РХИ-йы Хицауады цур ирон æвзаджы рæзты фæдыл къамисы ног сконд фидар æрцыд министрты кабинеты сæргълæууæджы барамындæй. Къамисы скондмæ бацыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, филологон зонæдты кандидат, доцент, ХИПУ-йы ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы доцент Остъаты Розæ, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, профессор, филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр æмæ æндæртæ.

Уый агъоммæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли загъта ахæм фæндон, цæмæй ирон æвзаджы рæзтыл Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары дæр куса иу къамис. Уый бахæс кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн, цæмæй ацы фарстыл бакуса цæгатирыстойнаг премьер Тускъаты Таймуразимæ æмæ бацæттæ æрцæуа иумиаг рабадт ирон æвзаджы рæзты фæдыл дыууæ республикæйы къамисты хайадистæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.