8-9 июлы Уæрæсемæ кусæгон балцы фæуазæг Индийы премьер-министр Нарендра Моди æмæ фембæлд Владимир Путинимæ. Ацы фембæлдæн ис стратегион нысаниуæг æмæ уымæ гæсгæ ныгуылæн бæстæты разамынад фырмæстæй аскъуыдысты. Нæ сын рауад Индийы хуызæн хъомысджын паддзахады Уæрæсейæ фæиппæрд кæнын. Уымæй уæлдай ма Моди Путины рахуыдта йæ зынаргъ хæлар æмæ дипломатон æвзагыл ацы факт дæр бирæйыл дзурæг у.

Фæстаг 30 азы дæргъы АИШ æмæ йæ сателлиттæ архайынц Китайы ныхмæ, æхгæнынц ын йæ фæндæгтæ, æндавынц ын йæ экономикæйы размæцыдыл, хæссынц ын алыгъуызон санкцитæ, йæ ныхмæ йын скодтой регионы иууыл хъомысджындæр паддзахад Индийы. Фæлæ уæддæр сæ фæндтæй ницы рауад. Китай нырма Уæрæсеимæ схæлар æмæ ныр та Уæрæсейы фæрцы Индиимæ дæр йæ ахастытæ бæрæг фæхуыздæр сты. Æмæ уавæр куы нæ фæива, уæд хæрзцыбыр рæстæгмæ Инди æмæ Китай дæр суыдзысты цæдисон бæстæтæ.

Путин ацы фембæлды руаджы дарддæр кæны йæ стратегион программæ – Азийы бæс­тæтимæ йæ ахастытæ æмæ алыварсон бастдзинæдтæ сфидар кæнын. Ацы аз майы мæйæ фæстæмæ фембæлд ныр­ма Китайы лидеримæ, стæй та Цæгат Корея æмæ Вьетнамы разамынадимæ. Кусæгон балцыты фæстиуæгæн бафыстой сæдæгай бадзырдтæ миллиардгай долларты гуырахсты æмæ сæм дарддæр дæр ис дзæвгар пълæнттæ æмгуысткæнынады къабазы.

Индийы премьер хуымæтæджы не ‘рцыд дыууæбонон кусæгон балцы. Йæ нысан уыд дзæвгар темæтыл аныхас кæнын Путинимæ – фидæны стратегион æдасдзинадыл бадзурынмæ, энергоресурстимæ баст фарстатæ аскъуыддзаг кæнынмæ, дыууæ бæстæйы экономикæты интеграцион процесстæ фæарфдæр кæнынмæ. Цæуыл дзырдтой бæлвырдæй, уый æргомæй ничи зæгъдзæн, фæлæ дзы уæддæр рабæрæг сты экономикон æмгуысткæнынады фæдыл бафысгæ бадзырдтæ. Бæлвырдæй æрдзырдтой наутæ аразыны райрæзты иумæйаг проекттыл, атомон объектты арæзтадыл, финансон системæты интеграцийыл.

Ацы кусæгон балцæй Индийы разамынад æргомæй равдыста, кæй сты Уæрæсейы политикон æмæ экономикон æмцæдисонтæ, кæй сæ фæнды æмгуыст кæнын алыгъуызон къабæзты ныгуылæн бæстæтæм æнæкæсгæйæ, кæй не сты разы алыгъуызон æнæзакъонон санкцитимæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Модийы ныр æртыккаг хатт кæй снысан кодтой премьер-министрæй æмæ йæ фыццаг кусæгон балц та сарæзта Уæрæсемæ. Ацы фактæн дæр ис символикон нысаниуæг – алкæцы бæстæйы лидер дæр йæ фыццаг визит саразы йе ‘мцæдисон паддзахадмæ, кæнæ та йæ стратегион партнермæ.

