Рæстæг размæ тæхы æмæ нæ дардæй дарддæр кæны гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды удхайраджы рæстæгæй. Абон, 18-æм марты Ереды трагедийыл æххæст кæны 32 азы. 1991 азы уыцы æнамонд боны гуырдзиаг тугмондаг сырдтæ фыдмардæй амардтой æнæаххос дыууадæс лæппуйы. Уыдонæн сæ аххосаг уыд æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый. Æмæ дыууадæсæй иумæ сæ мæлæт ссардтой гуырдзиаг лæгхорты къухæй.

Ереды трагедийы амæттæгтæй сæ иу, Тъехты Махар, уыд æргомзæрдæ, хæларзæрдæ, хæрзæгъдау лæппу. Алыхатт дæр цæттæ уыд тыхст адæймагæн баххуыс кæнынмæ. Уыцы æнамонд бон æгъатыр хъысмæты фæндонмæ гæсгæ уый дæр сбадт уыцы машинæйыл. Дыууадæс нæлгоймагæй иу дæр нæ ахъуыды кодтаид 1991 азы 18-æм март сæ царды фæстаг бон кæй у æмæ сæ фæстаг фæндагыл кæй цæуынц.

Махар райгуырд 1965 азы 18-æм ноябры Цхинвалы районы Уæллаг Черейы хъæуы. Службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Куыста шофырæй Цхинвалы автоколоннæйы. Уыд Райгуырæн бæстæйы разæнгардæй хъахъхъæнæг. Ныййарджытæн иунæг фырт, фондз хойæн та — иунæг æфсымæр. Куыд иннæ бæлццæттæ, афтæ Махар дæр спайда кæнынмæ хъавыд уавæрæй, цæмæй Уæллаг Черейы хъæуæй ракодтаид йæ мады. Фæндæгтыл ацæуæнтæ нал уыд, æрæхгæдтой сæ гуырдзиаг тыхæйисджытæ. Уæллаг Черемæ фæндаг цыд гуырдзиаг хъæутыл. Уавæр та тынг æндыгъд æмæ адæм куыд гæнæн уыд, афтæ цыдысты республикæйæ. Йæ хотæй сæ иу сразы кодта Махары Хуссар Ирыстонæй ацæуыныл, æгæрыстæмæй автобусыл дæр сбадт, фæлæ фæстæмæ рагæпп кодта æмæ загъта: «Куыд хъуамæ ацæуон, куыд ныууадзон мæ Райгуырæн бæстæйы тыхст рæстæджы? Цы цæсгомæй ма æрæздæхдзынæн фæстæмæ?».

«Махар уыд не стыр ныфс. Хиуылхæцгæ, æфсæрмдзæстыг лæппу æгæрон уарзт кодта йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны. Службæ кодта Харьковы æмæ йын фадат уыд уым баззайынæн, йæ цард саразынæн. Фæндыд æй æфсæддон суæвын. Фæлæ фæстæмæ æрæздæхт йæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Махары гуырдзиаг фашисттæ кæй баурæдтой, уыцы тæссаг цауы тыххæй мын фехъусын кодта мæ хо. Æз уæдмæ цардтæн Цæгат Ирыстоны. Мæ хойы кæугæ хъæлæс абоны онг дæр мæ хъустыл уайы, кæд 32 азы рацыд, уæддæр. Нæй ферохгæнæн 1991 азы 18 мартæн», — радзырдта нын Махары хо Эвелинæ.

