Ахæм рæсугъд, æнæхин хъуыдыйыл хæст уыд йæ цыбыр царды бонты зынгæ ирон поэт, публицист, критик Бахъаты Иликъойы фырт Нугзар.

Ирон литературæйы, стæй уæд, ирон чиныгкæсджыты ‘хсæнæй йæ ном рарттывта бæстонæй 1960 азæй. Уæд фыццаг хатт арвы рухс федта йæ фыццаг уæзгæ хуын «Уалдзыгон райсом». Æниу, уæдмæ, Нугзар журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Коммунист»-ы фæрстыл дзæвгар æмдзæвгæтæ ныммыхуыр кодта.

Скъолайы бандонæй кæй бавнæлдта фыссæджы стыр хъуыддагмæ, уый тагъд рахатыдысты студенттæ, Нугзар студенты бандоныл куы æрбадт, уæд.

Хъæууон лæппу æвæллайгæ разынд канд хъæууон хæдзарон, колхозон куыстыты нæ, фæлæ ма студенты æфсондзы дæр. Æвзыгъд разынд ахуырмæ, поэтикон куыстмæ, йæ адæмы историон фæндæгтæ ахуыргæнгæйæ.

Фæндзайæм азты кæрон æмæ æхсайæм азты райдианы ирон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдонæй иу – поэт-лирик Бахъаты Нугзар. Йе мзиуæттæ уыдысты Харебаты Леонид, Дзаболаты Хазби, Бестауты Гиуæрги, Козаты Исидор æмæ æндæртæ. Адонæй удæгас ничиуал ис, фæлæ йæ рæстæджы æвзыгъд зиууæттæ уыдысты. Уыцы зиууæттæй иу Бахъаты Нугзар йе ‘рдхорд Харебаты Леонидимæ æвæллайгæ куыст фæкодтой, нырыккон поэзи цæмæй рæза, фидар кæна, ууыл. Абоны бон дæр Нугзары поэзийы ахæм хъуыды уынæм;

«Хи ирхæфсæн нæу мæнæн поэзи, –

Кад æнхъæл лæгæн мæ худ нæ исын…

Ме знагæн йæ марæн нæмыг фестын,

Ме ‘мбалæн та риссын æз йæ рисыл».

Нугзармæ кæддæриддæр ис Беджызаты Чермены хъуыдытæ. Уый та фыста: «Мæ адæмы мæстæй – мæстджын дæн, сау рисæй риссы мæ зæрдæ».

Дуг æмæ рæстæджы поэт уыд Нугзар. Йæ адæмы царды фæндæгтæм каст сыгъдæгзæрдæйæ, хъары йæм кæддæриддæр лæджы хъыг, адæймаджы циндзинад. Йæ мæт, йæ цины сæр уыд Ирыстон, фыдæлты зæхх, фыдæлты уæзæг.

Бахъаты Иликъойы фырт Нугзар райгуырдис 1934 азы Знауыры районы Бахъаты хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. Ног дуджы рæзтимæ цыдис размæ, фæлæ зындзинæдты сæрты нæма ахызт. Не ‘ппæлы Нугзар йæхæдæг дæр йæ сабион бонтæй: «Ме ‘взонгдзинады бонтæй хорзæй ницы мысын,. Зæронд царды пырхæнты ног социалистон æхсæнад аразын, бæстæйы индустри сæндидзын кæнын æмæ ног суинаг дунейы экспериментон дуг куы райдыдта, уæд райгуырд ме ‘нæрæвдыд, мæ сагъæсаг рагуалдзæг». Арæх æрымысы Нугзар уыцы бонты:

«Хъæрзы мæ рагбоны мæстæлгъæдæй,

Хъæстæ дæн уый рынæй, хъæстæ дæн!

Мæ удæн йе ‘нцойы нæ сæгъгъæд ис –

Мæ уалдзæг аздæхтис фæстæмæ».