Дунейы æдасдзинад

Æнæмæнг Путин æмæ Моди ацы те­мæйы фæрсты нæ ахызтаиккой. Дыууæ бæстæйæн дæр æмхуызон позицитæ ис Сири æмæ Афганистаны проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фарстаты. Уымæй уæлдай ма Инди дæр тынг тыхсы æхсæнадон терроризмæй æмæ иунæгæй йæ ныхмæ фæлæууын йæ бон нæ бауыдзæн. Уæрæсейæн та терроризмы ныхмæ тохты стыр фæлтæрддзинад ис æмæ дыууæ бæстæйы сæрмагонд службæтæ сæ архайд куы координаци кæной, уæд æнтыстджындæр уыдзысты. Рох нæ ма уæд, террористты фылдæр хай кæй сты Астæуккаг Азийы минæвæрттæ æмæ ацы регионы Уæрæсе æмæ Индийæн егъау æндæвдад кæй ис.

Национ валютæтæ

Ацы саммитæн ма уыд объективон аххосæгтæ дæр. Индийы разамынады ныгуылæн бæстæтæ АИШ-ы сæргълæудæй ныр æртæ азы дæргъы разы кæнынц Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ райсыныл, нæ сæ уадзынц уæрæсейаг компанитимæ кусын, скъуынын сын кæнынц экономикон бастдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ фæстаг рæстæджы индийаг товарты гуырахст Уæрæсейы нæ фæфылдæр, уымæн æмæ индийаг бизнесы минæвæрттæ тæрсынц америкæйаг санкцитæй. Инди йæхæдæг бирæ фылдæр товартæ æлхæны Уæрæсейæ, уæлдайдæр та – æрдзон ресурстæ. Фæлæ ахæм уавæрæн дарддæр исты æрымысын хъæуы. Доллартæ æмæ евротæ Уæрæсейы нал хъæуынц санкциты фæстиуæгæн æмæ националон валютæтæм куы ахизой, уæддæр проблемæ скъуыддзаг нæ цæуы. Уымæн æмæ Уæрæсе Индимæ фылдæр товартæ уæй кæны æмæ сын стæй сæ валютæйæ, ома, рупитæй кæм спайда кæндзæн? Уымæ гæсгæ æнæмæнг хъæуы фæфылдæр кæнын Индийы экспорт Уæрæсемæ æмæ дыууæ лидеры кусæгон фембæлды рæстæджы æрдзырдтаиккой ацы проблемæйыл дæр.

Индийы кæронмæ фæхæццæ кæны атомон электростанц «Куданкулам»-ы арæзтад. Аразы йæ Росатом. Ныры фембæлды ма бадзырдтой ноджы иу ахæм АЭС саразыныл. Æмæ ахæм проекты аргъ та ахизы миллиардгай доллартæй.

Фидауынгæнæг бæстæ

Йæ рæстæджы Индийы разамынад не сразы сты Хъырымы æрдæгсакъадахы цæрджыты референдумы фæстиуджытимæ æмæ йæ ныр дæр официалонæй нæ нымайынц Уæрæсейы территорийыл. Ацы хъуыддагæн дæр ис объективон аххосæгтæ. Индийы цалдæр регионы ис тыхджын сепаратистон змæлдтытæ, ома уыцы регионты цæрджыты фæнды Индийы скондæй рахизын. Донбассы  æмæ Хъырымы æрдæгсакъадахы хабæрттæм дæр сын уымæн ис ахæм ахаст. Иннæрдыгæй та, æрæджы Швейцарийы цы фембæлд уыд Украинæйы фæдыл, уым Индийы минæвæрттæ сæ къух нæ бафыстой Уæрæсейы ныхмæ резолюцийыл. Ахæм нейтралон позици та рагæй фæстæмæ у Индийы стратегион политикæ. Абоны бон дæр Инди иунæг æфсæддон-политикон цæдисы дæр нæ архайы, æмбæлы алкæцы бæстæйы разамынадимæ дæр, аразы алыгъуызон бастдзинæдтæ æппæт бæстæтимæ. Ома Индийы схонæн ис фидауынгæнæг бæстæ, хурныгуылæн æмæ хурыскæсæн, цæгат æмæ хуссар бæстæты ‘хсæн «ныхасы лæг». Фæлæ ныры глобалон политикон уавæры ныгуылæн бæстæтæ йемæ не сразы уыдзысты. Уыдонæн се ‘вварс куы нæ уай, уæд сæ ныхмæ дæ.

