Экологи æмæ адæймаджы æнæниздзинад
Экологи æмæ адæймаджы æнæниздзинад

Адæймаджы куыст, улæфт, æнæниздзинады уавæр, уагахаст æмæ социалон комфорт бирæбæрцæй бæрæг цæуынц, йæ алфæмблай æрдз цахæм у, уымæй. Цæрджыты æнæниздзинад у ахæм бæрæггæнæн, кæцы иууыл бæлвырддæрæй æвдисы адæймаджы экосистемæйы уавæр, ахæмтæ куыд социалон-экономикон, политикон, культурон æмæ антропогенон уавæртæ.

Адæймаджы экологи хæлд куы цæуа, уæд уый æркæны алыгъуызон низты фæзындмæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ æппæт дугты дæр иууыл ахсджиагдæр проблемæтæй сæ иу уыдис, цæрджыты зианхæссæг фæзындтытæй бахъахъхъæнын æмæ адæймаджы царды дæргъвæтиндзинад фæфылдæр кæнын.

Сæудæджерады, хъæууон хæдзарады, арæзтадон индустрийы рæзт у, адæймаджы царды уавæртæ æмæ фæрныгад хуыздæр кæныны бындур. Нырыккон адæймаг цæры хъарм хæдзæртты, цивилизацийы алыгъуызон хæрзиуджытимæ, кæцытæ йын бирæ-бæрцæй фадат дæттынц, цæмæй йæхи ссæрибар кæна физикон куыстæй, афтæ ма йæхи сифтонг кæна цардархайды хъæуæг гигиенон æмвæзадæй. Хæлц самал æмæ æрцæттæ кæнынæн дæр бирæ рæстæг æмæ физикон тыхтæ нæ хъæуы. Абон адæймаг куы фæрынчын вæййы, кæнæ травмæ куы райсы, уæд ын фадат ис хъæуæг медицинон æххуыс райсынæн, низты профилактикæ ауадзынæн. Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы æхсæнадæмон программæтæ здæхт сты сывæллæтты мæлындзинад, инфекцион низты фæкъаддæр кæнынмæ, царды дæргъвæтиндзинад фæфылдæр кæнынмæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй комфортон уавæрты цæрын хорз у адæймаджы æнæниздзинадæн.

Æппæт дунейы бæстæтæ тырнынц сæ адæмты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ.

Уый тыххæй рæзы сæудæджерад, экономикæ иумæйагæй сисгæйæ. Уыцыиу рæстæджы фæстаг дыууæ-æртæ дæсазы æрæмбырд тынг бирæ æрмæг, кæцы бæрæг кæны, адæймагæн бирæ хæрзиуджытæ чи радта, уыцы зонадон-техникон революци æппæрццагæй кæй æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл.

Ахæм низты, куыд зæрдæдадзинты потологи, рак, нуæртты-психикон системæйы низтæ, травмæтæ, генетикон аномалитæ æмæ бирæ æндæрты фæзынды аххосаг баст у, нæ алфæмблай æрдз чъизи кæй цæуы æмæ дзы хæрзвадат уавæртæ цæрынæн кæй нал ис, уыимæ. Нырыккон адæймаджы иууыл арæхдæр низтæй бирæтæ сты царды æндыгъд ритмы, чъизи уæлдæфы, доны, хæлцадон продуктты, социалон стрессы бæрзонд æмвæзады æндæвдады фæстиуæг.

Æнæниздзинады проблемæ иртасынц ахæм зонадтæ, куыд философи, клиникон æмæ профилактикон медицинæ, социологи, демографи, медицинон статистикæ æмæ æндæртæ. Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы уставы куыд амындæуы, афтæмæй æнæниздзинад вæййы, низтæ æмæ физикон деффекттæ куынæ уа адæймагмæ æрмæст уæд нæ, фæлæ ма куы уа физикон, духовон æмæ социалон хæрзвадатдзинады уавæры. Адæм æнæниздзинады гæнæн ис адих кæнын 4 къордыл: иттæг æнæнизтæ; æнæнизыл банымайæн кæй ис ахæмтæ; низты агъоммæ уавæры чи сты æмæ рынчынтæ.

Ам зæгъын хъæуы, хицæн адæймаджы æнæниздзинад ахицæн кæнын кæй хъæуы, иумæйагæй сисгæйæ, адæмы æнæниздзинадæй, кæцы ма хуыйны популяцион æнæниздзинад дæр. Уый бæлвырд цæуы хицæн адæймæгты æнæниздзинады астæуккаг бæрæггæнæнтæй.

Ис популяцион æнæниздзинады 5 хуызы. Фыццаг хуыз у популяци куы фервæзы тыхбахæсгæ мæлæты æдзухон тасдзинадæй. Æнæниздзинады ахæм хуыз характерон у цуангæнджытæн, тæссаг цард чи кæны, ахæм адæймæгтæн.

Дыккаг хуыз – инфекцион æмæ соматикон низтæй æмгъуыдæй раздæр амæлыны стыр тасдзинад кæмæн ис, ахæм цæрджытæн.

Æртыккаг хуыз – зæрдæ-дадзинты æмæ онкологион низты, æнамонд цаутæ æмæ травмæтæ чи райсынц, ахæм æрыгон æмæ пенсион кары агъоммæйы адæймæгты æмгъуыдæй раздæр мæлындзинад.

Цыппæрæм хуыз  – фидар æмæ эффективон куыстхъомдзинад кæмæ ис, ахæм цæрджыты царды дæргъвæтиндзинад.

Фæндзæм хуыз та у, æппæт популяци æххæстгъæдджын цард куы кæна æмæ æввахс куы уа биологион арæнтæм. Уымæ æнхъæлмæ кæсæн ис иууыл размæдзыддæр бæстæты. Æхсæнадон æнæниздзинад баст у æрмæст æхсæнады экономикон рæзтимæ нæ, фæлæ ма æвдисы æрдзон фактортæй дæр.

Афтæ кæй у, уымæн æвдисæн сты ахæм низтæ, кæцы баст сты климатимæ, ландшафтимæ, биохимикон провинциты хиæттимæ.

Нæ алфæмблайæн, цивилизацийы æнтыстытæм нæ кæсгæйæ, стыр нысаниуæг ис цæрджыты æнæниздзинад биноныг кæнынæн. Уымæн æмæ адæймагæн уæддæр йæ бон нæ бацис йæ алфæмблайы æрдзæй йæхи ахицæн кæнын.

Климат æмæ боныгъæд æдзух æндавынц адæймаджы æнæниздзинадыл. Адæймаджы организмыл чи æндавынц, ахæм ахсджиагдæр климатон фактортæ сты уæлдæфы температурæ, рухсбоны дæргъвæтиндзинад æмæ уымæлад. Уыдонæй иууыл сæйрагдæр у температурæ. Климатæн комфортон зонæйыл нымад цæуы 20-25 градусы интервал. Экстремалон климатон уавæрты цæрынц дунейы цæрджытæн сæ 10 %. Экстремалон уавæрты цæрын адæймаджы организмæй домынц фылдæр домæнтæ, æвзæры дзы адоптацийы бæрæг механизмтæ, кæцытæ характерон сты уыцы климатон зонæйæн.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта Æлборты Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.