24 ноябры РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли йæхимæ райста Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты-хайадисджытæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæр Олег Говоруны. Уый Республикæмæ æрцыд кусæгон балцы. Бибылты Анатоли æгасцуай загъта уазæгæн æмæ загъта бузныджы ныхæстæ Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады номыл, сæрмагондæй та УФ-йы Администрацийы номыл, Хуссар Ирыстонæн цы æххуыс кæнынц, уый тыххæй. «Сымах бирæ хъарутæ хардз кæнут социалон фарстытæ аскъуыддзаг кæныны сæраппонд, æмæ мæн фидарæй уырны, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон блокы райрæзты фæдыл фæндтæ æмæ архайдтытæ дарддæр дæр æххæст кæй цæудзысты. Мæхи ‘рдыгæй мæн фæнды зæрдæ уын бавæрон, РХИ-йы депутатон корпус æмæ Парламенты аппараты ‘рдыгæй ист кæй цæудзысты, нæ дыууæ бæстæйы æхсæн цы бадзырдтæ райстæуыд, уыдон æнтысгæйæ сæххæст кæныны сæраппонд æнæмæнгхъæуæг нормативон-барадон акттæ. Фидарæй мæ уырны, РХИ-йы Парламент æмæ УФ-йы Паддзахадон Думæ æмæ Федералон Æмбырды æхсæн цы æмахастытæ сæвзæрд, уыдон дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты нæ бæстæты æрбангом кæныны сæраппонд», – банысан кодта Парламенты спикер.

Олег Говорун дæр йæхи ‘рдыгæй бузныг загъта Бибылты Анатолийæн æмæ загъта, райгонд кæй у Парламенты рæвдз куыстæй. «Мах æнкъарæм уæ бæрнджын ахаст Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн цы бадзырд райстæуыд, уыимæ баст æппæт фарстытæм. Уæлæмхас бадзырдтæн дæр сæ фылдæрыл къух фыст æрцыд, æмæ сæм мах æрæв-нæлдтам æххæст кæнынмæ. УФ-йы Хицауад ныртæккæ хорзыл банымадта, РХИ-йы бюджетон къабазы кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæнынимæ баст сразыдзинад. Уыцы нысанæн ацы аз хицæнгонд æрцыд 195 миллуан сомы, æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы азы фæудмæ махæн бантысдзæн бюджетмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг фидинæгтæ ахынцын, цæмæй адæмæн уа ацы аз уыцы фæрæзтæ райсыны фадат. Ахæм уавæр ис пенсион сразыдзинады охыл дæр, ома ацы хъуыддаджы дæр ис хорз размæцыд. Ноджыдæр уын стыр бузныг, æмæ мæн ныфс ис, дарддæр дæр нæ куыст афтæ ифтонг кæй уыдзæн», – банысан кодта Олег Говорун. Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыд уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмахастыты æндæр ахсджиаг фарстытыл.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.