Нугзар схъомыл уæздан æмæ хæдæфсарм хæдзары. Йæ фыд Иликъо хъæубæсты, мыггаджы ‘хсæн нымад лæг уыд йæ кæрдзындæттон æмæ йæ куырыхондзинадæй. Революцийы улæнты аленк кодта, хайад иста Бургъустаны хæсты, уыд колхозон цардаразджыты цырв. Уæдæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр æнцад нæ бадт, Знауыры районы партизанон къордты архайæг уыд.

Йæ мад, Битеты Настъа кадыл мæлгæ сылгоймаг уыд, нæртон æфсин уыд сæ хæдзарæн, сæ мыггагæн, сæ хъæубæстæн. Уыимæ – къухæй арæхстджын, хæрдгæ­быдтæ æмæ тын уафынмæ – диссаг.

Ныййарджытæ кæд цыбыркъух уыдысты, уæддæр райгонд уыдысты сæ цардæй, сæ зæнæгæй. Уыдис сын дыууæ фырты æмæ æртæ чызджы.

Ралæууыд 1941аз. Ивылдысты адæм хæсты быдырмæ, знаджы ныхмæ тохмæ. Уæд адæмы хъусты нæрыд фæдисы хъæр: æппæт дæр фронтæн, æппæт дæр – хæцæг æфсадæн. Фæраст уыцы тугуарæн тохмæ Нугзары æфсымæр Федыр дæр. Уыцы тыхст дуджы, 1941 азы, Нугзар райдыдта ахуыр кæнын Бахъаты хъæуы райдиан скъолайы. Ахуырмæ æвзыгъд уыд, фæлæ фæдисы дуг алкæй развæндаг дæр æхгæдта, уæззау уыдысты хæсты азты Нугзары хуызæтты уавæртæ дæр.

1953 азы Нугзар каст фæцис Зиулеты астæуккаг скъола, уыцы аз ссис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты студент. Мæхæдæг институтмæ бацыдтæн 1955 азы æмæ уæдæй йæ амæлæты бонмæ зыдтон Нугзары. Æрмæст Нугзары нæ, уæд базонгæ дæн æртæ æрдхордимæ. Уыдон та уыдысты; Козаты Исидор, Харебаты Леонид æмæ Нугзар. Се ‘ртæ дæр уыдысты студентон поэттæ æмæ се мдзæвгæты руаджы махæн дæр уарзын кодтой ирон аив дзырды рæсугъддзинæдтæ.

Нугзар институт каст фæцис 1957 азы æмæ уæдæй, йæ литературон куысты æмрæнхъ ныллæууыд æхсæнадон куыстыл æмæ дзы фæкуыста уæхскуæзæй суанг йæ амæлæты бонмæ. Дзæвгар азты фæкодта ахуырхъомыладон куыст. Куыста журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй, рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редакторæй, активон куыст кодта, æппæт ирон адæмон змæлд Хуссар Ирыстоны Парламенты зонад æмæ культурæйы фæдыл комитеты сæрдар куы уыд, уæд.

Нугзары лæггæдтæн хицауад кæддæриддæр аргъ кодта. Хорзæхджын у «Хæлардзинады орден»-æй, дзæвгар майдантæй, кады æвдисæн гæххæттытæй.

Бахъаты Нугзар хæрз æвзонгæй байдыдта æмдзæвгæтæ фыссын, Зиулеты скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæдæй. Нугзарæн дæр Къостайы «Ирон фæндыр» уыд йæ ахуыргæнæг, аивадмæ фæндагамонæг. Йæ фыццаг æмдзæвгæ мыхуыры фæзынд 1952 азы. Уый базыртæ басагъта æвзонг поэтыл. Уæдæй фæстæмæ кæрæдзи фæдыл гуырын байдыдтой Нугзары хæрзгъæд æмдзæвгæтæ; «Фидисæн мын ма дзурут», «Фыдæлты уæлмæрд», «Дæу агурæг», «Ирыстон», «Бон кæны», «Мæ хъæу» æмæ æндæртæ.

Поэты сфæлдисгæ уацмыстæ алыварсон сты, бирæ темæтæ бацагайдтой Нугзары æнæрынцой зæрдæ. Фæлæ уыдоны хсæн сæйраг сты йæ уарзондзинад йæ адæммæ, Ирыстонмæ, йæ хæхтæм, Иры æрдзмæ.

