23-æм декабры киноконцертон зал «Чермен»-мæ æрбамбырд  бирæ адæм. Уым уагъд æрцыд фыццаг телеуынынадон  преми «Æрфæны фæд». Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады Сæр-ар Пухаты Эрик, Парламенты Сæдар Тадтаты Алан æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Ныр цалдæр азы фæдфæдыл  ногазон æхсæвы «ИР»-ы телеканалыл æвдыст цыд музыкалон хиирхæфсæн программæ «Фарны изæр». Фæлæ ацы аз аскъуыддзаг кодтой проект фæивын æмæ  сценæмæ Ирыстоны хуыздæр зарæггæнджыты æмæ музыкантты æрбамбырд кæнын. Мадзал сорганизаци кодта ПТРК «ИР» Президент Бибылты Анатолийы æххуысы фæрцы. Премийы лауреаттæ систы, Ирыстоны дыууæ хайы дæр национ культурæмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, уыцы зарæггæнджытæ æмæ музыканттæ. Мадзал уагътой РХИ-йы сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбинæ æмæ паддзахадон драмон театры артист, ПТРК «фИР»ы автор-амонæг Мамиты Григори, ПТРК «ИР»-ы ног хабæртты амонæг Хуриты Батрадз æмæ ПТРК «ИР»-ы редактор Коцты Зæринæ. Уыдон сæ арæхстдзинадæй хъæлдзæг кодтой аивадуарзджыты зæрдæтæ æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Залы уыд хъарм, хъæлдзæг атмосферæ.

«Нæртон зæххыл æцæгæйдæр дис саджы бæрæгбон. Зарæджы тых æгæрон у. Гæнæн ис æмæ адæймаджы раздаха цардмæ, йе та йæ мæт æмæ сагъæсты хай дæр фæкæна. Зарæг у зæрдæтæ иугæнæг, адæмты иудзинады хид æмæ удцырынгæнæг», – дзырдтой мадзаламонджытæ.

Фыццаг музыкалон преми «Æрфæны фæд»-ы лауреаттæ систы Харебаты Вадим, Æлборты Владимир, Æлборты Инал, Хаситы Сослан, Харебаты Тимур, Æлборты Малхаз, Бекъойты Вано, Бестауты Дианæ, Гатыгкоты Нинæ, Къæбысты Сæрмæт, Икъаты Ибрагим, Саппиаты Зæлинæ, Цæгат Ирыстонæй Бедойты Тамаз, Хадыхъаты Аллæ, Хуытыгаты Маринæ. Уыдон иууылдæр сæххæст кодтой сæ зындгонддæр зарджытæ. Музыкалон уацмыс ма сæххæст кодта оркестр «Айзæлд» дæр. Премийæ хорзæхджын æрцыд оркестры аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нинæ. Афтæ ма премийы лауреаттæ систы Æлборты Шоренæ, Гæбæраты Альзирæ æмæ Джыгкайты Æхсар. Лауреатты схорзæхджы кæныны тых-хæй-иу сценæмæ хуынд æрцыдысты æндæр æмæ æндæр къабæзты архайæг зындгонд  адæймæгтæ. Зæгъæм, зарæггæнæг Харебаты Вадимы схорзæхджын кодта тæхæг Остъаты Инал. Мадзалы ма цалдæр кафты сæххæст кодтой ансамблтæ «Скифтæ», «Кафт» æмæ «Ирон».

«Абон преми «Æрфæны фæд»-æй бирæтæ æрцыдысты хорзæхджын. Уыдон сты, æдзухдæр сæ адæмы фарсмæ чи уыд, сæ цины дæр æмæ сæ хъыджы дæр се ‘нцой чи лæууыд, ахæм гоймæгтæ».

Преми лæвæрд цыд ахæм номинацитæй, куыд, зæгъæм,  «Ирыстоны музыкалон аивадмæ бирæ азты дæргъы стыр хайбавæрд бахæссыны тыххæй», «Ирыстоны музыкалон культурæ пропагандæ кæнын æмæ дарддæры рæзты тыххæй», «Ирон музыкæйы патриотизмы тыххæй».

Нæ республикæйы цæрджытæн сæ бон суыдзæн музыкалон мадзалмæ Ног азы æхсæвы, 31 декабры «ИР»-ы телеканалыл  бакæсын. Уырны нæ, сæ зæрдæмæ кæй фæцæудзæн æмæ дзы æхцондзинад кæй райсдзысты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.