Дзюдойæ Парижы Олимпион чемпион Коцойты Зелим (100 кг) фидæны гæнæн ис фæива йæ уæзы категори. Уый тыххæй спортсмен радзырдта «15-æм регионæн». «Фæстаг турнирты мæ уæз иу чысыл схызт. Дыууæ азы бæрц хъахъхъæнын диетæ. Гæнæн ис, рахизон уæззаудæр уæзмæ. Бакæсæм, алцыдæр куыд уыдзæн, уымæ», – загъта уый.

Зелим ма йæ ныхасмæ баф­тыдта, зæгъгæ, Францы столицæйы уæлахизхæссæг ерысты йæ фарсмæ дунейы чемпион Тасойты Инал кæй уыд, уый йын йæ тыхыл æфтыдта тых. «Мæ фарсмæ кæй уыд, уый мын уыд стыр ныфс. Мах чысылæй фæстæмæ иумæ тренировкæ кодтам, хæлар стæм. Хъыг мын уыд Олимпион хъæзтытæм æй кæй нæ бауагътой, уыцы хъуыддаг. Тынг мæ фæндыд Иналы æмæ иннæ лæппуты бæсты майдан рамбулын. Æндæр вариант мын нæ уыд. Инал тынг фæцин кодта ме нтыстыл», – загъта Коцойты Зелим.

5-æм августы аэропорты Олимпион чемпионыл æртæ уæли­выхимæ фембæлдысты Ирыстоны дæсгай цæрджытæ. Уыдоны ‘хсæн уыдысты Сидней æмæ Афинты Хъæзтыты призер Тменаты Тамерлан æмæ Токиойы Олимпиадæйы бронзæйон призер Таймæзты Мадинæ. Аэропорты территорийы артисттæ национ уæлæдарæсы сæххæст кодтой ирон кæфтытæ. «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Уататы Зелим ын  ракодта зæрдæбын арфæтæ.

Олимпион чемпион ма куыд радзырдта, афтæмæй ерысты боны байхъусы æрмæстдæр ирон зарджытæм. «Рацыд цалдæр боны, фæлæ йæ кæронмæ нæма бамбæрстон, æппæт уыцы рæстæджы цæмæ цыдтæн, уый мæ къух кæй бафтыд. Азербайджаны дæр ыл сæмбæлдысты тынг хъармæй. Æввахсдæр плæнтты мын ис дунейы чемпионаты хайад райсын. Уырдæм ацæудзæн æрмæстдæр уæлахизмæ», – загъта уый.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Коцойы фырт Олимпадæйы кæй æвдыста Азербайджаны. Уый дзюдойæ 100 кг уæзы категорийы хæцгæйæ, Олимпион турниры финалы фæуæлахиз Гуырдзыстоны минæвар Илья Суламанидзейыл.

Цæгатирыстойнаг дзюдоистыл цæуы 25 азы. Уый ма у дунейы æмæ Европæйы чемпион, афтæ ма Æппæтдунеон Сæрдыгон универсиадæйы уæлахиздзау дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.