Гаглойты Алан Хуссар Ирыстоны рæзты, Уæрæсеимæ æмæ æндæр бæстæтимæ æмгуыст кæныны тыххæй

26 августы Хуссар Ирыстон банысан кодта паддзахады ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымады бон.

2008 азы августы Гуырдзыстон фынæй Цхинвалы ныхмæ гарзджын агресси кæй сарæзта, уый тыххæй йæ Уæрæсе тыхæй æркодта сабырдзинадмæ, уый фæстæ та банымадта  республикæйы хæдбардзинад.

Уыцы рæстæджы дæргъы бæстæ цы фæндагыл рацыд, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстонимæ йæ ахастытæ куыд аразы, афтæ ма æвзонг паддзахады плæнтты тыххæй ТАСС-æн интервьюйы радзырдта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан.

–  Алан Эдуарды фырт, 2008 азы августы Гуырдзыстоны гарзджын агрессийæ æмæ йæ фæстæ республикæйы хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уымæй  рацыд 16 азы. Уыцы рæстæ-джы дæргъы куыд фæивта Хуссар Ирыстон, йæ къухы цы бафтыд?

– Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы къухдариуæгады историон уынаффæйы фæстиуæгæн, сæйраджыдæр, къухы цы бафтыд, уый у республикæйы цæрджыты сабырдзинад æмæ æдасдзинад сифтонг кæнын. Хуссар Ирыстон  аирвæзт скуынæджы тасдзинадæй æмæ йын фадат фæцис сабырадон рæзмæцыдæн. Сабыр цæрджыты æрвылбонон марыны цаутæ, теракттæ, æхстытæ, пырхæнтæ, блокадæ – æппæт уыцы тасдзинæдтæ баззадысты ивгъуыды. Гуырдзыстоны агрессимæ Уæрæсейы ныфсхаст æмæ кæронмæ адекватон реакци фехæлдта Кавказмæ НАТО-йы æрцыды тыххæй Ныгуылæны плæнттæ. Гуырдзыстон райста æрвонггæнæн урок, кæцы йæ баурæдта Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианы фæстæ «дыккаг фронт» бакæнынæй.

Уæрæсе æрмæст хæст нæ æрурæдта æмæ агрессоры тыхæй сабырдзинадмæ не ‘ркодта,  фæлæ баххуыс кодта Хуссар Ирыстонæн  фæсхæст æндидзынады хъуыддаджы. Уæрæсейы масштабон æххуысы фæрцы нæ республикæйы цæрæнуатон фонд æмæ инфраструктурæ сæндидзыдтой, сырæзтысты нырыккон объекттæ, уыцы нымæцы социалон фадыджы, экономикон рæзты тыххæй арæзт æрцыдысты стартон уавæртæ. Масштабтæ, æндидзæн куыстыты гуырахст – ахæмтæ Хуссар Ирыстон цалдæр дæсгай азты дæргъы дæр никуы федта. Гуыдзыстоны хæстонтæ цы ныппырх кодтой, уыдоны бынаты сырæзтысты инфраструктурæйы дæсгай объекттæ – университеты ног бæстыхай, медицинон кластеры бæстыхæйтты комплекс, театр, национ музей, скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæттæ.  Республикæйы фæзындысты хæрзарæзт фæндæгтæ, хидтæ æмæ донуадзæнтæ.  2008 азы онг Цхинвалы хуыз ныры хуызæй тынг хицæн кæны. Æппæт уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы рæдау æххуысы руаджы сты.

Абоны бон республикæ хизы æндидзынады этапæй планбæрцон экономикон рæзтмæ. Нæ сæйраг хæс – республикæйы бюджет цы фæфылдæр кæна æмæ республикæйы ног кусæн бынæттæ чи сараза, рæзтæн ахæм уавæртæ саразын. Уырны мæ, уæрæсейаг  хæлæртты æххуысæй уыцы хæс сæххæст кæнын нæ къухы бафтдзæн.

– Ныртæккæ Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæ куыд рæзынц æмæ вазыгджын æхсæнадæмон уавæрты Хуссар Ирыстон цæмæй баххуыс кæн-дзæн йе стратегион партнерæн?

– Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастытæ рæзынц, 2015 азы марты къухтæ кæуыл æрвыстæуыд, Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй уыцы бадзырды бындурыл. Уыцы документы бындурыл  нæ бæстæтæ баиу кодтой хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады тыгъдад. Æнгом бастдзинæдтæ сырæзт барадхъахъхъæнæг органты хаххыл, ахуырад, зонад æмæ культурæйы фадгуыты, афтæ ма æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы дæр. Нæ таможнæйон структурæты ‘хсæн уагъд цæуы интеграцион мадзæлттæ. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствоты ‘хсæн бæрзонд æмвæзадыл æххæст цæуы координацион архайд, кæцытæ æхсæнадæмон боны фæткы æппæт актуалон фарстаты фæдыл хæст сты иу позицийыл.

Фактон æгъдауæй махæн нæ бон у, ныфсджынæй дзурæм уый тыххæй, зæгъгæ, интеграцийы ахæм æмвæзадмæ схызтыстæм æмæ стæм Уæрæсеимæ иу тыгъдады, куыд Уырыссаг дунейы æнæаскъуыйгæ хай, афтæ.

Хуссар Ирыстоны сараздзысты Ахмат Кадыровы номыл аивæдты скъола

Партнерондзинадмæ нæ хайбавæрдыл, не стратегион партнерæн æххуысыл куы дзурæм, уæд Хуссар Ирыстон цыфæнды уавæрты дæр йæ фарсмæ ис æмæ кæддæриддæр цæттæ у, йæ бон цы у, уымæй йын баххуыс кæнынмæ. Иууыл ирддæр цæвиттон у, 2014 азæй фæстæмæ Донбассы республикæтæн не ‘ххуыс. Уый у гуманитарон æххуыс дæр, Новороссийы сабыр цæрджыты хъахъхъæныны хайад исын дæр. Хуссар Ирыстоны хæстонтæй цалдæр мины сæ уæрæсейаг æмбæлттимæ  фæрсæй-фæрсмæ хæцынц  Донбассы, Запорожьейы, Курщинайы, Белгородчинайы цæрджыты хъахъхъæнгæйæ. Ирон хæстонтæ цытимæ æххæст кæнынц сæ æмцæдисон хæс, иумиаг Уæлахиз æввахс кæнгæйæ. Тас кæй нæ зонынц, сæ хъæбатырдзинады, бæрзонд хæстон миниуджыты æмæ хæстон æмхæларадмæ сæ хайбавæрды тыххæй информаци хæццæ кæны Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ.

– Куыд рæзынц ахастытæ æввахс æмæ дард фæсарæйнаг бæстæтимæ? Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымайа, уыцы бæстæты нымæц фæуæрæхдæр кæнынæн ис перспективæтæ?

– Хуссар Ирыстон хæларадон ахастытæ рæзын кæны, нæ бæстæйы хæдбардзинад нын чи банымадта, уыцы бæстæтимæ. Къух æрфыссынмæ цæттæ цæуынц къорд профилон сразыдзинады. Хæрзæрæджы Манагуамæ балцы ацыд Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. Дарддæры æмгуысткæнынады перспективæты фæдыл уымæн бадзырдтæ уыд Никарагуайы къухдариуæгадимæ.

Объективон зындзинæдтæ æмæ нæ бæстæйы знæгты агрессивон ныхмæархайдмæ нæ кæсгæйæ, мах агурæм нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны куыст адарддæр кæныны  тыххæй фадæттæ æмæ фæндæгтæ. Хæларадон паддзахадтæ сты дунейы æндæр бæстæтимæ ахастыты рæзтмæ Хуссар Ирыстоны тырнындзинады фарс. Æфсымæрон Абхаз æмæ Приднестровьеимæ мах бæтты нæ иумиаг хъысмæт, иумиаг æргъадтæ æмæ приоритеттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах рæзын кæнæм нæ æмархайд æмæ æмгуысткæнынад.

Дунеон аренæйы тыхты равæрд хынцгæйæ, мах тырнæм, дун-дунейы гегемонтыл сæхи чи нымайы, уыдон æндæвдадмæ нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстонау йæ национ интерестæ бахъахъхъæнынмæ цæттæ чи у, уыдонимæ иумиаг интерестæ ссарынмæ.

