Хуыбиаты Эльбрус  уыд Хуссар Ирыстоны, афтæ ма Цæгат Кавказы хæстон архайдтыты хайадисæг. Службæ кодта Цæцæны республикæйы дæр. Уыд батальон «Алани»-йы фыццаг бархионты нымæцы. Фæстæдæр та фæлтæрдджын хæстон уыд Донецкы Адæмон Республикæйы штурмгæнæн батальон «Сомали»-йы снайпер. Эльбрус хъæбатырæй фæмард 2022 азы 30-æм ноябры  Донбассы фронты нацисттимæ удуæлдай тохы бацæугæйæ.

Райгуырд 1986 азы 4-æм июны Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Джызæлы хъæуы. Хъомыл кодта фыдæй сидзæрæй. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ лæппуйыл 6 азы куы сæххæст, уæд 1992 азы 2-æм ноябры йæ фыд Хуыбиаты Альберт Шалвайы фырт фæмард Цæгат Ирыстон мæхъæлон тыхæйисджытæй хъахъхъæнгæйæ. Альберт ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Кады Аллеяйы. Ир-Восходы хъæуы йын йæ номыл схуыдтой уынг.

2001 азы Хуыбиаты Эльбрус каст фæцис Джызæлы 1-æм астæуккаг скъола. Йе ‘мкарæнтæй хицæн кодта йæ зæрдæхæлардзинадæй, цардæфсæст характерæй. Йæ чысылæй фæстæмæ тынг уарзта цæрæгойты, уæлдайдæр та куыйты æмæ аскъуыддзаг кодта, куы сыстыр уа, уæд æнæмæнгæйдæр кæй  суыдзæн кинолог.  Æмæ йæ фæнд сæххæст кодта.

Æмгъуыдон службæйы фæстæ æрвыст æрцыд Цæцæны Республикæмæ цæрæн пункт Ханкаламæ, контртеррористон операци уадзыны зонæмæ, контрактмæ гæсгæ дарддæр службæ рацæуыны тыххæй. Сбæрæг æй кодтой кинологты къордмæ. Бирæ хæттыты йæ хорз службæйы тыххæй райста премитæ дæр. Контртеррористон операциты активон хайадисты тыххæй хорзæхджын цыд алыгъуызон хорзæхтæй.

2008 азы августы тугуарæн хæсты хайад иста Хуссар Ирыстоны цæрджыты бахъахъхъæныны æмæ Гуырдзыстон сабырадмæ æркæныны фæдыл хæстон  архайдтыты.

Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд Эльбрус уайтагъд аскъуыддзаг кодта уырдæм ацæуын. 2022 азы марты мæйы бархионты къордимæ ацыд Ростовмæ, цæмæй йæ уырдыгæй арвыстаиккой фронтмæ. Эльбрус нæ тарст хæст æмæ ныхмæлæууæгæй. Хъæбатырæй фронты раззаг хæххыты тох кæнгæйæ, йе ‘мполкъонтимæ сæ къухты æфтыд иу уæлахиз иннæйы фæдыл. Уыд арæхстджын æмæ цæрдæг хæстон. Цыфæнды хæцæнгæрзты хуызтæй дæр архайын кæй зыдта, уыцы хъуыддаг ын фадат радта æхсæз мæйы дæргъы дæсгай украинæйаг нацистты скуынæг кæнынæн.

Æгæрыстæмæй, иу карз тохы йæ къах нæмыджы схъисæй куы фæцæф æмæ йын операци куы сарæзтой, уый фæстæ дæр  уайтагъд фæстæмæ ацыд фронты раззаг хаххмæ йæ хæстон æмбæлттæм. Æрдæг азы фæстæ цалдæр бонмæ æрцыд йæ хæдзармæ æмæ йæ кæд йæ мад, йæ хо æмæ йæ хиуæттæ фæстæмæ нал уагътой, уæддæр сæм нæ байхъуыста æмæ дыууæ къуырийы фæстæ ацыд фронтмæ. «Æз, хъуамæ уон мæ хæстон æмбæлтты цур! Мама, æз цæрæнбонтæм лæггад кæндзынæн Райгуырæн бæстæйæн æмæ никуыдæм ацæудзынæн», – дзырдта Эльбрус. Фæлæ… йыл хъысмæт сайдæй разылд æмæ æнустæм ацыд йе ‘нусон бæстæм.