Не ‘фсæст поэт Ирыстоныл зарынæй. Йе ‘мдзæвгæ «Ирыстон»-ы цынæ рæвдауæн ныхæстæ кæны уымæн.

Ирыстон! – Мæ фыдæлты Ир!

Ирыстон! – Мæ сомыйы зæхх!

Ирыстон, Батрадз хуыйныс!

Ирыстон! – Ацæмæз хуыйныс.

Хоны йæ Чермены, Хазбийы, Иссæйы мад, æмæ иууыл тынгдæр та «Мæ фыдæлты Ир, мæ сомыйы зæхх». Уыцы темæтæ поэт дарддæр кæны йæ иннæ æмдзæвгæ «Ирыстоны» дæр.

Нугзарæй рох никуы у Къостайы ном, æдзух йемæ дзуры табугæнгæ, архайы уый удыгъæд бæрзонд сисыныл. Æмдзæвгæ «Кæм дæ, Къоста?»-йы поэт йе стыр бæллицтæ бæтты Къостаимæ, дзуры Къостамæ, цæмæй дыккаг хатт райгуыра Нары, Уырызмæгау йæ дард балцæй æрыздæха, цæмæй нын уа Ныхасы лæг, кувæг, дзуаппдæттæг, «уазджытæ» нæ чи хоны, уыдонæн, Ирыстон дыууæ дихы кæй у, уый тыххæй.

Поэты сæйраг бæллиц у:

Кæм дæ Къоста?

Дыккаг хатт райгуыр Нары,

Дыккаг хорзæх нæ Иры хæхтæн радт.

Ныззар, хъæбулæн авдæнмæ куыд зары

Зымæгон изæр удæнцойæн мад.

Зæрдæмæ арфхъараг дзырдтæй ныв кæны Нугзар Плиты Иссæйы Фæлгонц йе мдзæвгæ «Иссæ»-йы. Хоны йæ Нартæй,   сагуæраг, денджыз, уадтымыгъ, Терчы ‘хсар, айнæгфарс, сырх æндон карды хицау.

Нартæй уыд Адайы хохау…

Уæд –

Сабыр уыд, сæрбахъуыд сахат-ард,

Денджыз уыд-йæ улæнтæ ызнæт,

Бахордта фыдæлты номæй ард.

Æмдз. «Иссæ».

Ары поэт Кучиты Юрийы ном дæр æмдзæвгæ «Мæ бæстæ»-йы. Нугзар зары Ирыстоны царды рæзтыл, йæ размæцыды фæндагыл, йæ егъау æнтыстытыл æмæ стæй сæрыстырæй зæгъы:

Дæлæ нæ бæлццон Цæгаты

Ихджын Океантæ ныссаста!

Абон нæ урс хæхты кадæн

Фарны-хъайтары ном райста».

Мады фæлгонц егъау бынат æрцахста Нугзары поэзийы. Йе ‘мдзæвгæтæ «Цæсты рухс», «Мад», «Амонд, курæм дæ – сауд ныл!» æмæ æндæрты уынæм поэтæн йæхи мады сурæт, æмткæй Ирыстоны мæдты фæлгæнцтæ алыгъуызон уавæрты.

Нугзар йæхæдæг афтæ фыссы; «Мæ мад Настъа йæ зæры бонты басаугуырм æмæ йæ тыхстæй афтæ дзырдта; «Рухсы иунæг цъыртт цæрæнбонты аргъ у». Поэт йæ мады рухс ном, йæ тухæнтæ æмæ уый стыр бæллицтыл фыссы æмдзæвгæ «Мæ мады ингæны уæлхъус»-ы.

Зæрдæмæдзæугæ сты Нугзары номарæн æмдзæвгæтæ. Кад æмæ цытимæ ары Козаты Исидоры ном æмдзæвгæ «Хæлары ном мысгæйæ»-йы. Исидор уыдис курдиатджын ирон поэт, ирон аив дзырды дæсны. Фæхъуыд æгъатыр низы аххосæй æнæрæстæджы.