Уыдоны ‘хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, сты, БРИКС-ы сконды чи ис æмæ тагъдрæзæг интеграцион баиугæндимæ баиу уæвынмæ чи тырны, уыцы бæстæтæ. Уæрæсейы æххуысæй нæ республикæйы минæвæрттæ хайад райстой БРИКС-ы бæстæты спортивон хъæзтыты. Уыдон фенын кодтой хорз фæстиуæг.

Фæнд кæнæм культурæйы фадыджы æмæ æндæр здæхтыты контакттæ саразын. Не ‘ддагон политикæйы иууыл актуалондæр здæхтыты ‘хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ис Республикæ Беларусимæ æмгуысткæнынад райрæзын кæнын. Абоны бон куыст цæуы æхсæнпарламентон хаххыл бастдзинæдты рæзтыл, ахуырад, зонад æмæ спорты фадгуыты æмгуысткæнынады фадæттыл. Ныфс нæ ис, тагъд рæстæджы æмахастыты бæрзонддæр æмвæзадмæ рахизынæй.

Ныфс нæ ис Уæрæсейы æмæ йæ цæдисонты уæлахиз кæй æркæндзæн дипломатон политикæйы изоляцийы фехæлдмæ, кæцыйы Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг  партнертæ фæнд кæнынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ уадзын дæсгай азты дæргъы. Нæ республикæты раз уый байгом кæндзæн æхсæнадæмон æмгуысткæнынады географийы рæзты ног горизонттæ.

– 16 азы размæ Гуырдзыстон æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ, уый размæ та-иу дæргъвæтин рæстæджы дæргъы конфликт перманентонæй сцырын ис. Абон куыд арæзт цæуынц уæ сыхæгтимæ ахастытæ, ис разæууæлтæ, уавæртæ се ‘рнывыл кæнынæн?

– Абоны бон Гуырдзыстонимæ контакттæ æххæст цæуынц Женевæйаг дискуссситы æмæ, афтæхуыйнæг, инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны  фæдыл механизмты форматы. Хуссар Ирыстоны делегаци  йæ уæрæсейаг æмæ абхазаг коллегæтимæ иумæ кусынц Женевæйаг дискусситы сæйраг хæстæ аскъуыддзаг кæныныл. Йæ мидис ис уый мидæг æмæ хъуамæ ифтонг æрцæуой æдасдзинады  фидар гарантитæ, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй  фæлхатт мауал æрцæуа ног агресси. Хъыгагæн, Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг партнерты позицийы тыххæй абоны онг дæр ист нæма æрцыд  Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документ. Тбилис 15 азы дæргъы барæй къуылымпы кæны юридикон æгъдауæй хæсджын кæныны бадзырдтæ бакусыны куыст. Гуырдзиаг фарс къуыхцы кæны гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг паддзахадон арæны делмитаци æмæ демаркацийы проблемæйы фæдыл уынаффæ кæныны фарст. Æмæ тбилисаг «майданы» та периодикон æгъдауæй æвзонг адæй-мæгтæ истериконæй аразынц сидтытæ Цхинвал æмæ Сухуммæ бацæуыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы уавæртæ нæ ахъаз кæнынц нæ бæстæты ‘хсæн æууæнкдзинад æмæ диалог сæндидзын кæнынæн, Фæскавказы регионы стабилондзинад сфидар кæныны интересты проблемæтæ прагматиконæй скъуыддзаг кæнынмæ нæ тырнындзинадмæ нæ кæсгæйæ.

– Дæ цæстæнгасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ныртæккæйы политикон процесстæ, тыхты равæрд, гæнæн ис, æмæ бандавой Хуссар Ирыстоныл?

