Ацы азы райдианæй нæ республикæйы раздæры Фидауæнгæнæг тыхты  чи службæ кодта  1992 азæй 2009 азмæ, уыдонæн райдыдтой фидын æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ. Президент   Бибылты Анатоли ацы фарст бирæ хæттыты æвæрдта Уæрæсейы уæлдæр къухдариуæгады раз, цæмæй æвæрццагæй скъуыддзаг æрцыдаид.

2018 азы  Уæрæсейы Федерацимæ Президент Бибылты Анатоли йæ официалон   кусæгон  балцы рæстæджы дæр ныхас кодта ацы фарсты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президет Владимир Путинимæ. Фембæлды рæстæджы Владимир Путин бахæс кодта нæ республикæйы уæлдæр къухдариуæгадæн, цæмæй æхсæнведомствойон форматы ацы фарсты фæдыл  куыст æрцæуа. Дыууæ паддзахадты ‘хсæн  ацы ахсджиаг фарстыл егъау куысты фæстæ фарст скъуыддзаг æрцыд æвæрццагæй. Уымæ гæсгæ Владимир Путин ацы барамындыл къух бафыста æмæ йæ тыхы бацыд. Ныр æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ ацы азы райдианæй лæвæрд цæуынц фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты раздæры службæгæнджытæн.

Нæ республикæйы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Джуссойты Алан  нын куыд загъта, афтæмæй ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ исдзысты æрмæстдæр фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны службæгæнджытæй иу азæй  фылдæр чи службæ кодта, уыдон. Уый нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ дих цæуынц категоритæм гæсгæ: фыццаг категоримæ хауынц фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты иу азæй дæс азы онг чи службæ кодта, уыцы службæгæнджытæ, уыдон исдзысты 3062 сомы, дыккаг категоримæ та хауынц, дæс азæй фылдæр чи службæ кодта, уыдон. Уыцы æфсæддонтæ та исдзысты 4593 сомы.

  Ацы категоритæм цы æмбæстæгтæ хауынц, уыдон æппæт информаци базоныны тыххæй бацæуын хъæуы  сæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады бæстыхаймæ, фыццæгæм уæладзыджы, пенсион фонды хайадмæ, цыран райсдзысты дзуаппытæ сæ фарстаты фæдыл.

«Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ  фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæй ирон батальоны рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæн фыццаджы æнæмæнгхъæуæг у уæрæсейаг æмбæстагдзинад, цæмæй ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ исой. Æнæрайсгæ сæ ничи фæуыдзæн, фæлæ уæрæсейаг æмбæстагдзинады  документ кæмæн нæ уа, уый æмбæлдзæн зындзинæдтыл. Ивгъуыд аз раздæры фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты  службæгæнджыты номхыгъд ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ райсыны тыххæй æрвыст æрцыд Уæрæсейы Федерацимæ. Уым лæмбынæг  куыст æрцыд æппæт  документтыл. Ам бынаты дæр нæхимæ егъау  куыст цæуы уыцы фарсты фæдыл, æппæт документацийыл. Абоны онг уал куыст æмæ бæрæг æрцыд 300 бæрц  службæгæнæджы документтæ. Уыдон номхыгъдтæм гæсгæ ацы азы райдианæй исын райдыдтой се  ‘рвылмæйон æхцайы фæрæзтæ.

Номхыгъдтæ куыд цæттæ цæ-уынц ам, бынаты, афтæ дарддæр æрвыст цæуынц Уæрæсемæ æмæ стæй æппæт процедурæты фæстæ ног номхыгъдмæ гæсгæ æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ дæр нысан æрцæуынц», – банысан кодта Джуссойты Алан.  

Уый нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ махмæ 1992 азæй 2009 азмæ раздæры фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты службæгæнджыты нымæц у 3000 бæрц. Уыдон сæ службæ хастой фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты иу азæй фылдæр. Кæд се ‘хcæн ис ахæмтæ, кæцытæ сæ документтæ не ‘ркодтой æмбæлон уагмæ, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, уыдонæн бар ис, цæмæй исой ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ ацы аз январы мæйæ фæстæмæ.

«Сæ документтæ кæд бацæттæ кæной æмæ сæ бадæттой, уымæ нæ кæсгæйæ, ацы ‘хцайы фæрæзтæ уыдон райдзысты, хъæуы æрмæст банхъæлмæ кæсын æмæ документтæ рæстæгыл бацæттæ кæнын.  Ацы  хъуыддаджы фæдыл фарст домы лæмбынæг куыст æмæ уæлдæр цы категориты кой ракодтон, уыдонмæ хауæг æмбæстæгтæй-æфсæддонтæй иу дæр нæ баззайдзæн æнæ ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæй. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ не ‘мбæстæгтæй сæ иутæ сæмбæлынц цахæмдæр проблемæтыл. Зæгъæм, ис ахæмтæ, кæцытæн нæй уæрæсейаг æмбæстагдзинад, кæцыты документтæ не сты архивы. Уыцы æмбæстæгты документтæ хаст æрцæудзысты æндæр хыгъдмæ æмæ сыл лæмбынæгæй  куыст æрцæудзæн. Иу хатт ма мæ фæнды зæгъын уый, æмæ ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ кæмæ хауынц, уыдонæй сæ алчи дæр райсдзæн. Ацы æхцайы фæрæзтæ раздæры фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ исдзысты, цалынмæ цæрой, уæдмæ æмæ сæ суммæ та индексацимæ гæсгæ фылдæр цæудзæн», – загъта Джуссойты Алан.

Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæры фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты службæгæнджытæй бирæтæ удгас нал сты, уыдоны бинонтæн фыст нæ цæудзысты ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ, уымæн æмæ уый барамынды фыст нæй.

Нæ республикæйы архайæг фонд «Миротворец»-ы сæрълæууæг, раздæры фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты  службæгæнæг  Гæбæраты Таймураз нын куыд  загъта, афтæмæй лæмбынæгæй сæ хъус дарынц, ацы æрвылмæйон æхцайы фæрæзты райсыны фæдыл цы егъау куыст конд цæуы, уымæ. Егъау куыст цæуы номхыгъдтæ аразыныл дæр. Сæ рады уыдон  алкæцы  службæгæнæгмæ  дæр,  сæрмагондæй,  телефоны бастдзинады руаджы фæдзурынц, цæмæй æмбæлон документтæ бацæттæ кæной. Уый нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы фæрæзтæ хынцыд цæуынц карта «Мир»-мæ.

«Кæд нырма нæ раздæры службæгæнджытæй бирæтæ нæ райстой ацы ‘хцайы фæрæзтæ, уæддæр  уыдонæй мачи тыхсæт, уымæн æмæ æппæт хъæуæг  документтыл æмбæлон куысты фæстæ иунæг службæгæнæг дæр нæ баззайдзæн æнæ ацы ‘хцайы фæрæзтæ райсгæйæ», – банысан кодта Гæбæраты Таймураз дæр.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.