Азæй-азмæ республикæйы фылдæрæй-фылдæр кæны хæрзарæзт уынгты нымæц. Ацы аз Цхинвалы хæрзарæзт æрцæудзысты 13 уынджы æмæ фæзилæны, кæцытæ иу кæнынц горæты стырдæр уынгты. Ныртæккæ уыдонæн сæ фылдæры уагъд цæуынц зæххы бын коммуникацитæ.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик кусæгон æмбырд ауагъта паддзахадон организациты æмæ профилон ведомствоты минæвæрттимæ, цæмæй æруы-наффæ кодтаиккой, куыстытæ куыд цæуынц, ууыл.

«Горæты цæрынæн комфортон уавæртæ аразын у Хицауады ахсджиагдæр хæстæй сæ иу, – банысан кодта Пухаты Эрик æмбырды райдианы. – Мах иу-уылдæр æмбарæм, горæты уавæрæй бæрæгбæрцæй кæнгæ кæй у æмбæстæгты цардархайды гъæд. Алы хæрзарæзт уынг дæр циндзинад хæссы, бирæ азты дæргъы хæлд уынгтыл цæуынæй чи тыхстыты, уыцы æмбæстæгтæн. Уымæ гæсгæ ахс-джиаг у, цæмæй æрмæст афоныл арæзт ма цæуой, фæлæ ма гъæдджынæй дæр».

Аразджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй æндæр æмæ æндæр куыстытæ æххæст цæ-уынц Сомихы, Кутузовы, Герцены æмæ Дзауы уынгты. Колыты Аксойы уынг цæттæ у асфальты фыццаг фæлтæр æвæрынмæ. Асфальты фыццаг фæлтæр æвæрд æрцыд Фæсивæды уынджы. Дыккаг фæлтæр тагъд æвæрд æрцæудзæн Скъолайы уынджы. Аргъуаны раз фæзуаты арæзтадон куыстытæ цæу-дзысты августы фыццаг декадæйы дæр.

Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ Заводы уынджы иуцасдæр фæстейæ зайынц, фæлæ аразджытæ ныфс æвæрынц куысты темптæ фæтагъддæр кæнынæй.

Пухаты Эрик æмбырды хайадисджыты хъусдард аздæхта хæрзарæзтадон куыстыты æм-гъуыдтæ хъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ. «Фæззыгон къæвдаты райдианмæ, кæцытæ гæнæн ис бандавой куыстыты гъæдыл, бирæ рæстæг нал баззад æмæ уый та нысан кæны, æппæт фадгуыты дæр кæй фæтагъддæр хъæуы куысты темптæ», – загъта уый.

Хицауады Сæрдар ма аразджыты хъусдард аздæхта, цæмæй уынгты хæрзарæзт кæнгæйæ, хынцыд цæуой цæрджыты фæндæттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.