Куыст цæуы фæсфæд

уынгты хæрзарæзтадыл

Хæрзарæзт цæуынц нæ горæты Остъайы фырты 46, 48 æмæ Сталины уынджы 115, 119 бирæуæладзыгон хæдзæртты раз территоритæ. Ацы куыстытæ æххæст кæнынц нæ горæты администрацийы цалцæггæнæн арæзтадон управленийы кусджытæ. Хæдзæртты раз цы бæлæстæ сагъд сты, уыдонæн сæ къалиутæй бирæтæ кæй бахус сты, æмæ тыхдымгæты рæстæджы тас кæй уыд сæ æрхауынæй, уымæ гæсгæ уал фыццаг рады кусджытæ бахсæстой бæлæсты. Ссыгъдæг кодтой брæттæй хæдзæртты алыварс территоритæ æмæ уый фæстæ æрæвнæлдтой цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæм. Кусджытæ кусынц цырд темптæй, куыд загътой, афтæмæй сын хъуамæ бантыса рæстæгыл æппæт куыстытæ дæр сæххæст кæнын. Куыддæр коммуникацион куыстытæ бакæной, афтæ, æрæвналдзысты бордюрты æвæрынмæ, стæй бакæндзысты асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ.

Ныридæгæн сын бантыст куыстыты стыр гуырахст бакæнын. Æххæст сты кусæгдых æмæ арæзтадон æрмæджытæй дæр. Хæрзарæзтадон куыстытæ ма бакодтой Харебаты Исахъы æмæ Сталины уынджы 102 æмæ 123-æм бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты.

Хæрзарæзтады комбинаты прораб Гæбæраты Радион куыд зæгъы, афтæмæй ахæм куыстытæ уыдон кæндзысты дарддæр дæр.

Афтæ æмæ, рæсугъдæй-рæсугъддæр кæнынц канд нæ горæты централон уынгтæ нæ, фæлæ хицæн цæрæн корпусты алыварс территори дæр.

 

Æрцыд парчы рад дæр

Хистæр фæлтæры адæм ма хорз хъуыды кæнынц, нæ горæты фенддагдæр бынæттæй сæ иу кæй уыдис Культурæ æмæ улæфæн парк. Ныр дæр ма цæстытыл ауайынц, цы алыгъуызон аттракционтæ, æндæр хиирхæфсæн бынæттæ дзы уыд, уыдон. Фæхс-бандæттыл бадгæйæ та сæ сæрибар рæстæг ны-хасгæнгæ æрвыстой куыд æрыгон фæсивæд, афтæ ацæргæтæ дæр. Ацы парчы æнкъардгæнæн нæ уыд, уымæн æмæ дзы алкæмæн дæр чысылæй-стырмæ уыд, йæхи цæуыл аирхæфстаид, уый.

Фæлæ 90-æм азтæй фæстæмæ ам ахæмтæй ницыуал аззад. Ныппырх сты, цы аттракционтæ дзы уыдис, уыдон. Фехæлд, йæ рæсугъддзинадæй йæхимæ адæймаджы чи æлвæста, уыцы аразгæ цад. Ныппырх сты фæхсбандæттæ, чысыл кафе. Ных-хæлæттаг, цы киноконцертон зал дзы уыдис, уый. Уæдæй абонмæ æнхъæлмæ каст йæ аразджытæм ацы парк. Æмæ йæм ныр амонд йæ мидбылты бахудт. Ацы бонты йæм æрæвнæлдтой аразынмæ Цхинвалы арæзтадон компани. Йæ директор Цхуырбаты Вильям куыд зæгъы, афтæмæй уал æрæвнæлдтой цады арæзтадмæ. Уымæн уал арæзт цæуынц йæ кæрæттæ, ссыгъдæг ын кодтой йæ бын, байтындздзысты йын, йæ быны кæрдæг чи нæ суадза сзайын, ахæм кæттаг, стæй дзы сараздзысты, лыстæг хуынчъытæ чи уыдзæн, ахæм згъæр хыз æмæ дзы ныккалдзысты лыстæг хуыр, стæй та лыстæг дуртæ æмæ йæм уæд рауадздзысты дон.

Уымæй дарддæр ма кусджытæ райхæлдтой, цы боксы скъолайы агъуыст дзы уыд, уый æмæ кафейы агъуысты пырхæнтæ æмæ сæ аластой брондонмæ. Цы хус бæлæстæ ралыг кодтой, уыдонæн скъахтой æмæ брондонмæ аластой сæ бындзæфхæдтæ. Иудзырдæй, ам нырма куыст цæуы парчы территори ссыгъдæг кæныныл. Боксы скъолайы агъуысты бынаты арæзт æрцæудзæн машинæтæлæууæн бынат. Уыдæттæ бакæнын домы бирæ куыст æмæ рæстæг, фæлæ Вильям куыд зæгъы, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр баконд æрцæудзысты банысангонд æмгъуыдтæм.