Йæ фæстаг тох

Сæрмагонд æфсæддон операцимæ фæстæмæ æрбаздæхгæйæ, ацыд Донецкмæ æмæ контракт сарæзта штурмгæнæн батальон «Сомали»-имæ. Йæ фыды амондæй хайджын фæцис Эльбрус дæр. 2022 азы 30-æм ноябры, Донецкы Адæмон Республикæйы Ясиноватаяйы районы позициты карз тохты рæстæджы Хуыбиаты Эльбрус (Феликс) хъæбатырæй фæмард, йæ фæстаг тох райсгæйæ… Æмæ йыл 36-аздзыдæй цæрæнбонтæм баталынг йæ бон. Цы сты 36 азы цардмондаг æмæ амондагур хъæбулæн.

Ацы аз 4-æм июны йыл сæххæст уыдаид 38 азы. Куыд дзурынц, афтæмæй уыд тынг къухджын лæппу, рæхст нывкæнынмæ, арæзтадон куыстытæм. Хорз физикон формæйы кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой «Маугли» дæр.

Эльбрус уыд æрмæст хъæбатыр хæстон нæ, фæлæ ма хæларзæрдæ, æууæнкджын æмæ æнувыд адæймаг. Уый  алыхатт дæр цæттæ уыд йæ хæлæртты æмæ фронты йæ хæстон æмбæлтты тыххæй йæ цард нывондæн æрхæссынмæ. Чи йæ зыдта, уыдон ын бахъуыды кæндзысты царды йæ хорз миниуджыты æмæ йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй. Уый ма уыд йæ мадæн уарзæгой хъæбул æмæ йæ хойæн та – уарзæгой æфсымæр. Йæ къах куы фæцæф, уæддæр йæ хойы цалдæр фæдзæхсты бакодта, зæгъгæ, нæ мадæн мацы зæгъ, науæд, зæгъ, йæ зæрдæ æхсайдзæн…

Эльбрус тынг уарзта йæ Ирыстоны, фæлæ йын дзы 36 азы йедтæмæ рацæрын нæ бантыст. Йæ мад Людмилæ æмæ йæ хо Дзерайы мастæн дзыхы ныхæстæй зæгъæн дæр нæй. Йæ хо йын дзырдта, зæгъгæ, мауал ацу фæстæмæ хæстмæ,  фаг, дам, у нæ фыд Кады Аллеяйы кæй æнцойад кæны, уый. Æфсымæр ын баныфсæвæрдта, зæгъгæ, мæныл æвзæрæй ницы æрцæудзæн, фæлæ йын хъысмæт æндæр фæндаг равзæрста…

Фыд æмæ фырты трагикон хъысмæт

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хуыбиаты Эльбрус фæмард 2022 азы 30-æм ноябры 36 аздзыдæй æмæ йæ фыд Альберт та –  1992 азы 2-æм ноябры 32 аздзыдæй. Ома, Альберт куы фæмард, уымæй растдæр 30 азы фæстæ та фæмард йæ фырт Эльбрус. Фæззæджы фæстаг мæй ноябрь сын ссис сау мæлæты мæй. Хуыбиаты Альберт æнцойад кæны Æнусон Арты цур Дзæуджыхъæуы Кады Аллеяйы æмæ Эльбрус та – Дзæуджыхъæуы Скæсæн уæлмæрды Кады Аллеяйы. Сæ цыртыты нывты сты æмцахъхъæнтæ. Æцæг, фырт фыдæй 4 азы фылдæр фæцард. Фыд æмæ фырт æнустæм баззадысты æвзæнгтæй, сæ иу 32 аздзыдæй æмæ иннæ та – 36 аздзыдæй…

Рухсаг ут!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.