2024 азы январы мæйы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ  Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæнадæмон æхсæнадон организаци «Землячество Алании»-йы сæрдар Бæззаты Еленæ сæ фембæлды рæстæджы бадзырдтой Донецкы Адæмон Республикæйы фронтон районтæй сывæллæтты реабилитацион улæфтмæ райсыны тыххæй. Майы сæм æрцыд хонæн гæххæтт. Æмæ июлы мæйы 36 сывæллоны  æмæ ма семæ хистæр кары адæймæгтæ рацыдысты Цæгат Ирыстонмæ реабилитацион улæфтмæ.

Балц сорганизаци кæнынæн сын баххуыс кодтой «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдар Уататы Зелимхан æмæ Джидзалты Хазби.

Фыццаг бонтæй фæстæмæ сывæллæттæ сæхиуыл банкъардтой узæлд æмæ лæмбынæг хъусдард. Се ‘нæниздзинад ис фæлтæрдджын дохтыртæ-реабилитологгы къухты. Сывæллæттæ исынц йод-бром æмæ сондон-донгуыры ваннæтæ. Ахæм ваннæтæ сын æнæмæнгхъæуæг сты се ‘нæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн. Уымæй дарддæр ма донбассаг уазджытæ балцыты цæуынц хæхтæм, уый сын ахъаз кæны сæ организм туаггуырæй бафсадынæн. Афтæ ма сывæллæттæн ис культурон программæ дæр, зонгæ кæнынц Ирыстоны культурæимæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Цæгат Ирыстонмæ  чи æрцыд, уыдоны ‘хсæн  кæй сты Донбассы ирон бинонты сывæллæттæ дæр. Ирон сывæллæттæн уый у сæ фыццаг балц сæ историон Райгуырæн бæстæмæ сорганизацигонд къорды сконды.

«Донецкы Адæмон Республикæйы къухдариуæгады, ныййарджыты æмæ ирон диаспорæйы минæвæрттæ бузныг зæгъынц, ацы балц сын чи сорганизаци кодта, уыдонæн, сывæллæтты афтæ хъармæй кæй райстой æмæ сын кæй хос кæнынц, уый тыххæй. Арфæ кæнæм, йæхимæ бæрндзинад чи райста æмæ Донбассы сывæллæттæн чи æххуыс кæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр», – уый тыххæй нын хъусын кæны  «Землячество Алании»-йы сæрдар Бæззаты Еленæ.

«Мах фыццаг бонтæй фæстæмæ æххуыс кæнæм уæрæсейаг регионтæн. Махмæ æрцыдысты сывæллæттæ Донецк, Луганск, Запорожье æмæ Белгороды областтæй. Гæнæн уæвгæйæ, мах дарддæр дæр исдзыстæм ацы районты сывæллæтты», – загъта Сергей Меняйло.

Сывæллæттæн сарæзтой экскурситæ, федтой Цæгат Ирыстоны фенддаг бынæттæ. Бацыдысты Нары хъæуы Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музеймæ дæр æмæ сæ базонгæ кодтой ацы гениалон адæймаджы цардвæндаг æмæ сфæлдыстадимæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ ацы аз январы мæйы Донецкы Адæмон Республикæйы фронты цур районтæй 11 сывæллоны кæй баулæфыдысты Цæгат Ирыстоны. Уыдон сæ зымæгон каникултæ арвыстой Дзæуджыхъæуы æмæ райгондæй аздæхтысты сæ хæдзæрттæм.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.