Дзауы районы скъолаты уагъд æрцыдысты цытджын линейкæтæ Зонындзинæдты боны цытæн. Районы администрацийы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ Дзауы поселочы скъолаты ахуырдзаутæн раарфæ кодтой районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг, парти «Иугонд Ирыстон»-æй депутат Джиоты Инал, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Паддзахадон исады æмæ зæххы ахастыты комитеты сæрдар Пæрæстаты Сергей.

Джиоты Инал парти «Иугонд Ирыстон»-ы къухдариуæгады номæй районы фыццагкъласонтæн балæвар кодта скъолайон хызынтæ. Магкоты Уырызмæг та Къуыдаргомы скъолаты ахуырдзаутæн радта карандастæ, ручкæтæ, тетрæдтæ, пеналтæ, афтæ ма спортивон пуртитæ дæр.

Дзауы районы скъолаты ацы ахуыры азы фыццаг къласмæ бацыд 60 сывæллоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.