ИС СРАЗЫДЗИНÆДТÆ, ИС СÆ ÆХХÆСТ КÆНЫНЫ ФÆНДОН

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Ахуырад æмæ зонады æмæ Хъæууон хæдзарады министрадты хсæн æхсæнведомствæйон документтыл сæ къухтæ æрфыссыны фæстæ информацион фæрæзтæн йæ интервьюйы Хуссар Ирыстоны Ахуырады министр Гасситы Натали банысан кодта, зæгъгæ, ацы документтæм гæсгæ дзырд цæудзæн ахуырады куысты гъæд фæбæрзонддæр кæныныл, дыууæ бæстæйы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты кæрæдзимæ æрвитыныл. Уымæй дарддæр ма ацы документ ноджыдæр фидар кæны нæ министрадты æхсæн хъарм æмæ хæларадон ахастытæ кæй дарддæр кæндзысты, уыцы хъуыды. Махæн, зæгъгæ, иу нысан ис  ахуырады гъæд бæрзонддæр кæнын, уымæ гæсгæ нын ахсджиаг у, ахуырады фадыджы иудзинад æмæ раст мотиваци. Æмæ сразыдзинады цы ис фыст, уый та, министры ныхæстæм гæсгæ, æххæст цæудзæн.

«Ныфс мæ ис, æмæ нæ хорз фæстиуджытæм кæй æркæндзæн. Æввахс рæстæджы уый банкъардзысты нæ сывæллæттæ», – дзырдта Натали.

Уый ма хъусдард аздæхта, сразыдзинад æххæст кæныны фæлгæтты дзырд кæй цæудзæн дунеон олимпиадæты хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг скъоладзауты хайадистыл. Архайдзысты, цæмæй агурой фадæттæ ахуырады министрады фадыджы нысаниуæгджын мадзæлтты хайад райсынæн.

Æмгуыстадмæ сæ тырнынады тыххæй дзырдта абхазаг министр Адгур Какоба. Махæн, зæгъгæ, ис æмхуызон проблемæтæ, кусæм æмхуызон хæстæ скъуыддзаг кæныныл. Уый ма банысан кодта, цæмæй министрадты ‘хсæн уа иудадзыг  консультацитæ, кæрæдзимæ студенттæ æмæ ахуыргæнджыты æрвитыны фарстыты фæдыл. Æмгуыстады стыр хъомысад, йæ ныхæстæм гæсгæ, æмбæхст ис ахуыргæнинæгтæн улæфт организаци кæныны фадыджы дæр.

Адгур Какоба ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы аз Хуссар Ирыстонæй Абхазмæ улæфынмæ ацыдысты ахуыргæнинæгтæ æмæ баулæфыдысты сæ абхазаг æмбæлттимæ.

«Нæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ хайад райсынц Хуссар Ирыстоны уагъдцæуæг мадзæлтты. Уый æмрæнхъ мах дæр æнхъæлмæ кæсæм хуссарирыстойнаг сывæллæттæм Абхазы», – банысан кодта ныхасгæнæг.

 

ÆМГУЫСТАД ХЪÆУУОН ХÆДЗАРАДЫ ФАДЫДЖЫ

Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев банысан кодта документы актуалондзинад. Хъусдард аздæхта иумиаг проекттæ æххæст кæныны фæдыл цы фæндæттæ ис, уыдонмæ.

Хъæууон хæдзарады фадыгыл дзырд куы цæуа, уæд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы аграрон уагдæтты руаджы арæзт æрцæудзæн кусæгон къордтæ, бафысгæ сразыдзинад æххæст кæныны сæраппонд.

«Хъæууон хæдзарады актуалон проблемæтæ биноныг кæныны тыххæй хъуамæ арæзт æрцæуой æнæмæнгхъæуæг кусæгон къордтæ сразыдзинад æххæст кæнын æмæ кæрæдзимæ фæлтæрддзинад адæттыны фæдыл», – дзырдта Пухаты Лев.

