– Мурат, куыд у де ‘нæниздзинад? Дæ уæхскы травмæ ма дæ хъыгдары?

-Хуыцауы фæрцы, мæ къух бонæй бон хуыздæр кæны. Цадæггай йæ тренировкæ кæнын. Дыууæ мæйы фæстæ æрæвналдзынæн нормалон тренировкæтæм.

– Цæмæй спортивон формæйы уай, уый тыххæй Уæрæсейы тренировкæ кæныс?

– О, мæ райгуырæн Дзæуджыхъæуы тренировкæ кæнын бон дыууæ хатты. Мæхи дарын формæйы.

– Дæ уæз ма 90 кг  у?

– Чысыл бафтыдтон. Уый нормалон фæзынд у, фæлæ контроль кæнын мæ уæзыл, архайын, цæмæй æгæр бирæ ма хæрон.

– Нæ бафæлладтæ Усикимæ реванш ауадзыны тыххæй фарстатæй?

– Цы зæгъон? Алкæмæн дæр цымыдисон у…

– Зын дын у уыцы тох мысын?

-Хъыг мын у, фæлæ уый цард у. Цы уыдис, уый уыдис.

– Иууыл сæйрагдæр дын уыцы тохы цы нæ рауад?

– Æвæццæгæн, алцы дæр. Усик, æцæгæйдæр, разынд нæ уæзы категорийы иууыл тыхджындæр боксер. Ацы тох мын бирæ цæмæдæрты бакодта мæ цæстытæ. Раздæр куыд тренировкæ кодтон, уымæй хъæуы иу мин проценты фылдæр  тренировкæ кæнын.

 

«СЫРÆЗТÆН, САНЧЕСИМÆ КУСГÆЙÆ»

-Тохы рæстæджы раундты ‘хсæн дæ къуымæй хъуыстысты хæслæвæрдтæ: «Мурик, дæ тыхтæ æртымбыл кæн». «Афтæ дæ фæнды, цæмæй дæ сисон?» æмæ афтæ дарддæр. Æвæццæгæн, дунейы чемпионæн ахæм хæслæвæрдтæ дæттын раст нæу. Тренерон штабмæ дæм уый тыххæй претензитæ нæй?

– Претензитæ мæм нæй. Тренер дæр адæймаг у. Уый дæр эмоциты бын бахауы. Чизоны, тренер фæрæдыдис, фæлæ æз дæр рæдыдтытæ æруагътон. Æмæ ма йæ ноджы дæр зæгъдзынæн, ацы тох мын бирæ цæмæдæрты бакодта мæ цæстытæ. Ныфс мæ ис, æмæ дарддæр ахæм тохтæ кæй нал ауаддзынæн.

– Бирæтæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй Абель Санчес хорз тренировкæ кæны физикон æгъдауæй. Тактикон æгъдауæй та куыд у?

– Элементарон æгъдауæй гæнæн ис, цалынмæ Америкæйы Санчесмæ нæ бахаудтæн, уыцы рæстæджы тохтæм бакæсын. Чи цы фæнды ма дзура, уæддæр æз хатын прогресс. Тактикæ æмæ физикон цæттæдзинады сарæзтон стыр къахдзæф. Æз æй нымайын  дунейы иууыл хуыздæр тренерыл.

– Уæ тохы фæстæ дæ хъус дардтай Усикы карьерæмæ? Уый фæуæлахиз Тони Белльюйыл.

– Кæй зæгъын æй хъæуы, дарын. Сæ тох рауад цымыдисон æмæ ирд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, иууылдæр баззадысты райгондæй.

– Белльюйы архайды исты федтай ахæмæй, кæцыйæ дæхæдæг дæр спайда кæнис? Уый уæддæр тохы фыццаг æмбис рамбылдта. 

