Ирыстоны дыууæ хайæн – хуссар, цæгат, бæлвырддæр зæгъгæйæ, дыууæ хайыл дихгонд Ирыстонæн, йæ географион-политикон хицæндзинæдтæм æнæкæсгæйæ, иу хъысмæт ис. Нацийæн, адæмæн, æфсымæртæн дихгæнæн нæй, зæххы къорийæн йæ фæйнæфарс куы цæрой, уæддæр. Кæрæдзимæ нæ цы тæгтæ бæттынц, уыдон бирæ æмæ алыгъуызæттæ сты,  æмæ ахсджиаг.

Уыцы ахсджиагдæр тæгтæй иу у информацион тыгъдады æмгуыстад кæнын, периодикон мыхуыры фæрæзтæ кæрæдзимæ хæццæ кæнын. Иу адæм стæм æмæ хъуамæ кæрæдзийы хъæр хъусæм, хъуамæ зонгæ уæм кæрæдзийы царды хабæрттимæ. Иумиаг нын цы цин æмæ рис сты, уыдон хъуамæ дих кæнæм иумæ. Уыцы хъуыддаджы бирæ кæнгæ у дзыллон-хабархæссæг фæрæзтæй. Уыдоны фæрцы уыдзыстæм зонгæ кæрæдзийы æрвылбонон царды хабæрттимæ, нæ проблемæтимæ, не ‘нтыстытимæ. Стæй хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, иу аивад, иу литературæ нын кæй ис. Уыцы аивад æмæ литературæ парахатгæнджытæ сты нæ аивадон журналтæ. Уыдон та хъуамæ хæццæ кæной Ирыстонæн йæ алы къуыммæ дæр. Уыдонæн ма хъуамæ уа хуссар-цæгатыл дихгонд арæнтæ, уыдонæн хъуамæ уа иу Ирыстон, иу аивад, иу литературæ.

Ацы ахсджиаг фарстаты фæдыл знон Ирыстоны цæгат хайæ нæ республикæмæ фæуазæг сæрмагонд делегаци Цæгат Ирыстон-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон-коммуникациты комитеты сæрдар Фидараты Юрийы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон газеттæ æмæ журналты сæйраг редактортæ, бæрнджын кусджытæ. Ирыстоны хуссар хайы дзыллæйады минæвæрттимæ сын фембæлд уыд Тыбылты Алыксанд-ры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты. Фембæлды нысаниуæг æмæ фæстиуджытимæ уæ лæмбынæгдæр базонгæ кæндзыстæм нæ газеты радон номыры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.