– Ныфс нæ ис, Гуырдзыстоны политиктæ  æмæ æхсæнад дæр, раджы уа, æви фæстæдæр, кæй бамбардзысты Хуссар Ирыстонмæ ахасты реваншистон плæнтты æнæ-перспективондзинад. Уыимæ, хæстон агресси кæнæ, аф-тæхуыйнæг, фæлмæн тыхæй спайда кæныны планы тых-хæй дзырд куы цæуа, уымæ нæ кæсгæйæ дæр. Гуырдзыстон цас раздæр бамбара сæвзæргæ реалондзинад, уыйбæрц хуыздæр уыдзæн йæхицæн. Хуссар Ирыстоны лæмбынæг сæ хъус дарынц, абон Гуырдзыстоны цы процесстæ цæуынц, уыдонмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах фиппайæм æргом сигналтæ радон «хуызджын революци» сорганизаци кæныны фæдыл Ныгуылæны бæстæты бафæлвæрдтыты тыххæй, хицауадмæ сæ марионеткæты æрбакæныны нысанæн. Фæлæ, уæддæр Гуырдзыстоны политикон тыхты равæрд  æмæ мидполитикон тох у сæ бæстæйы мидæггагон хъуыддаг. Гуырдзиаг æхсæнады зонды кæнæ та хибахъахъхъæныны инстинкт куынæ фæтыхджындæр уа, уæд та Гуырдзыстоны, гæнæн ис, ногæй фестын кæной регионалон дестабилизацийы инструмент, бæстæйæн йæхицæн кæуинаг фæстиуджытимæ.

Хуссар Кавказы ныгуылæйнаг бæстæты активондзинадæн мах аргъ кæнæм, куыд серьезон тæссагдзинад, афтæ. Гуырдзыстоны рахъомыл ног фæлтæр, кæцы нæ хъуыды кæны 2008 азы урокы тыххæй, уыимæ уым цæрджытимæ цахæм тыхджын пропагандистон куыст цæуы, уый хынцгæйæ. Ахæм адæймæгты сагитаци кæнын зын нæу, цæмæй сыл скæной камуфляж æмæ сæ рарвитой радон хæстмæ. Бæстæйы тыххæй йæхимæ бæрндзинад чи исы, уыцы адæймæгтæ хъуамæ цæрджытæн ирдæй бамбарын кæной, тбилисаг «майданы»  адæймæгтæ хицауад куы бацахсой, уæд Гуырдзыстонæн цы мæгуырау фæстиуджытæ уыдзæнис, уый тыххæй. Ныгуылæны уæвынад Кавказы адæмтæн хорзæй ницы æрхæссы. Уый алыхатт дæр вæййы националистон тыхтæн фарсхæцынады, дестабилизаци æмæ æцæгæлон æргъадтæ тыхæй хъарыны нысан. Кавказы регионы бæстæтæн бар ис, цæмæй сæхæдæг скъуыддзаг кæной, куыд цæрой æмæ цæуыл æууæндой, уый.

– Республикæйы æрæджы уагъд æрцыдысты парламентон æвзæрстытæ. Куыд фæивта бæстæйы политикон уавæр æмæ ног депутатон корпусимæ куыд аразут уæ æмахастытæ?

– Иууыл сæйрагдæр у, парламентон æвзæрстытæ стабилон уавæры æмæ диалогы атмосферæйы кæй ацыдысты, уый. Æвзæрстыты фæстиуджытæм гæсгæ, Парламенты лидеры бынат райстой республикæйы архайæг къухдариуæгады курсы фарс чи хæцы, уыцы политикон тыхтæ. Куыд уый размæ, афтæ ныр дæр диалогмæ цæттæ дæн закъондæттджытимæ фарстаты æппæт спектры фæдыл. Мæнæн нæй ницахæм ныхдуртæ Парламентимæ æмархайд саразыны планы. Быцæудзинæдтæ æмæ алыгъуызон ахастытæм æнæкæсгæйæ, мах хъуамæ размæ цæуæм иумæйаг хæстæ сæххæст кæныны тыххæй, кæцытæ агайынц Хуссар Ирыстоны алы цæрæджы фæрныгад дæр. Уый у нæ  конституцион хæс.

Ныфс мæ ис, депутатон корпусы ног сконд кæй равдисдзæн бæрнон æмæ активон ахаст, Хуссар Ирыстоны рæзтæн ахъаз кæнгæйæ. Парламентæн ис егъау потенциал æхсæнпарламентон бастдзинæдтæ саразыны планы, кæцы æнæмæнгхъæуæг у среализаци кæнын нæ бæстæйы позицитæ сфидар кæныны тыххæй.

