Æрвылаз дæр 15-æм октябры ирон адæм куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссары дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырæн бон. Афтæ та уыд ныр дæр. Ирон адæмы аккаг фырты тыххæй алыгъуызон мадзæлттæ ауагъдæуыд нæ республикæйы алы æмæ алы уагдæтты.

Æмæ кæд Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонæй ныр дыууæ къуыримæ æввахс рацыд, уæддæр ма ныр дæр генийы райгуырды 157-азы цытæн уагъд цæуынц мадзæлттæ. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ ирон адæмы сæрхъызой бирæ балæггад кодта йæ радтæг адæмæн.

Иу ахæм мадзал уагъд æрцыд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы сывæллæтты цæхæрадоны (йæ къухдариуæггæнæг Джиоты Мананæ). Скъолайы кары агъоммæйы уагдоны хъомылгæнджытæ Лолоты Вандæ æмæ Джиголаты Валя, музыкæйы ахуыргæнæг Икъаты Ануси сæ хъомылгæнинæгтимæ бацæттæ кодтой мадзал Къостайы тыххæй. Уыцы бон сывæллæтты цæхæрадонмæ фæуазæг сты Цхинвалы районы администрацийы ахуыры хайады минæвæрттæ, сабиты ныййарджытæ. Уагдон уыд бæрæгбонвæлыст, къултыл конд уыдысты Къостайы нывтæ æмæ йе ‘мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ.

Сывæллæттæ кастысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ. Зарыдысты Къостайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ, кафыдысты. Тынг цымыдисон рауадысты инсценировкæтæ Къостайы «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-æй. Æрæмбырдуæвджытæ  цин кодтой сывæллæтты архайдыл æмæ сын кодтой тыхджын къухæмдзæгъд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.