Уыцы дыууадæс нæлгоймагæй дыууæ азы æмæ æрдæг ницы хабар зыдтой сæ бинонтæ, æбæрæг уыд сæ хъысмæт. Сæ хиуæттæй алчидæр фæлвæрдта йæхи каналтыл исты базонынмæ. Афтæмæй сæ хиуæттыл цæссыгкалгæйæ цыдысты бонтæ. Фæлæ иу хатт Эвелинæ фембæлд ахæм адæймагыл, кæцы йын бацамыдта дыууадæс лæппуйы ингæны бынат. «Агуырдтам алыгъуызон фæндæгтæ, цæмæй исты базыдтаиккам лæппуты хъысмæты тыххæй. Бахатыдыстæм Гуырдзыстоны цæрæг хæстæджытæм æмæ нын сæ иу фехъусын кодта, зæгъгæ, ис ахæм адæймаг, кæцы зоны æбæрæгæй сæфт лæппуты хъысмæты тыххæй информаци. Æз йемæ ацыдтæн Гурмæ. Уым фембæлдыстæм информаци нын чи хъуамæ радтаид, уыимæ. Къаммæ æркæсгæйæ, нæлгоймаг уайтагъд загъта: „Дыууадæс дæр мард сты“. Ахæм хабарæй мæ зæрдæ бавзæрис. Гуырдзиаг иуварс алæууыд æмæ нæм уырдыгæй йæ хъус дардта. Ме муд куы æрцыдтæн, уæд хъæр кæнын райдыдтон: „Кæм ис, кæм ис ме ’фсымæр?“. Мæ хæстæг та гуырдзиаджы æрбакодта æввахс, фæлæ уый нал сразы йæ ныхæстыл. Фæлæ уæддæр фæстæдæр мæ хæстæгæн радзырдта рæстдзинад», — банысан кодта Тъехты Эвелинæ.

Бахатадысты йæм, цæмæй сын равдыстаид, кæм ныгæд сты, уыцы бынат, информацийы тыххæй йын баныфсæвæрдтой æхцатæй дæр. «Иу мæйы дæргъы цалдæр хатты амбæлдыстæм йемæ. Цытæ йын нæ хастам, уæдæ хæрд, уæдæ уæлæдарæс, бензин æмæ афтæ дарддæр. Иннæ лæппуты хиуæттæн ницы ма дзырдтам, тарстыстæм, куы нæ фæсайа, уымæй æмæ сын афтид ныфсытæ нæ дæттам. Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг нæлгоймаг дæр тарст йæ хиуæттæн æмæ рæстæг ивæзта. Бадзырдтам йемæ радон фембæлды тыххæй ТЭК-ы, цæмæй æруынаффæ кодтаиккам нæ дарддæры архайдтыты плæнттыл. Гуырдзиагимæ арæх кæй æмбæлдыстæм, ууыл фæгуырысхо сты Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æмæ нæ радон хатт мæ хо Наирæимæ арæныл нал ауагътой фембæлдмæ», — цæссыгкалгæйæ мысы уыцы æвирхъау цаутæ Эвелинæ.

Æппынфæстаг, сын гуырдзиаг бæрæг суммæйыл сразы ис æфсымæрон ингæн бацамоныныл. Æмæ æрмæстдæр уæд радзырдтой хабæрттæ иннæ лæппуты хиуæттæ æмæ хицауады минæвæрттæн. Æхца рахицæн кодта бæстæйы къухдариуæгад. Гуырдзиаг нæлгоймаг сæ бакодта Ередмæ æмæ сын бацамыдта кæм ныгæд сты, уыцы бынат. Эвелинæ Ередмæ ацыд йæ хион Паатаимæ. «Уый мæм радта гранат æмæ мын бацамыдта, йемæ куыд архайын хъæуы, уый. Æз æй бамбæхстон мæ уæлæдарæсы æмæ мæхицæн загътон, зæгъын, цæйнæфæлтау ацы æнæадæймæгты къухтæм бахауон, фæлтау мæхи спырх кæндзынæн». Ередмæ бацæуæны сæм æнхъæлмæ каст уыцы гуырдзиаг. Фæндагыл амбæлдысты бирæ гæрзифтонг адæймæгтыл, уыдон цæуылдæр тыхстысты, бацымыдис кодтой чи стæм, уымæ дæр. Гуырдзиаг лæг сын бамбарын кодта, зæгъгæ, мæ хиуæттæ æрбацыдысты Гурæй«, — дзырдта нын дарддæр йæ мысинæгтæ Махары хо.