Абхазы Хъæууон хæдзарады министр та дыууæ бæстæйы информацион фæрæзтæн радзырдта абхазаг аграрон фадыджы æнтыстытыл. Банысан кодта, Абхазы экономикæйы рæзты сæйрагдæртæй сæ иу кæй у хъæууон хæдзарад.

«Хæууон хæдзарады фадыджы махмæ ныртæккæ хорз размæцыд ис, рæзы алыгъуызон культурæты тыллæгæрзад.

Бафысгæ сразыдзинады дзырдæуы,  зæххы куысты  фады-джы æмархайд кæныны механизмыл, квалификацион кадртæ бацæттæ кæнын, кæрæдзийы специалистты фæлтæрддзинадæй пайда кæнын æмæ бирæ æндæр фарсттыл», – дзырдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ министртæм сæвзæрыд иумиаг фермерон хæдзарад саразыны фæнд. Æмæ, зæгъгæ, уыцы хæдзарад уадз æмæ уæт иу бæстæйы территорийыл æмæ уыдзæн æфсымæрон ахастыты æвдисæн.

Даур Тарба банысан кодта, Хуссар Ирыстоны хуыздæрæрдæм ивындзинæдтæ кæй ис. Уый арæх æрцæуы нæ Республикæмæ æмæ нын бæлвырд æнкъары не ‘нтыстытæ æмæ  æнди-дзынады хорз процестæ. Уый нысан кæны, æмæ республикæ рæзы æмæ тырны йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ.

 

ФÆНДИÆГТÆ, ЗÆРДИАГ АРФÆТÆ…

Абхазаг министр Даур Тарба Хуссар Ирыстоны тыххæй дзырта хъарм ныхæстæ: «Мах хотæ æмæ æфсымæртæ стæм. Æмæ ахсджиаг документыл дæр нæ къухтæ æрфыссæм, стæй фæйнæрдæм ацæуæм, фæлæ уый фæстæ хъуамæ архайæм йæ сæххæст кæныныл. Махæн сæйраг у, документы цы ис, уый царды ныббиноныг кæнын. Ныртæккæ цард уæззау у, дæргъвæтин рæстæг егъау хæстон фæндæгтыл рацæуыны фæстæ, цыбыр æмгъуыдмæ агросæудæджерад йæ къахыл слæууын кæнын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Фæлæ цадæггай хъуамæ тырнæм йæ сæххæст кæнынмæ. Уый тыххæй та арæх хъуамæ æмбæлæм», – дзырдта Тарба.

Ныхасгæнæг æрсидт æфсымæрон ирон адæммæ æнгом куыст кæнынмæ, йæ цæст бауарзта сабырады фæндиæгтæ, цæмæй адæмæн сæ цард уа рæсугъд, сабитæ даргъ-уæрæх цæуой.

«Фæндзæм скъолайы кæрты æз федтон æвзонг фæсивæды ингæнтæ. Нæ ног истори уыдон тугæй фыст æрцыд. Дунескæнæгæн фæндон уæт, æмæ  нын уыцы дуг фæлхатт мауал æрцæуæт. Абон цы аразæм, уый аразæм уыдон рухс нæмтты сæраппонд. Не ‘нтыстытæ дæр уыдон руаджы сты абон.

Æз мæ сæрæй ныллæг кувын, цы мæдтæ сæ схъомыл кодтой, уыдон раз», – дзырдта уый.

Йæ фæсныхасы Даур раргом кодта йæ зæрдæ ахæм хуызы: «Æз уарзын ирон адæмы æмæ Ирыстоны».

Банысан кæнын ма хъæуы уый æмæ нæ абхазаг уазæг афтидарм кæй нæ уыд, рæдауæй  уæрста махæн, информацион фæрæзты минæвæрттæн абхазаг мандаринтæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.