– Фæстаг рæстæджы республикæйы хицауад бирæ дзуры инвестортæ ардæм æрбакæныны тыххæй, хъусынчындæуыд ацы планы бæрæг размæцыды тыххæй, сæрмагондæй дуркуыстгæнæн, консерваразæн заводты арæзтады, базальтон фæскъауы кондады фæдыл куыстуæтты проекттæ среализаци кæныны тыххæй. Æввахс рæстæджы ма республикæйы  цахæм масштабон проекттæ  план цæуы  среализаци кæнын?

– Фæстаг дыууæ азы инвестицион проекттæ среализаци кæныны фæдыл бакæнгæ куыст æркодта бæрæг фæстиуджытæм. Хуссар Ирыстоны скусдзысты æртæ ног кондады. Уыдон сты базальтон фæскъауы кондады фæдыл завод, æрдзон дургуыстгæнæн куыстуат, æмæ консерваразæн завод. Афтæмæй мах райсдзыстæм 400 ног кусгæ бынаты æмæ ахъаззаг уæлæмхас æфтиæгтæ бюджетмæ. Уæлдæр ранымадгонд куыстуæттæ ориентаци кæндзысты мидæггагон æмæ уæрæсейаг базарыл.

Уымæй дарддæр ма, Хицауады æмархайды фæрцы уæрæхдæр кæнынц архайæг инвестицион проекттæ. Се ‘хсæн сты уæрæсейаг агрофирмæ «Южный сад»-ы хуссарирыстойнаг филиал, «Винодельная Ирон-сан» æмæ «Высо-когорная кельская пивоварня»-йы куыстуæттæ. Уыдон уадзынц гъæдджын конкурентхъом продукци æмæ æнтыстджынæй хæццæ кæнынц, кæм сæ ауæй кæной, ахæм базæрттæм. Уæлдæр ранымад куыстуæттæй дарддæр ма, республикæйы реализаци цæуынц къаддæр масштабы ноджы цалдæр проекты.

Ахæм инвестицион активондзинад æвдисæн у уымæн, æмæ Хуссар Ирыстоны инвестортæн арæзт кæй æрцыд хæрзвадат уавæртæ. Республикæ ма активон хайад исы Уæрæсейы уагъдцæуæг æхсæнадæмон инвестицион равдыстыты. Уыимæ, Хуссар Ирыстоны рауадзгæ продукцимæ æнæаивгæйæ цымыдис кæнынц æндæр регионты минæвæрттæ. Фадгуыты æнæхъæн къорды фæдыл уæвæг потенциалимæ исгæ архайдтытæ ратдзысты бæрæг эффект республикæйы иумæйаг экономикон рæзты планы.

– Хуссар Ирыстонæн ис тынг стыр туристон потенциал. Цахæм куыст цæуы ацы фадыджы рæзты тыххæй, æввахс рæстæджы цахæм проекттæ план цæуы среализаци кæнын? Ис дзы фæсарæйнаг инвестортæ, уыцы нымæцы – Уæрæсейы Федерацийæ, кæцыты план кæнынц Хуссар Ирыстоны туристон индустримæ æрбакæнын, æмæ иумæйагæй сисгæйæ та, фæсарæйнаг инвестортæн фадат ис ацы фадыджы сæ финанстæ нывæрынæн?

– Туризм, æцæгæйдæр, у Хуссар Ирыстоны экономикæйы иууыл перспективондæр здæхтытæй иу. Фæлæ йæ рæзт къуылымпы кæны размæцыд туристон инфраструктурæ нæм кæй нæй, уый аххосæй. Уæддæр куыст цæуы ацы здæхты. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты базæйыл байгом æрцыдысты курсытæ гидтæ-экскурси-амонджытæ бацæттæ кæныны фæдыл. Бакуыст æрцыд национ туристон портал. Экономикæйы министрады хаххыл Уæрæсейаг туроператортимæ уынаффæ цæуы иумæйаг проекттæ среализаци кæныны фарстатыл. Мах цæттæ стæм, Хуссар Ирыстоны туризмы рæзтмæ йæ финанстæ чи бахæсса, уыцы инвестортæн баххуыс кæнынмæ. Уый махæн уыдзæн бæлвырд потенциал.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.