– О, уый рамбылдта фыццаг раундты. Фæлæ стилмæ гæсгæ мах æмхуызон не стæм. Мæн дисы баппæрста, йæ карьерæ кæй фæцис, уый. Раст зæгъгæйæ, уый хорз цæттæ уыдис. Нокаутыл куынæ дзурæм, уæд уый стыр зиан нæ райста. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ма уымæн йæ бон уыд цалдæр ирд тохы ауадзын. Фæстаг ныхас нырма нæ загъта.

 

«ФÆНДЫ МÆ УÆЗЗАУ УÆЗЫ МÆХИ БАФÆЛВАРЫН»

 – Умар Кремлевы тынг фæнды, куыд гæнæн ис, афтæ уын тагъддæр Усикимæ реванш саразын. Ды та куыд хъуыды кæныс? Фаг дын кæны, тохæй цы информаци райстай, уый? Ныридæгæн æй зоныс,  техникæ кæнæ трениров-кæйы дæ цы хъæуы фæивын? Æви нырма рæстæг хъæуы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæуы нырма æндæр тохтæ ауадзын. Мæнæн мæ бон нæу уайтагъд ахæм тохмæ рахизын. Травмæйы фæстæ хъæуы хи сæндидзын кæнын æмæ цалдæр æхсæйнаг тохы ауадзын. Æмæ цæттæ куы уон, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уайтагъд райсдзæн реванш ауадзыны фæндон. Рингы гæнæн ис æмæ алцыдæр уа æндæргъуызон. Фæлæ мæ уæддæр ныфс ис, ахæм фадат мын кæй фæуыдзæн, уымæй. Æмæ алцыдæр сараздзынæн уæлахизы тыххæй.

– Усик хизы уæззау уæзмæ. Ды дæр гæнæн ис фидæны уай уым?

– О, фæнды мæ цалдæр тохы 96-97 кг уæзы ауадзын. Фæнды мæ бакæсын, ацы уæзы мæхи куыд æнкъардзынæн, уымæ. Мæхи куыд фæнды, кæд афтæ рауайа, уæд мæ тыхтæ бафæлвардзынæн уæззау уæзы. Сындæггай рæздзынæн, мæ уæзмæ бафтаудзынæн.

– Ныртæккæ дын ис цахæмдæр бæрæгдзинад кæнæ ныхмæлæуджытæ, кæцытимæ дæ фæнды иннæ аз тох ауадзын?

– Ницы пайда у хуымæтæджы ныхмæлæуджытимæ тох уадзын. Æз цæттæ дæн дæс хуыздæр боксерæй алкæцыимæ дæр фембæлынмæ. Райсдзынæн цахæмфæнды тох дæр.

– Дæуæн дæ бон у суперсерийы дыккаг сезоны искæцы боксеры баивын?

– Ахæм фадат мын уыд, операци цалынмæ нæ сарæзтон, уæдмæ. Ныртæккæ йæ нæ зонын. Алкæмæндæр ис йæхихуызон организм. Бакæсæм, мæ уæхск куыд дзæбæх кæндзæн, уымæ. Кæд алцыдæр хорз уа, уæд æхсызгонæй баивдзынæн кæцыфæнды боксеры дæр ацы турниры.

– Æз уынын дæумæ æдзухон хъусдард æмæ демæ йæ ныв сисын кæй фæнды, уыдоны рад. Зæгъ ма, куыд дыл фембæлдысты Дзæуджыхъæуы, Усикæн куы фембылды дæ, уæд? Ды уым раздæрау хъайтар дæ?

– Зын мын уыд уырдæм здæхын, уымæн æмæ сахуыр дæн уæлахизтимæ здæхын. Стыр бузныг ме ‘мзæххонтæн, уыдон мыл сæхи нæ атигъ кодтой. Цалдæр мин адæймаджы мыл сæмбæлдысты. Мæ фарсмæ балæууыдысты. Уый тыххæй сын зæгъын стыр бузныг.

– Уыцы хъуыддаг дæ разæнгард кæны?

– Тынг. Æмæ мæ фæнды, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр Уæрæсейы мæ табугæнджыты зæрдæтæ барухс кæнын мæ уæлахизтæй.

Газет «Советский спорт»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.