Бакодта сæ уæлмæрдмæ æмæ сæ уым ныууагъта. Йæхæдæг раздæхт хæдзармæ, цæмæй скодтаид æфсæддон дарæс æмæ иннæтæй ма хицæн кодтаид. «Мах тынг тарстыстæм, æмæ цъус дарддæр ацæугæйæ æрæмбæхстыстæм. Уалынмæ фехъуыстон къæхты хъæр æмæ фæтарстæн, райстон мæ къухмæ гранат. Кæсын æмæ род хизы кæрдæгыл. Уæдмæ гуырдзиаг дæр æрбаздæхт æмæ ацыдыстæм дарддæр. Уым хъæды ссардтам адæймаджы мард буары хæйттæ, пысулты скъуыдтæ, дзабыртæ æмæ афтæ дарддæр», — йæ ныхас кодта Эвелинæ.

«Ам хуыссынц нæ ирон æфсымæртæ»

23-аздзыд Эвелинæ уыцы ныв фенгæйæ, æрдиаг кæнын райдыдта, йæ цæстыты раз сыстад йе ’фсымæр Махары фæлгондз… «Уыцы рæстæджы хъæдæй рахызтысты гæрзифтонг адæймæгтæ æмæ дыууадæс лæппуйы ингæнмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ иу ныххудт æмæ дзуры: „Ам хуыссынц нæ ирон æфсымæртæ“. Уыцы ныхæстæ мæ зæрдæйы ахызтысты æмæ куыддæр фæдæн. Фæндыд мæ ныхъхъæр кæнын, фæлæ тарстæн æмæ æдзæмæй мæ цæссыг ныхъуырдтон. Уыдон ацыдысты, æз та мæ къухтæ рауадз-бауадз кæнын райдыдтон æфсымæрон ингæны сыджытыл», — банысан кодта уый.

Джинс хæлæфты æмæ хæдоны скъуыддзæгтæ, сæрвасæн, «Саламандра» фирмæйы ботинкæтæ Эвелинæ æрæмбырд кодта, æрласта сæ Цхинвалмæ æмæ сæ радта ба-радхъахъхъæнæг органты структурæтæм. Равдыстой сæ бынæттон телеуынынады, зæгъгæ, сæ хæстæджытæй кæд исчи базона йæ хионы дзаума.

Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æмбæлон структурæты æмархайды фæрцы уагъд æрцыд мардбуæртты эксгумаци. Гуырдзиагæн æхца радтой, æрмæстдæр сын ныгæнæн бынат куы фенын кодтой, уый фæстæ. Трагедийы бынатмæ æрбацыдысты æнæмæнгхъæуæг техникæимæ. Райдианы кæм хъуыд, уым нæ къахтой. Уæд гуырдзиаг ингæныл сусæгæй æрæвæрдта дзуар, цæмæй сæ æнцондæрæй ссардтаиккой. Мæрдты æрластой æмæ сæ кадимæ баныгæдтой Згъудеры уæлмæрды.

Диссаг у æвæдза 23 аздзыд æвзонг чызг тæссаг уавæрты куыд ссардта, æвирхъау мард кæй акодтой, уыцы ирон лæппуты ингæн.

Тъехты Махарыл цыд 24 азы. Æвзонг лæппумæ уыд бирæ плæнттæ, бæллыд цардæмбал æркæнынмæ. Фæндыд æй, цæмæй йын уыдаид бирæ сывæллæттæ, сæ фылдæр лæппутæ, уымæн æмæ йæхæдæг уыд иунæг лæппу бинонтæн. Фæлæ йæ бæллицтæ баззадысты йемæ уым, уыцы æнамонды фæндагыл…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.