Цхуырбайы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй ам арæзт æрцæудзæн сывæллæттæн хъазæн фæзуат, уыдзæнис дзы фонтан, тезгъогæнæн фæзуат. Дзырд цæуы шахматон клубы сырæзтыл дæр, фæлæ йæ арæзтад, Вильям куыд зæгъы, афтæмæй ахæсдзысты фидæн азмæ. Ныр та уал Мæскуыйы уынджы кæронæй бынмæ, паркмæ, цы асинтæ ис, уыдон æрцæудзысты демонтажгонд. Парчы цы бæлæстæ ис, уыдон бахсæдынмæ та æрæвналдзысты нæ горæты хæрзарæзтады комбинаты цъæхдарæнты хайады кусджытæ. Уыдон, Вильямы хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр зонынц, куыд сæм базилын хъæуы, уый.

Уæдæ, рæхджы йæ хуыз скалдзæн Культурæ æмæ улæфæн парк дæр. Уый арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

 

Рæзы бонæй-бонмæ

Бонæй-бонмæ рæзы уазæгдон «Ирыстон» æмæ йæ фæрсты ахизгæйæ æхцондзинад хæссы зæрдæйæн. Сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм куыст нæ банымæг вæййы, кусынц æгæрыстæмæй улæфт бонты дæр. Ам баконд æрцыдысты фыццаг уæладзыджы астæрды бетонон куыстытæ æмæ æрæвнæлдтой систæ амайынмæ. Дыккаг уæладзыджы дæр æвæрд æрцыдысты монолиттæ, арæзт цæуынц, къултæ кæуыл æнцой кæндзысты, уыцы цæджындзтæ, астæрд æмæ рæхджы райдайдзысты æртыккаг уæладзыг аразын.

Тындзынц кусджытæ арæзтадон объект агъуысты бын рæстæгыл фæкæнынмæ. Æмæ сæ архайдæй бæрæг у, уыцы æнтыст сæ къухы кæй бафтдзæнис. Сæ хъуыдымæ гæсгæ тагъд æрбалæудзæн зымæг, æмæ уæдмæ та хъуамæ бакæной æддагон куыстытæ. Уый фæстæ йæм бауадздзысты хъæрмад æмæ зымæгон хъарм хатæнты та бакæндзысты мидæггагон куыстытæ. Кусджытæ арæзтадон æрмæджытæй сты ифтонг.

Уæдæ, нæ горæты Театралон фæзуат уазæгдоны сырæзтæй ноджы кæй фæаивдæр уыдзæн, уый ныридæгæн бæрæг у.

 

Сæххæст сæ

бæллиц

Дарддæр ивд æмæ цалцæг цæуынц, нæ горæты 2008 азы августы хæсты сæ хæдзæртты æмбæрзтытæ кæмæн ныппырх сты, уыцы цæрджыты хæдзæртты æмбæрзтытæ.

Ныртæккæ ахæм хæдзары сæр ивд цæуы нæ горæты Советон уынджы 20-æм хæдзары. Хæдзар дих у дыууæ бинонтыл. Иуæрдыгæй фарс дзы цæрынц Тедеты, иннæрдыгæй та – Коцты бинонтæ. Æмæ, зæгъæн ис, уыцы иурæстæджы амонд йæ мидбылты кæй бахудт дыууæ бинонтæм дæр. Ацы бонты кусджытæ æрæвнæлдтой хæдзары сæр æмбæрзæн куыстытæм.

«Мæ хæдзары сæр тынг бахъыгдард ис хæсты рæстæджы, тагъдис дзы къæвда рæстæджы æмæ тынг тыхстæн. Æз кæд уый тыххæй бирæ хæттыты бахатыдтæн æмбæлон инстанцитæм, уæддæр мæ хъуыдыгæнæг нæ уыд æмæ-иу фæмаст кодтон. Ныр æрæджы æз куырдиат ныффыстон Бибылты Анатолимæ æмæ йæм уайтагъд бахъардта мæ тыхстдзинад. Æрбарвыстой кусджытæ æмæ мын æрæвнæлдтой мæ хæдзары сæр ивынмæ. Тынг райгонд дæн сæ куыстæй. Æмæ стыр бузныг зæгъын нæ Президентæн, мæгуыры рис кæй æмбары, уый тыххæй. Арфæйаг хъуыддæгтæ аразы æмæ арфæгонд уæт йæхæдæг дæр. Стыр бузныг, йæ тыхтыл чи нæ ауæрды, уыцы кусджытæн æмæ Сиукъаты Олегæн дæр. Раст зæгъгæйæ, мæ уырнгæ дæр нал кодта, ахæм хæрзиуæг мыл 10 азы фæстæ æрцæудзæн, уый», – загъта цингæнгæйæ хæдзары хицау Тутарашвили Маринæ.

Бестауты Валя  

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.