыр æххуыс уаид режиссер Роман Габриайы литературон-музыкалон спектакль «Къоста», кæцы æвæрд æрцыдис йæ 160 азы юбилеймæ. Зæгъгæ ма ахæм программæйы фæлгæтты Нары хъæумæ, Дзæуджыхъæуы кæм ныгæд ис, стæй Лабæмæ экскурситæ организацигонд æрцыдысты, уæд фæсивæдæн фаг уаиккой Къостайы царды тыххæй æнæмæнгхъæуæг зонындзинæдтæ райсынæн.

Адæймаг йæхи цæстæй цы фены цы йын бацамонынц, радзурынц, уый фылдæр бахъуыды кæны. Мæ фæндон куы уаид, уæд ма программæмæ бахæссин Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй нæ ахуыргæндты лекцитæ дæр, афтæ ма Ростовы областы кæцыдæр музейтæм абалц кæнын, кæцыты æвæрд сты скифты рæстæгæй чи баззад, уыцы сыгъзæринтæ. Ростовы областы ма хорз уаид Танаисмæ экскурсситы цæуын, уымæн æмæ ацы рагон горæт баст у нæ рагфыдæлты историимæ æмæ дзы фенæн ис историон цыртдзæвæнтæ.

Ацы проектыл æнæмæнг ахъуыды кæнын хъæуы, æвзæр нæ уаид æмæ, фæсивæды культурон хъомылад æмæ рæзтæн стыр ахъаз уыдзæн, Хетæгкаты Къостайы ном та ноджы хъуыстгонддæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.