Цæцæны республикæйы 15-17 июлы уагъд цæуы Кавказаг инвестицион форум (КИФ-2024), хайад дзы исы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци дæр Гаглойты Аланы сæргълæудæй. Делегацийы сконды сты Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Хицауады Сæрдары хæдивæг, финансты министр Тадтаты Дзамболат, Экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт, «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы сæргълæууæг Къæбысты Ацæмæз æмæ Уæрæсейы РХИ-йы базарадон минæварТаймураз Гогинов.

Кавказаг инвестицион форум æрвылазон у. Йæ организатор у «Фонд Росконгресс». Æххуыс ын кæны Уæрæсейы Федерацийы Экономикон райрæзты министрад. Æртындæс бæстæйы минæвæрттæ: Азербайджан, Венесуэла, Абхаз, Беларус, Таджикистан æмæ æндæр бæстæтæй хуынд сты форуммæ.

Кавказаг инвестицион равдыст ауадзыны фæлгæтты презентацимæ æрцæуынц æрхуынд бæстæтæ. Вæййы  дзы панелон дискусситæ ног базарадон-логистикон хызæгтæ саразын æмæ социалонэкономикон рæзтмæ фыдыбæстæйон æмæ фæсарæйнаг инвестицитæ æрбаздахыны тыххæй.

Равдысты тыххæй нын уæлæмхас информаци радта Таймураз Гогинов: «Хуссар Ирыстон дарддæр дæр тырндзæн, цæмæй хайад иса ахæм æхсæнадæмон форумты. Уый æппæтварсон ахъаз у нæ социалон-экономикон рæзтæн не ‘мбæстæгты царды æмвæзады гъæд рæзын кæнынæн. Æнæ уыдон нæ паддзахады   дунеон æхсæнад нæ банымайдзæн. Уый сæраппонд нæ тыхтæ аздахдзыстæм, æппæтадæмон тыгъдады Республикæ Хуссар Ирыстоны имиджы размæцыдæн æнæмæнгхъæуæг цыдæриддæр у, уый сразынмæ.

Махæн ахсджиаг у, цæмæй æппæт паддзахадтимæ дæр саразæм хæларадон, экономикон, базарадон æмæ партнерон ахастытæ. Фидар фæндондзинад нæм ис инвестортæ æрхонынæн, уымæ цæттæдзинад чи равдиса, уыцы партнертимæ æмархайд кæндзыстæм», – загъта РХИ-йы базарадон минæвар.

Форумы фæлгæтты Хуссар Ирыстон равдисдзæн ахæм проекттæ куыд, республикæйы туризмы фадæттæ, консервон заводы продукцийы хуызтæ. Ныртæккæ куыстуат у æрбайгомы стадийыл. Афтæ ма минералон дæттæ æмæ Хъелы доны бындурыл арæзт бæгæны заводы продукци. Равдыстмæ ма ахастой дурфадæн заводы продукци æмæ «Ирон сæн»-ы хуызтæ.

Цæгат Кавказы æрвылазон экономикон форум ныридæгæн бацахста йæхи сæрмагонд бынат Уæрæсейы æмæ фæсарæнты цы форумтæ уагъд цæуы, уыдоны æхсæн. Æрвылаз дæр фылдæрæй-фылдæр кæнынц уазджыты, проектæ æмæ презентациты нымæц. Хуссар Ирыстоны ацы форуммæ фæхуыдта Цæцæны республикæйы президент Рамзан Кадыров. Фæстаг азты нæ дыууæ республикæты ‘хсæн рæзы æфсымæрон ахастытæ æмæ уымæй мах стæм сæрыстыр. Ныр дæр та нæ республикæйы минæвæрттыл Цæцæны сæргълæууæг фембæлд уæлдай хъармзæрдæйæ. Официалон фембæлды рæстæджы ныфс бавæрдта дарддæр дæр цæттæ кæй сты политикон, социалон æмæ культурон ахастытæй дарддæр базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмгуыстады тыххæй сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссыныл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.