АИШ ныр цалдæр азы дæргъы æппæт информацион фæрæзты хъусын кæны, зæгъгæ, æгас дуне Уæрæсейы ныхмæ сты. Фæлæ æцæгæй та афтæ нæу. Индийы цæрджыты нымæц у фылдæр æрмæст Евроцæдисы бæстæтæй нæ, фæлæ ма НАТО-йы сконды бæстæты цæрджыты нымæцæй дæр. Æмæ ма ардæм Китайы дæр куы æрбамбал кæнæм, стæй ма БРИКС-ы скондмæ бацæугæ бæстæты, уæд Уæрæсейы æвзæрмæбæлджыты нымæц уыдзысты бæрæг къаддæр. Æниу англосаксойнаг лæгмартæн та цы уæлдай у?

Индийы æфсæддон хъомысад бæрзонд у æмæ бирæ æхсæнгарз уæй кæнынц фæсарæнтæм. Æрæджы уæрæсейаг æфсæддонтæ Украинæйы бафиппайдтой индийаг сармадзанты нæмгуытæ. Фæлæ Индийы бæрнон кусджытæ загътой, зæгъгæ, Украинæйæн иунæг нæмыг дæр никуы радтам. Фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй уыцы индийаг сармадзанты нæмгуытæ Украинæмæ æрбахаудысты Польшæ æмæ Словенийыл. Индийы разамынад бафæдзæхста, цæмæй йын йæ хæцæнгарзæй мачи пайда кæна Украинæйы цæуæг хæстон архæйдтыты.

Украинæйы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн Индийы разамынад нымайы æр­мæстдæр баныхас кæныны руаджы. Моди куыд бамбарын кодта, афтæмæй хæстон архæйдтыты рæстæджы иунæг конфликт дæр не ‘рсабыр нæмыг æмæ хæцæнгарзæй ифтонг кæныны руаджы. «Ацы проблемæйæн йæ хос у æрмæстдæр диалог. Мах кæд­дæриддæр цæттæ стæм сабырдзинад ныллæууын кæнынæн æппæт къахдзæфтæ саразынмæ. Путины позицимæ байхъусгæйæ мæн ныфс бацыд, ацы конфликтæн кæй ис æрсабыр кæнæн».

Экономикон æмгуыстад

Уæлдай хъусдард Владимир Путин æмæ Нарендра Моди аздæхтой экономикон проекттæм. Ныридæгæн дыууæ бæстæйы товарты æрзылды гуырахст у 65 миллиард доллары æмæ ацы аз ноджы хъуамæ фæфылдæр уа – 20 миллиард доллары сыл хъуамæ бафта. Бадзырдмæ гæсгæ та 2030 азмæ товарты æрзылды гуырхаст хъуамæ уа, æппынкъаддæр, 100 миллиард доллары. Уымæй уæлдай ма бæрæг фæхуыздæр уыдзæн æфсæддон-техникон æмгуыстад. 20 азы размæ Инди йе ‘фсады хъæуæг хæцæнгарзæй 70% бæрц æлхæдта Уæрæсейы. Ныртæккæ уыцы нымæц æрхаудта 28% онг. Уымæ гæсгæ дыууæ лидеры бадзырдтой, цæмæй ацы къабазы схизой раздæры бæрæггæнæнтæм.

Дыууæ бæстæйы бангты минæвæрттæ дæр бафыстой цалдæр бадзырды. Эксперттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй Инди нырма нæ бауæнддзæн æхцафидæн «Мир»-ы системæ сæхимæ скусын кæнын. Тæрсынц АИШ-ы санкцитæй. Фæлæ æнæ ацы системæйæ дарддæр кусæн нал ис æмæ уыцы хъуыддаг æмбарынц индийаг коллегæтæ дæр. Æвæццæгæн уал райдианы ацы системæ кусдзæн æхгæд режимы, цæмæй йын йæ транзакцитæ мачи бæрæг кæна. Ацы хъуыддаг стыр ахъаз уыдзæн бизнесы райрæзтæн æмæ экономикон хæдбардзинадæн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.