Хуссар Ирыстоны ног историйы нысаниуæгджын æмæ егъау цаутæй сæ иу – 26 август, ныр аст азы дæргъы нысан цæуы цытджын уавæрты. Уымæн æмæ, уыцы бон сæххæст хуссайраг ирæтты стыр бæллиц. Уæд сулæфыд нæ хæствæллад Ирыстон йæ тугæрхæмттæй… Уæд, 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад æмæ дунейы политикон картæйыл фæзынд ног ирон паддзахад.

Уыцы боны цытæн къорд цымыдисон мадзæлтты æмрæнхъ киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Нæ нысаниуæгджын бæрæгбон ма уыцы бон немæ нысан кодтой нæ бæстæйы хæлæрттæ  не ‘фсымæртæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ  бæстæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты Администрацийы управленийы сæйраг уынаффæгæнæг Алексей Филатов; Федералон æмбырды Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбег; Луганскы Адæмон Республикæйы делегаци Адæмон Советы Сæрдар Владимир Дектяренко, Донецкы Адæмон республикæйæ парламентон фракцийы æхсæнадон змæлд «Донецкая Республика»-йы къухдариуæггæнæг Александр Костенкойы сæргълæудæй, РХИ-йы Хицауад, Парламенты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Цытджын мадзалы ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг, УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ айзæлыны фæстæ Президент Тыбылты Леонид мадзалы хайадисджытæн арфæ ракодта æппæтадæмон бæрæгбоны цытæн. Бузныг загъта, ацы нысаниуæгджын бон немæ чи банысан кодта, уыцы уазджытæн  Уæрæсейæ, Луганскæй, Донецкæй, æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй. Цытджын æмбырды бæстæйы сæргълæууæг йæ доклады фæстæ бахатыд, цæмæй айзæ-лой, ацы бон кæй руаджы нысан кæнæм, уыцы Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон гимны зæлтæ.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæ-нæг Битарты Вячеслав дæр арфæ ракодта Ирыстоны адæмæн. Банысан кодта, зæгъгæ,  Ирыстоны дыууæ хайы аст азы размæ слæууыдысты æмæ иумæ тох кодтой знаджы ныхмæ.

«Уыцы бонты Ирыстонæн стыр æххуыс бакодта Стыр Уæрæсе – йе ‘фсад æрбалæууыдысты æмæ знагæн нæ бантыст йæ сау фæнд сæххæст кæнын. Уæдæй абоны онг Уæрæсейы æгæрон æххуы-сæй арæзт цæуынц бирæ социалон нысаниуæджы ахсджиаг объекттæ.

Уыцы хъуыддагмæ егъау хайбавæрд хæссы Республикæйы Президент Тыбылты Леонид. Дарддæр дæр ын арфæ кæнын, цæмæй йæ хъуыддæгтæ бæс-тæйы размæцыдæн рæсугъдæй цæуой», – дзырдта Битарты Вячеслав.

Ирыстоны хуссар хайæн æй зæрдиагæй бафæндыд сабырад æмæ размæцыд.

Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы минæвар Алексей Филатов дæр арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны адæмæн бæстæйы хæдбардзинады аст азы цытæн. Æмбырды хайадисджыты базонгæ кодта Уæрæсейы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурковы арфæйы фыстæгимæ.

Луганскы адæм, æппæт Донбассы æмæ сæ республикæйы сæргълæууæг Игорь Плотницкийы номæй арфæ ракодта Владимир Дектяренко. Ныртæккæ, зæгъгæ, Донбасс дæр цæуы, Хуссар Ирыстон цы фæндагыл цыд, ууыл  – хæдбардзинадмæ.

«Мах æнкъарæм уæ æххуыс, уæ æцæг арфæйы ныхæстæ, æмæ æрцæудзыс-тæм хæдбардзинады банымадмæ», – загъта уый.

Донецкы адæмы номæй бæстæйы сæргълæууæг Александр Захарченко æмæ Адæмон Советы номæй цытджын æмбырды бæрæгбоны цытæн Ирыстоны хъайтар æмæ хъæбатыр адæмæн арфæ ракодта депутат Сергей Прокопенко.

Зæрдæбын арфæтæм ма æрбаиу Цæ-гат Ирыстоны Солдатты мæдты комитеты минæвар Гаглойты Лорæ.  Президент Тыбылты Леонидæн комитеты номæй радта Кады грамотæ æмæ зæрдылдарæн лæ-вар.

Мадзаламонæг, Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гобозты Вячеслав бакаст, уыцы бон Президент Тыбылты Леониды номыл цы бирæнымæц арфæйы фыстæджытæ цыд, уыдоны иу хай.

Цытджын мадзалы фæстæ бæрæгбон адарддæр концертон программæйæ.

КЪÆБУЛТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.