Йе ‘мдзæвгæ «Н.Михайæн»-ы ныхас цæуы зынгæ поэт, прозаик, тæлмацгæнæг Нар­тых­ты Михалыл, кæцы æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ 24 августы 1977 азы йæ цардыл систа йæ къух.

Ары Хъуылаты Мулдары ном йе мдзæвгæ «Муртазы сагъæс»-ы, йе ‘взонгад æнæрæстæджы кæмæн басыгъд.

Уæзгæ хуынты хицау у Нугзар. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уалдзыгон райсом» мыхуыры рацыд 1960 азы. Уæдæй фæстæмæ кæрæдзи фæдыл сæлæф зæйау цæуынц йæ уацмысты æмбырдгæндтæ ахæм нæмттимæ; «Æнæрынцой мелоди» (1963), «Уарзондзинады зарджытæ» (1969), «Уæлахизхæссæг» (1972), «Фæстаг фыстæг» (1975), «Фыдæлты къахфæдтыл» (1978), «Мысæн бон» (1981), «Уацмыстæ» (1984), «Фыццаг фембæлд» (1985), «Æз мæ рагуалдзæг мысын» (1987), «Æхгæд фыстæг» (1990).

Æнæкæрон уарзтæй уарзта Нугзар сабиты, рæзгæ фæлтæры, царды дидинджыты.

Сабиты царды уаг, се ‘нæхин уды сконд, се змæлд, сæ хъазты фæндæгтæ æмбары æмæ раст фæлгъауы.

Поэты сæйраг фæдзæхст у:

Дуне! Фыдлæджы фæнд басæтт.

Разын нымдзæрдæ æххæст…

Сабитæ куклатæй хъазынц,

Сабитæ ма зонæнт хæст.

«Чиныг – зонды скъола», – зæгъы ирон æмбисонд. Уый у зондамонæг, лæггæнæг, царды фæндæгтæ аразæг, амонæг. Æрмæст Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» цас схъомыл кодта! Нугзар афтæ фыста: Æз нæ фæлмæцын Къостайы «Ирон фæндыр» кæсынæй. Поэт чиныджы тыххæй афтæ зæгъы:

Уый зæххыл – мæ фæдис балцы ныфс,

Сау æхсæв – мæ бонвæрнон, мæ фæд

Чиныгæй мæм царды цин æрхызт,

Чиныг у мæ рухс бæллицты зиу.

(æмдз. «Чиныг»).

Поэт фæдзæхсы йæ кæстæрты: цæрут, рæзут, сомбонæн аккаг фæлтæр рацæут, Иры сомбон бахъахъхъæнут, уæ фыдтæн фырттæн бæззут. Йæхи тыххæй та зæгъы:

Æз сæрыстыр дæн Ирæй –

Хъал æхсæрдзæнты цинæй…

Риссын мæ адæмы риссæй,

Буц дæн мæ адæмы исæй!..

Нугзар йæ адæмы патриот уыд, бирæ ахсджиаг фарстытыл фæдзырдта йе сфæлдыстады, йæ цин, йæ сагъæс та уыдысты Иры рæзгæ фæлтæр.

Нæ бафсæст Нугзар Ир æмæ Ирыстоны уынд, конд, йæ рæсугъддзинæдтæй. Абон хъуамæ, йæ 90 азы бон уаит нæ цуры, цæмæй йын йæ бирæ лæггæдты тыххæй зæгъиккам бузныг. Сымах, Нугзары амондджын адæм, цардæй бафсæдут. Фыссæг нæ мæлы, йæ фыстыты йын кæсæг куы уа, уæд.

Не ‘взагыл уæлæхох куы нæ уæм, уæд йæ раны уыдзæн Ирыстон йæ культурон хæзнадонимæ. Нугзар лæггадгæнæг уыд йæ Ирæн, нæ уыдзæн рох, цалынмæ фæстаг ирон лæг уа, уæдмæ.

Фæцæрут мын бирæ.

ПЛИТЫ Гацыр,

журналист,  Къостайы номыл паддзахадон

премийы лауреат

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.